Æрæджы Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры пресс-конференци уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар Виктор Шаргаевæн. Мадзал уагъта Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Харебаты Майя. Уый куыд радзырдта, афтæмæй 28 майы сæ сырæзтыл 25 азы сæххæсты бон банысан кæндзысты Паддзахадон æдасдзинады комитет, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитет. Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы æртæ ведомствойы сырæзты тыххæй уынаффæ райстæуыд 1992 азы Сæйраг Советы сессийы,  республикæйы фыццаг министрты совет арæзт куы æрцыд, уæд. Сесси цыд дыууæ боны, дыккаг бон – 29 майы та райст æрцыд Хуссар Ирыстонæн хъысмæтскъуыддзаггæнæн документ – Хæдбардзинад расидыны тыххæй акт. Абон ацы ведомст-вотæ æххæст кæнынц, сæ разы цы хæслæвæрдтæ ис, уыдон.

Харебаты Майя куыд зæгъы, афтæмæй уыцы ведомствотæ дарддæр дæр кусдзысты нæ паддзахады хæрзæбонæн.

Йæ рады, Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар Виктор Шаргаев куыд банысан кодта, афтæмæй Паддзахадон æдасдзинады комитет йæ 25 азыл æмбæлы хорз фæстиуджытимæ. Уый у æххæстхъомыс сæрмагонд службæ, кæцыйæн аскъуыддзаг кæнын йæ бон у ныры дуджы цыфæнды хæслæвæрд дæр.

Шаргаев куыд загъта, афтæмæй Паддзахадон æдасдзинады комитеты хæслæвæрдтæй иу у, Хуссар Ирыстоны ныхмæ цы фæсарæйнаг спецслужбæтæ кусынц, уыдоны ныхмæ лæууын.

«Фæсарæйнаг спецслужбæтæ стыр цымыдисдзинад æвдисынц Хуссар Ирыстонмæ, уыцы спецслужбæтæй фыццаг сты Гуырдзыстоны спецслужбæтæ. Стыр хъыгагæн, зæгъын хъæуы уый, æмæ ам ис уæйгæнджытæ, кæцытæ кусынц Хуссар Ирыстоны ныхмæ», – банысан кодта Виктор Шаргаев.

Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, 2008 азæй фæстæмæ термин «теракт» Хуссар Ирыстоны актуалон нал у, республикæйы цы гастарбайтертæ ис, уыдонимæ серьезон куыст кæй цæуы, уый фæстиуæгæн.

«Хуссар Ирыстоны ис 600-йæ фылдæр астæуккагазиаг республикæтæй æрцæуæг гастарбайтертæ. Уыдонимæ мах кусæм, нæ уæрæсейаг партнертæ нæм цы бæрæггæнæнтæ радтынц, уымæ гæсгæ. Бирæты дзы не ‘рбауадзæм нæ республикæмæ. Ис ахæм цаутæ дæр, æмæ уыцы гастарбайтерты ‘хсæн сбæрæг кодтам ИГИЛ-ы хайадисджыты дæр, кæцыты феддæдуар кодтам æмæ сæ радтам Таджикистаны официалон органтæм», – бамбарын кодта Шаргаев.

Уый ма журналисттæн радзырдта хæцæнгæрзтæ æнæзакъонæй уæй кæныны цауты æмæ паддзахадон арæны фæтк халыны цауты тыххæй дæр.

Дарддæр ведомствойы сæргълæууæг дзуаппытæ радта журналистты фарстатæн.

Ведомствойы сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй Паддзахадон æдасдзинады комитет уголовон хъуыддæгтæ нæ бакæны, цалынмæ иу кæнæ иннæ адæймаджы фыдракæндыл фæдызæрдыг кæны, уæдмæ. Ома, абоны онг экономикон æдасдзинады хаххыл цы уголовон хъуыддæгтæ бакондæуыд, уыдон, æнæдызæрдыгæй, лæвæрд æрцæудзысты тæрхондонмæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны Хъæууон хæдзарады министрады бæрæг æрцыд финансон фæрæзтæй æнæнысанмæздæхтæй хардз кæныны конкретон факттæ, кæцыты фæстиуæгæн ныртæккæ, Паддзахадон æдасдзинады комитеты бахæсмæ гæсгæ, Контролон-нымайæн палатæ бæрæггæнæн куыстытæ уадзы Хъæууон хæдзарады министрады.

