Батальон «Алани»-йы иууыл æвзонгдæр хæстон Остъаты Рустам (Хъæбул) ногæй уыд сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы, цыран æрмæст хæстон хæстæ не ’ххæст кодта, фæлæ ма активон хайад иста ирон бархионты гуманитарон акциты. Лæппу уым уыд æртæ къуырийы дæргъы, уыцы бонтæм æрхаудысты скъолайы йæ фæззыгон каникултæ дæр. Дзæуджыхъæуы 38-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг банысан кодта, зæгъгæ, ис онлайн ахуыры. Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ Остъаты Рустам ацыд РЦИ-Аланийы администрацийы æмæ хицауады Сæргълæууæг Гобеты Ибрагимимæ (йæ фæсномыг «Киев»). Йæ хæстон хæстæ æвзонг лæппу æххæст кодта иннæтимæ æмхуызонæй. «Ныхмæлæууæг активонæй размæ бырста, нæ разы лæууыд хæс сæ размæбырст сын фæсыкк кæнын æмæ нæ къухты бафтыд нæ хæслæвæрд æнтыстджынæй сæххæст кæнын», — загъта Остъаты лæппу.

Уый размæ Остъаты Рустам цалдæр хатты уыд сæр-магонд æфсæддон операцийы зонæйы. Иууыл фылдæр дзы баззад сæрды: каникулты рæстæджы улæфыны бæсты лæппу ацыд Украинæмæ. Уым уыд йæ фыд, батальон «Алани»-йы штабы хистæр Остъаты Руслан (йæ фæсномыг «Скиф»). Уый размæ лæппу цæгатирыстойнаг æфсæддон службæгæнджытимæ гуманитарон æххуыс арвыста Запорожьейы областы цæрджытæн. Октябры кæрон та Дзæуджыхъæуы 38-æм астæуккаг скъола цæгатирыстойнаг хæстонтæн арвыста хъарм уæлæдарæс, биноклтæ, прибортæн батарейкæтæ, æмæ продукттæ. Уымæй дарддæр ма, гуманитарон æххуысимæ иумæ, скъоладзаутæ арвыстой фыстæджытæ æмæ нывтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджытæн.

***

Хорзæхджын æрцыд «За заслуги перед Отечеством»-ы ордены майданæй

Уæрæсейы Федерацийы Президенты Барамындæй Гаглойты Таймураз хорзæхджын æрцыд цихъытимæ «За заслуги перед Отечеством»-ы 2-аг къæпхæны ордены майданæй.

Гаглойты Таймураз Украинæйы уагъдцæуæг сæрмагонд æфсæддон операцийы ис фыццаг бонтæй фæстæмæ. Ирон хæстон æнахуыр хъайтардзинæдтæ кæй æвдисы, уымæ гæсгæ йын саккаг кодтой ахæм бæрзонд хорзæх.

Саккаг сын кодтой Жуковы майдантæ

Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районы Сунжæйы хъæуы цæрæг Коцты Альберт у Украинæйы уагъдцæуæг сæрмагонд æфсæдон операцийы хайадисæг. Тохты рæстæжы хъæбатырдзинæдтæ кæй равдыста, уымæ гæсгæ хорзæхджын æрцыд Жуковы майданæй. Ирон хæстон тохы рæстæжы фæцæф.

***

Цæгат Ирыстоны Сунжæйы хъæуы цæрджытæ Джиголаты Тимур æмæ Гæджиты Аслан хорзæхджын æцыдысты Жуковы майданæй. Ирон хæстонтæ фыццаг бонтæй фæстæмæ хайад исынц сæрмагонд æфсæддон операцийы. Карз тохты рæстæджы дыууæ дæр фæцæфтæ сты, фæлæ уæддæр фæстæмæ æрбаздæхтысты фронтмæ.

Хорзæхджын æрцыд Суворовы майданæй

Цæгат Ирыстоны Октябры хъæуы цæрæг Къарджиаты Александр Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы равдисгæ æхсардзинады тыххæй хорзæхджын æрцыд Суворовы майданæй. Александры æфсымæр Къарджиаты Тимур та хъæбатырæй фæмард Украинæйы 5-æм марты. Суворовы майдан фидар æрцыд 1994 азы. Хорзæх дæттынц сурзæххыл хæстон архайдтыты равдисгæ хисæрмагонд хъæбатырдзинады тыххæй.