Хæст. Æрмæст йæ койæ дæр адæймаджы зæрдæ ныккæрзы, уæнгтæ ихæнрызт бакæнынц. Истори бирæ хæстытæн уыд æвдисæн. Сæ цырынгæнджытæ та сты хæстмондаг адæм, уыдон кæрæдзийыл ардауынц рæстагон æмæ ницыгæнæг дзыллæты æмæ судзынц сæ азарæй, æндæртæ та йæм тавынц сæхи. Фæлæ зæгъын хъæуы, кæддæриддæр рæстылдзу адæмтæ кæй рамбулынц, сæ къухы кæй бафты уæлахиздзинад. Афтæ уыд, немыцаг фашизм 1941 азы нæ Райгуырæн бæстæмæ мæнгардæй куы æрбабырста, чысыл æмгъуыдмæ йæ скуынæг кæнынмæ куы æрхъавыд, уæд дæр. Фæлæ нæ бирæнацион адæмы минæвæрттæ æмзондæй растадысты фыдгулы ныхмæ æмæ йын фæкодтой сæрсæттæн цæф.

Раздæр кæд адæм мæгуыр цард кодтой, уæддæр хъæлдзæг уыдысты, сæ цæхх æмæ кæрдзын сæ армы дзыхъхъы дардтой. Хистæрты фарсмæ кæстæртæ цæрдæг лæууыдысты æмæ сын æххуыс кодтой алыгъуызон хъæууонхæдзарадон куыстыты æмæ сын уымæй рог кодтой сæ къух. Знауыры районы Бахъаты хъæу дæр куыстмæ æмхиц кæстæртæй цух никуы уыд. Йе ‘мцахъхъæн лæппутау Табуты Федыр дæр йæхи никуы атигъ кодта хæдзарон куыстытыл. Æмæ хъæууон хæдзары куыст кæддæриддæр вæййы. Федыр ахуыр дæр кодта æмæ сæрибар рæстæджы та æндæр æмæ æндæр куыстытыл лæуд уыд. Афтæмæй атахтысты азтæ, хæрзбон загъта скъолайы ахуыры рæстæгæн. Ныр йæ разы фылдæр хæстæ лæууыд æмæ сæ сæххæст кæныныл райдыдта хъуыды кæнын. Фæлæ 1941 азы ныннæрыд Стыр Фыдыбæстæйон хæст, адæм зæрдæдзурæнты фесты, хъуыд Райгуырæн бæстæ знагæй бахъахъхъæнын. Йе ‘мхъæуккаг æвзонг лæппутау фæстæ нæ фæлæууыд Табуйы фырт дæр æмæ уадид балæууыд æфсæддон къамисариаты. Райдианы æрвыст æрцыд Вазианмæ, уым сæ цалдæр мæйы бацæттæ кодтой, стæй сæ арвыстой фронтмæ. Æвзонг ирон лæппу æмбæрста, уый хуызæн сæрæн гуырдтæй кæнгæ кæй у Райгуырæн бæстæйы хъысмæт. Уадид фæцалх æфсæддон хъуыддагыл, æфсæддон хæслæвæрдтæ æххæст кæныныл æмæ йæ хæстон æмбæлттимæ знагæн лæвæрдтой аккаг ныхкъуырд. Не ‘фсæдты бакалдтой Керчмæ, ацы бынаты хæст тынг сцырын. Знаг йæ быцъынæг скъуыдта, цæмæй размæ абырстаид æмæ нын бацахстаид нæ зæххытæ. Фæлæ Сырх Æфсад архайдта знаджы ныцъцъист кæныныл æмæ се ‘хсæн бацайдагъ æнæмсæр тохтæ. Кæд уыцы карз тохты не ‘фсадæй бирæ фæцагъд, уæддæр фæстæмæ нæ алæууыдысты. Цыдысты денджызы, фæлæ иурæстæджы сæ нау дæр знаджы нæмыгæй фæцæф, тæссаг уыд фæдæлдон уæвынæй дæр. Уæддæр куыддæрты нау бахæццæ былгæронмæ æмæ æфсæддонтæй бирæ аивæрзт мæлæтæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, не ‘фсæддонтæй дæлдон дæр дзæвгар фæци, фæлæ уæддæр ацы ран уæлахиздзинад бафтыд сæ къухы.

