АУАДЗДЗЫСТЫ ЦÆРДЖЫТЫ ДИСПАНСЕРИЗАЦИ

Ленингоры районы рынчындоны сæйраг дохтыр Коцты Сергей куыд зæгъы, афтæмæй сентябры мæйы уыдон хъавынц районы хъæуты диспансеризаци ауадзынмæ. Фыццаг уал сгæрст æрцæудзысты дæрддзæф хъæуты цæрджытæ, уый фæстæ райцентры адæм. «Ахæм уынаффæ райста Æнæниздзинад æмæ социалон райрæзты министрад. Нывæзт сæххæст кæнынæн нын æххуыс кæндзысты республикон бирæпрофилон медицинон центры дохтыртæ дæр. Кæд æмæ исты серезон низтæ искæцы цæрджытæм рабæрæг кæнæм, уæд сæ хоскæнынмæ арвитдзыстæм РБМЦ-мæ», – зæгъы уый.

Бирæ азты дæргъы районы рынчындоны сæйраг проблемæ уыд кадрты дефицит. Ацы фарст цадæггай скъуыддзаг цæуы. «Цалдæр мæйы размæ нæм хуынд æрцыдысты æвзонг специалисттæ – дохтыр-рентгенолог Коцты Сергей æмæ гематолог Цоциты Сослан. Ныр нæ уавæр бæрæг фæхуыздæр.  Раздæр нæ рынчындоны уавæртæ къуындæгдæр уыдысты, фæлæ уæддæр лæггад кодтам бынæттон цæрджытæн нæ авналæнтæм гæсгæ. Арвыстам-иу сæ, бæрзонддæр æмвæзадыл сын кæм баххуыс кодтаиккой, ахæм хосгæнæндæттæм», – уыдон та рынчындоны сæйраг дохтыры хæдивæг Бедойты Джемалы ныхæстæ сты.

Коцты Сергей ма нын куыд загъта, афтæмæй ацы бонты Ленингоры районы тагъд æххуысы станцы службæйы кусджытæ рацæудзысты курсытæ, реанимобилы ифтонгадимæ куыд хъæуы кусын, уый фæдыл.

Ерыстау æлдæртты хæдзар-музей

Ленингоры районы уæвæг Ерыстау æлдæртты хæдзар-музей арæзт æрцыд XVI-XVII æнусты. Дурæй амад, бæрзонд дыууæуæладзыгон бæстыхай бахъахъхъæдта йæ рагон æддаг бакаст. Фыццаг уæладзыгыл музейæн экспонатты ‘хсæн ис уазнывтæ, рагон хæдзарон мигæнæнтæ, æлыгæй конд марды чырын, куырой, къоходзитæ, алыгъуызон сырдты цæрмытæ, хъуыраутæ æмæ æндæр цымыдисон æрмæджытæ, кæцытæй пайда кодтой уыцы дуджы. Дыккаг уæладзыгыл рагзаманы æрмдзæф къаддæр зыны. Ам фылдæрбæрцæй ис рагон нывгæнджыты куыстытæ.

Музейы директор Чертхъоты Зæлинæ нæ бакодта музейы фæстæ цы мæсыг ис, уырдæм дæр. Уымæн тæссаг у æркæлынæй, бацаразинаг сты æмбонд æмæ йæм бахизæны цы мæсыг ис, уыдон дæр. Музей  йæхæдæг дæр у реставраци кæнинаг. Чертхъоты Зæлинæ зæгъы, зæгъгæ, музейы уавæры тыххæй зоны Культурæйы министрад. Историон бæстæзонæн музей ис йæ дæлбар. «Музей уæддæр йæ куыст кæны, уазджытæй цух никуы вæййæм. Сезоны дæргъы райсæм 1800-2000 уазæджы бæрц. Хатт боны мидæг вæййы аст экскурсси. Пандемийы агъоммæ нæм бæлццæттæ цыд фæсарæнтæй дæр. Ныр нæм арæх æрбацæуынц, нæ арæнтæ нын цы æфсад хъахъхъæнынц, уыдон дæр сæ бинонтимæ. Арæх нæм вæййы уазджытæ нæ столицæйæ. Ахуыры аз куы райдайа, уæд та нæм цæудзысты скъоладзаутæ дæр», – зæгъы музейы директор.

Кусы бæгæныфыцæн завод

Ленингоры районы 2022 азы апрелы мæйы æрбайгом раздæры бæгæныфыцæн завод «Æлутон»-ы бындурыл ног куыстуат. Ам æвæрд æрцыд нырыккон технологон ифтонгад. Цехтæ æмæ æфтауцдæттæ рацарæзт æрцыдысты ногæй. Ацы дон цæуы Хъелы суадонæй. Ис ын уникалон миниуджытæ æмæ дзы канд бæгæны цалдæр хуызы рауадзæн нæй, фæлæ ма лимонад, минералон æмæ нуазыны дæттæ дæр. Бæгæныфыцæн заводы цы егъау цех монтаж æрцыд, уым та ацы бонты уадзын райдыдтой бæгæныйы ног хуызтæ «Border» æмæ «Star».

Заводы базарадон минæвар Таймураз Гогинов  нæ базонгæ кодта бæгæныфыцæн цехы технологитимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ æрмæст æрхонгæ специалисттæ, кæцытæ сæ хъус да-рынц бæгæныфыцæн технологитæм, сты 30 бæрц. Заводæн, йæ бон у суткæйы дæргъы 50 тоннæ продукци уадзын. Абон кæд заводы 25 кусæджы йедтæмæ нæ кусы, уæддæр сæ хъавынц 100 адæймаджы онг фæфылдæр кæнынмæ.

Ныртæккæ цы бæгæныйы хуызтæ уадзынц, уыдон реализаци цæуынц республикæйы дуканиты. Фæлæ сæ продукцийы гуырахст куы фæфылдæр уа, уæд та йæ ласдзысты УФ-йы территоримæ дæр. Сентябры завод уадзын райдайдзæн лимонады цалдæр хуызы. Июны мæйы стыр донивылдтытæ æрцыд Ленингоры районы, уыдон тынг разиан кодтой заводмæ ссæуæн фæндагмæ. Сæрибарæй дзы нал цыд автотранспорт, æмæ уый чысыл фæфæстиат кодта куыст. Ныр цадæггай, Ленингоры администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хайады кусджыты руаджы цалцæг цæуынц фæндæгтæ æмæ мах дæр æппæт гуырахстæй бавналдзыстæм нæ продукци уадзынмæ.

 

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.