ЗНАУЫРЫ РАЙОН

Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг Гобозты Алан куыд зæгъы, афтæмæй 2011 азы Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитеты мисси Знауыры поселочы центр æмæ йæ алфæмблай цы хъæутæ ис, уыдонмæ рауагъта дон. «Бухаургомæй центрмæ дон рауагътой, йæ дæргъ 160 мм. диаметр кæмæн у, ахæм хæтæл. Уый донæй ифтонг кæны районы центр æмæ æввахс хъæутæ Недлат, Гобозты хъæу æмæ æндæр цæрæн пункттæ. Йæ рæстæджы, донæн цы æмбырдгæнæн бассейн арæзт æрцыд, уый сарæзтой згъуыдтимæ. Бассейны æвæрд не ‘рцыд донфæрсудзæнтæ. Уымæ гæсгæ дон арæх фæцæуы змæстæй. Мах бацархайдтам ацы цухдзинад рæстæгмæ аскъуыддзаг кæнын, фæлæ фидæн аз ацы фарст хъæудзæн бæстонæй аскъуыддзаг кæнын», – зæгъы Гобозты Алан.

Районы коммуналон хæдзарады æххуысæй Бухаургомы арæзт æрцыд уæлæмхас бассейн æмæ доны æлхъывдад фæфылдæр. Ныридæгæн дон фаг кæны, фæлæ специалисттæ куыд амонынц, афтæмæй та донхæры сезон проблемæ сног уыдзæн. Дон кæцæй цæуы, уым кæд æхгæд у, уæддæр районы сæргълæууæг куыд зæгъы, афтæмæй уым хъæуы хъахъхъæнæг бауромын æдасдзинады нысанæн.

 

ДЗАУЫ РАЙОН

Куыд зонæм, афтæмæй Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады совет августы мæйы бар радта, Дзауы æмæ Ленингоры районты арæнгæрон хъæутæм хæстæг чи цæры, ахæмтæн сæрмагонд пропускмæ гæсгæ Гуырдзыстонмæ ахизыны бар. Ныр алы мæйы 20-30 нымæцмæ уыдонæн сæ бон у бабæрæг кæнын сæхиуæтты. Уадзæн пункт «Переу»-ы уылты августы ахызт 400 адæймаджы бæрц. Ныр дæр та арæнмæ хæстæг хъæуты цæрджытæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц фæндаджы æрбакондмæ. «Стыр бузныг зæгъын республикæйы разамынад æмæ арæнхъахъхъæнджытæн, кæцытæ нын фенцондæр кодтой нæ цард. Махæн ныр нæ бон у нæ хæстæджыты бабæрæг кæнын æмæ дохтыртæм нæхи басгарын», – зæгъы Синагуры цæрæг.

Æндæр цæрæг куыд зæгъы, афтæмæй уыдон арæны æрбакондмæ æрмæст хæлц æмæ базайрæгтæ рахæсс-бахæсс кæныны тыххæй нæ бæллыдысты. «Арæны сæрты ахæссыны бар ис, æрмæстдæр 50 килограммы йæ уæз кæмæн уа, ахæм хызын. Нозт та 3 литры бæрц. Мах ацы арæныл бизнес аразынмæ нæ хъавæм. Раст у, дыргътæ уыдонмæ асламдæр сты, фæлæ хæлцадон продукттæ, уыдонмæ дæр нæхимæ куыд у, афтæ уæй цæуынц. Нæ цæрæн пункты цы адæм ис, уыдон Гуырдзыстонмæ цæуынц сæхиуæтты уынынмæ, хос кæнынмæ. Цхинвалмæ ацæуыны фадат алкæмæн нæй. Ардыгæй та Гуырдзыстоны арæнмæ бынтон æввахс у. Бузныг нæ хицауадæн, бæрæг нын фенцондæр кодтой нæ цард, сæйраджыдæр, хистæр кары адæмæн», – загъта нын Карзманы цæрæг Георги Кимадзе.

 

ЛЕНИНГОРЫ РАЙОН

Ленингоры районы Цъиры хъæуы доны цухдзинад рагæй æнкъардтой. Ныр ацы хъæуы цæрджыты цинæн кæрон нал ис. Ленингоры районы администрацийы хистæр Гæджиты Иларионы фæрцы уыдонмæ æххæст гуырахстæй рацыд дон æмæ ныр хъæуы алы цæрæджы хæдзары дæр ис доны  крант. «Ныр нæ царды уавæртæ кæд фæхуыздæр уаиккой. Кæдæй нырмæ хъаст кодтам, домдтам раздæры районы хистæрæй, цæмæй нæ ацы хæрзиуæгæй фæхайджын кæной. Ныфсытæ нын æвæрдта, фæлæ аразгæ ницы. Хъæуы сæрмæ уыд донгуырæн æмæ йæм нæ ног администрацийы хистæр æрбакодта хъæугæ техникæ. Мах æнхъæлдтам, хъæуы иу бынаты цæудзæн дон, фæлæ ныр алы хæдзармæ дæр сæрмагондæй дон кæй бауагътой, уый стыр циндзинад æрхаста махæй алкæмæн дæр. Хæдзæрттæм нæм дон æрбауагътой коммуналон хæдзарады кусджытæ», – зæгъы ацы хъæуы цæрæг.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.