Куыд ма хъусын кодтам, афтӕмӕй Хетӕгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры коллектив гастролон балцы ацыдысты цалдӕр уӕрӕсейаг горӕтмӕ.  Уыцы горӕттӕй нын алкӕцыйы дӕр нӕ артистты аивадӕн стыр аргъ кӕй скодтаиккой, ууыл нӕ дызӕрдыг ничи кодта, фӕлӕ нӕм горӕт Воронежӕй не мбӕстаг, Воронежы областы цӕрӕг ирӕтты ӕхсӕнад «ФАРН»-ы разамонӕг, ирон адӕмы ӕнувыд патриот Бестауты Уырызмӕг куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй воронежаг сценӕмӕкӕсджытӕ нӕ театры артистты аивадӕн цахӕм бӕрзонд аргъ скодтой, уый хъуамӕ сӕрыстырдзинады ӕнкъарӕнтӕ ӕвзӕрын кӕна алы иронмӕ дӕр.

Нӕ паддзахадон драмон театры труппӕ 20 июны ӕрцыд горӕт Воронежмӕ. 20-21 июны воронежаг театр ТЮЗ (Æрыгон сценӕмӕкӕсджыты театр)-ы агъуысты равдыстой дыууӕ спектаклы «Антигона» ӕмӕ «Химарӕг», кӕцытыл сценӕмӕкӕсджытӕ сӕмбӕлдысты ӕнахуыр тӕлмӕнтимӕ, дыууӕ хатты дӕр залы къухбакӕнӕн нӕ уыдис, афтӕмӕй.

Ацы спектакльтӕм бакӕсынмӕ ӕрбацыдысты Воронежы областы ирӕтты ӕхсӕнад «ФАРН»-ы уӕнгтӕ дӕр. Фыццаг спектаклы фӕстӕ воронежаг ирӕттӕ сӕмбӕлдысты театры курдиатджын артисттӕ ӕмӕ аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзуццаты Тамерланимӕ. Спектакль куыддӕр фӕцис, афтӕ сценӕмӕ фӕхуыдтой ирон ӕхсӕнады сӕрдар Бестауты Уырызмӕгы. Уый ӕхсӕнады ӕппӕт уӕнгты номӕй зӕрдиаг арфӕ ракодта нӕ театры курдиатджын коллектив ӕмӕ сын сӕ аивадыл бацин кӕнынмӕ чи ӕрбацыд, уыцы театрдзаутӕн. Бузныджы ныхӕстӕ загъта театры коллективӕн, кӕй сӕм саккаг кодтой, ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ ахӕм бӕрзонд аивадӕй кӕй барухс кодтой, уый тыххӕй.

Зӕгъын хъӕуы уый дӕр, воронежаг ирӕттӕ се ‘мбӕстаг артисттыл кӕй сӕмбӕлдысты сыгъдӕг ирон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ – традицион ӕртӕ чъириимӕ ӕд кувинӕгтӕ ӕмӕ дидинджытимӕ. Дыууӕрдыгӕй дӕр райгондӕй баззадысты сӕ базонгӕйы тыххӕй, иумӕ фӕистой зӕрдылдарӕн къамтӕ.

Нӕ театры равдисгӕ спектакльтӕм бакӕсынмӕ ӕрбацыдысты Воронежы Губернаторы цур Националон палатӕйы уӕнгтӕ, афтӕ областы ӕмӕ горӕты администрациты минӕвӕрттӕ дӕр.

Бестауты Уырызмӕг ма нын куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй нӕ артистты аивадимӕ базонгӕ уӕвын ӕрмӕст ирон диаспорӕйы уӕнгты нӕ бафӕндыд, фӕлӕ Воронежы областы цы бирӕнымӕц диаспорӕтӕ ис, уыдоны минӕвӕртты дӕр, кӕцытӕ дисӕн фӕхастой нӕ курдиатджын артистты бӕрзонд ӕмвӕзад ӕмӕ профессионалон хъазт.

Театры коллектив хӕрзбон загъта уазӕгуарзаг Воронежӕн, уӕддӕр ма Бестауты Уырызмӕгмӕ алырдыгӕй ӕрвитынц арфӕйы фыстӕджытӕ, курынц дзы, цӕмӕй сын сӕ уӕлтӕмӕнады ӕнкъарӕнтӕ фӕхӕццӕ кӕна хуссарирыстойнаг театры курдиатджын коллективмӕ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.