Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин раарфæ кодта РХИ-йы ног сæвзæрст Президент Бибылты Анатолийæн, æвзæрстыты ныфсджынæй кæй фæуæлахиз, уый тыххæй. Арфæйы сæрмагондæй дзырдæуы:

Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Айс мæ зæрдиаг арфæтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстыты дæ ныфсджын уæлахизы тыххæй. Зæрдæрайæ мæ фæнды банысан кæнын, уæрæсейаг-хуссар-ирыстойнаг традицион хæларадон ахастытæ бæрзонд æмвæзадыл кæй сты, уый. Фидарæй мæ уырны, æмцæдисдзинад æмæ интеграцийыл амад чи у, нæ бæстæты ‘хсæн уыцы ахастытæ дарддæр дæр кæй рæздзысты. Уæрæсе дарддæр дæр алыварсонæй æххуыс кæндзæн Хуссар Ирыстонæн йæ социалон-экономикон рæзты ахсджиаг фарстытæ скъуыддзаг кæныны, афтæ ма националон æдасдзинад ифтонг кæныны хъуыддаджы.

Æппæт зæрдæйæ дын, цытджын Анатоли Ильяйы фырт, зæгъын фидар æнæниздзинад, хæрзиуджытæ æмæ æнтыстыты фæндиæгтæ бæстæйы сæргъы лæугæйæ дæ бæрнджын архайды.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.