Владимиры областы администраци æхсæнадæмон инвестицион форум «Сочи-2016»-ы фæлæгтты йæ къух æрфыссдзæн Ханты-Мансийскы автономон зылд æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн æмгуыстады тыххæй сразыдзинадыл. Уый тыххæй ТАСС-æн фехъусын кодтой Владимиры областы администрацийы æддагонэкономикон архайды æмæ инвестициты департаменты.

«Форумы фæлгæтты къухтæ фыст æрцæудзысты Хуссар Ирыстон æмæ Ханты-Мансийскимæ æмархайды тыххæй æхсæнрегионалон сразыдзинæдтыл. Уый размæ азты дæр форумы къухтæ фыст цыдысты документтыл УФ-йы æндæр регионтимæ æмгуыстады тыххæй», – бамбарын кодта департаменты директор Инна Хроменкова.

Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны минæвар иу  æмæ дыууæ хаты нæ бабæрæг кодта Владмиры областы, 2016 азы хайад райста Владимиры IV-æм экономикон форумы. Уый æддейæ ма, 2016 азы сæрды фæбæрæг Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны хæлардзинады æхсæнад саразыны тыххæй. Æхсæнад саразыны инициатор уыд владимираг амалиуæггæнæг Павел Антов. 2016 азы фæззæджы Цхинвалмæ æввахс йæ дуæрттæ байгом кæндзæн минералон дон уадзыны фæдыл владимираг завод «Родник Осетии»-йы маркæйы бын, æмæ 2017 азы уалдзæджы та скусдзæн хъулон кæсаджы (форель) фермæ, уым куысты бынæттæ фæзындзæн 200 бынæттон цæрæгæн.

Экономикон æмгуыстадæй дарддæр ма, æхсæнады архайд здæхт æрцæудзæн ирон адæм, Уæрæсейы æмæ Владимиры областы цæрджыты ‘хсæн культурон къабазы  рæзтмæ. Амалиуæггæнæг фæнд кæны Цхинвалы владимираг коллективты гастролтæ сорганизаци кæнын, бынæттон нывгæнджыты равдыстытæ æрласын, афтæ ма Мæскуы æмæ Владимиры цæрджыты нывкæнынады ирон скъолаимæ базонгæ кæнын.

Информацион агентад ТАСС у æхсæнадæмон инвестицион форум «Сочи-2016»-ы генералон информацион партнер æмæ официалон фотохост-агентад. 15-æм сочийаг форум уагъд æрцæудзæн 29 сентябрь- 2 октябры.

РХИ-йы официалон портал

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.