«Контролон-нымайæн палатæ ныридæгæн сбæрæг кодта цалдæр цауы, кæцытæм гæсгæ Хъæууон хæдзарады министрады къухдариуæгады ныхмæ æрхæссæн ис аххосджынгæнæн бæлвырдгæнæнтæ», – бамбарын кодта Виктор Шаргаев.

Дарддæр уый куыд радзырдта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Григори Кулиджанов æмæ йæ хæдивæг Зассеты Æхсары ныхмæ баконд æрцыд уголовон хъуыддаг «æнæмæт ахасты тыххæй» статьямæ гæсгæ.

«Æрвылаз дæр республикæйы хостæй ифтонг кæныны тыххæй рахицæн æрцæуы 120 милуан сомы. Медикаменттæ цы æргътæй æлхæд цæуынц, уыцы суммæ фылдæрæй æвдыст кæй цæуы, уый фæстиуæгæн баконд æрцыдысты уголовон хъуыддæгтæ дæр.

Уыимæ иумæ ма бæрæг æрцыд хостæ æлхæныны процедурæ халыны цаутæ дæр», – банысан кодта ведомствойы сæргълæууæг æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, раздæр Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады арæзт æрцыд къамис, кæцы бæрæг кодта цахæм хостæ хъæуы æлхæнын æмæ цы бæрцæй, фæлæ уыцы къамис иу хатт дæр не ‘рымбырд æмæ уыцы хъуыддаджы фæдыл æппындæр ницы сарæзта. Уыимæ иумæ ма хостæ æлхæныны фæдыл хъуамæ расидтæуа тендер дæр, фæлæ уый дæр никуы расидтысты.

Виктор Шаргаев радзырдта Паддзахадон унитарон куыстуат “Югосетнефтепродукт”-ы тыххæй дæр. Уый куыд бафиппайдта, афтæмæй Уæрæсейы «Роснефть»-æй Хуссар Ирыстонмæ æрвыст цыд гъæдджын æртаг, фæлæ республикæмæ та цыд ныллæг гъæдджын æртаг.

Бæрæг куыд у, афтæмæй Хуссар Ирыстонмæ æртаг-сæрдæн æрмæджытæ ласы Паддзахадон унитарон куыстуат “Югосетнефтепродукт”. Шаргаевы ныхæстæм гæсгæ, “Югосетнефтепродукт”-ы территорийыл  Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитет æрцахста ныллæггъæдджын æртагæй йедзаг æртæ цистернæйы. Уый фæстиуæгæн куыстуаты сæргълæууæг ахст æрцыд дыууæ мæйы æмгъуыдмæ.

Журналистты цымыдис кодта динон сектаты фарст дæр. Ацы фарсты фæстиуæгæн, уый куыд банысан кодта, афтæмæй деструктивон динон организацитæ стыр зиан хæссынц алкæцы æмбæстаджы удварнæн дæр, уый тыххæй уыцы сектаты уадзын нæ хъæуы Хуссар Ирыстонмæ.

«Хуссар Ирыстоны раздæры къухдариуæгад дæр æмæ ныры къухдариуæгад дæр æмбарынц уый, æмæ республикæйы Юстицийы министрады иунæг динон сектайы дæр нæ хъæуы регистраци кæнын. Мах хъуамæ парахат кæнæм нæхи чырыстон уырнынад, уавæртæ хъуамæ аразæм нæ сауджынтæн, нæ аргъуанæн», – банысан кодта Шаргаев.