Табуты Федыр ма хайад райста æндæр æмæ æндæр тохты дæр, уыцы нымæцы – Украинæ, Хъырым, Латвийы дæр. Хъырымы куы ссæрибар кодтой знагæй, уæд та дарддæр абырстой æмæ ныр та æндæр хæстон операцитæ æххæст кодтой. Карз тохтæй иуы Федырæн фæцæф йæ цонг æмæ йын иу мæй хос кодтой госпиталы. Иугæр куы сдзæбæх, уæд та йæ ногæй арвыстой фронтмæ, фæлæ ацы хатт йæхи æфсæддон хаймæ нал бахауд. Иу рæстæджы йæ командир уыд Гæздæнты æфсымæртæй сæ иу, фæлæ Федыры фырт уымæн нæ бахъуыды кодта йæ ном. 1945 азы Табуйы фырт йе ‘фсæддон æмбæлттимæ ахызтысты Кеннингсбергмæ (ныры Калининград), уыдонæн хæсгонд уыд, цæмæй баурæдтаиккой знаджы позицитæ æмæ æрбакодтаиккой æвзаг дæр. Кæм уыд уыцы хæс сæххæст кæнын æнцон, уыд январы хъызт бонтæй сæ иу, фæлæ уæддæр ныфсджынæй  æрæвнæлдтой æфсæддон бардзырд æххæст кæнынмæ. Бырыдысты сæ гуыбыны цъарыл, иудзæвгар куы бахæццæ сты, уæд сæ хъустыл ауад немыцæгты хъæлæба, стæй сæ техникæйы уынæр. Табуйы фырты зæрдæ нал фæлæууыд æмæ слæууыд йæ зонгуылтыл, афтæмæй биноклæй кæсы фыдгулы позицитæм. Чысыл фæстæдæр сæ фæстæ æрхауд знаджы минæ æмæ æрцыд фыдбылыз. Федыры къæбутыл сæмбæлд знаджы нæмы-джы схъис, атыдта згъæр худ, мидæгæй та бæмбæджджын худы дæр айгæрста æмæ сæмбæлд къæбутыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, афтæмæй йе ‘мбæлттæн дæр нал уыд сæ хæстон бардзырд сæххæст кæныны фадат. Уæззау цæф хæстон æмбалæн афтæ ныууадзæн нæ уыд æмæ раздæхтысты фæстæмæ æмæ се ‘мбалы фæхæццæ кодтой дохтыртæм. Уыдон æй куы федтой, уæд æм сæ ныфс нæ бахастой æмæ йæ арвыстой Мæскуымæ, ам ыл сопераци кодтой, систой нæмыджы схъис. Фæлæ дæргъвæтин рауад уæддæр хæстонæн йе схос кæныны рæстæг – суанг январы мæйæ Уæлахизы бонмæ. Уыцы аз хæстæфхæрд хæстон æрыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ, йæ риуæй цæхæртæ калдтой ордентæ æмæ майдантæ. Хæсты рæстæджы знаджы ныхмæ удуæлдайæ кæй тох кодта, знагæн аккаг ныхкъуырд кæй лæвæрдта, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд «Кады дыккаг къæпхæны» орден, «Кады æртыккаг къæпхæны» орден, «Сырх стъалы»-йы орден æмæ æндæр хæстон хорзæхтæй.

Фæсхæст Табуйы фырт аныгъуылд сабырадон царды æмæ намысджынæй æххæст кодта, йæ разы цы хæстæ уыд, уыдон. Æркодта бинонтæ, фæзынд сын кæстæртæ – æртæ чызг æмæ дыууæ фырты. Уыдоны бафтыдтой царды раст фæндагыл æмæ сты фæллойадон куыстыл лæуд. Табуты Федыр æмæ уый хуызæн хъæбатыр хæстоны нæмттæ та æнустæм баззайдзысты нæ адæмы зæрдæты, куыд сабырадыл тохгæнджытæ, афтæ.

ХУЫБИАТЫ Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.