Уый куыд загъта, афтæмæй, бафæлвæрдтытæ уыд Уæрæсейæ динон сектæты адептты æрцæуынæн. Банысан ма кодта, сектæты лидертæ иууылдæр зындгонд кæй сты æмæ сæ арæныл кæй нæ уадзынц, уый дæр.

Ведомствойы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны рабæрæг æрцыдысты чиновниктæ, кæцытæ уыдысты иу кæнæ иннæ сектайы минæвæрттæ.

Журналисттæ æнæхъусдард нæ ныууагътой æнæхицауадон организациты фарст дæр.

Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдары хъуыдымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны æнæхицауадон организацитæ фæсарæнтæм куы ацæуынц, уæд сæхи æхцайыл ма хъуамæ уæй кæной, фæлæ хъуамæ фехъусын кæной æмæ хъахъхъæной, цы паддзахадæй сты, уыцы паддзахады позици.

«Æнæхицауадон организацийы минæвар фæсарæнтæм куы цæуа исты мадзалы фæдыл, уæд-иу доллартыл Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон политикæйы ныхмæ дзурджытимæ ма сразы уæд, фæлæ бацæттæ кæнæд доклад æмæ хъахъхъæнæд йæ республикæйы интерестæ. Фæсарæнтæм хъуамæ цæуой, уæйгæнджытæ нæ, фæлæ – патриоттæ», – бахахх кодта Шаргаев æмæ ма бамбарын кодта, зæгъгæ, исчи æнæхицауадон организацийы хаххыл куы цæуа фæсарæнтæм, уæд æй хъуамæ фехъусын кæна Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн.

Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар Виктор Шаргаев ма журналисттæн радзырдта, Уæрæсейы Федерацийы æдасдзинады Федералон службæйы академимæ 2004 азæй фæстæмæ ахуырмæ æрвыст кæй æрцыд 95 абитуриенты, уыдонæй 42 афицеры кусынц республикæйы Паддзахадон æдасдзинады комитеты.

Уыимæ иумæ ма фехъусын кодта, зæгъгæ, сæм ацы аз бирæнымæц æвзонг адæймæгтæ бахатыдысты, Уæрæсейы Æдасдзинады Федералон службæйы специалон уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуырад райсын кæй фæнды, æмæ уый фæстæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты кусынвæнд чи кæны, ахæмтæ. Уæлдæр ахуыргæнæндоны ахуыры тыххæй ацы аз равзæрст æрцыд 42 кандидаты, кæцытæй, æмбæлон фæлварæнтæ радтыны фæстæ хуыздæр бæрæггæнæнтæ чи райса, уыдонæй ахуырмæ æрвыст æрцæудзысты 8 адæймаджы.

Шаргаев куыд радзырдта, афтæмæй ма ацы аз куыстмæ райсдзысты, Уæрæсейы уæлдæр ахуырад чи райста, ахæм аст афицеры.

Ведомствойы сæргълæууæг ма банысан кодта, зæгъгæ, æрвылаз дæр Паддзахадон æдасдзинады комитеты кусджытæ сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæнынц Уæрæсейы. Уыимæ иумæ ма сæм æрвыл аз дæр Уæрæсейæ æрцæуынц куысты æппæт фадгуыты фæдыл уынаффæгæнджытæ, уыцы нымæцы контрразвæдсгæрст, конституцион арæзтад хъахъхъæныны, экономикон æдасдзинады фæдыл.

«Организацион фарстаты фæдыл нын уæрæсейаг специалисттæ тынг æххуыс кæнынц», – банысан кодта Виктор Шаргаев.

Ведомствойы куыстмыздты тыххæй фарстæн Шаргаев сдзуапп кодта, зæгъгæ, Паддзахадон æдасдзинады комитеты службæгæнджытæ æхцайыл нæ кусынц, фæлæ – идеятыл.

Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар Виктор Шаргаев дзуаппытæ радта журналистты æндæр фарстатæн дæр.

Осиаты И.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.