Хуссар Ирыстон хъæздыг у йæ хъæды æвæрæнтæй. Зайы нæм алыгъуызон бæлæсты мыггæгтæ æмæ стыр у сæ ахадындзинад республикæйы адæмон хæдзарады æндæр æмæ æндæр къабæзты. Хъæды атезгъо кæнынæй адæймаг исы стыр æхцондзинад, йæ сатæг уæлдæф уæнгтæ рог кæны, хорзæрдæм æндавы адæймаджы æнæниздзинадыл, хъæздыг у суадæттæ, сокъотæ, стæй хæрынæн бæзгæ зайæгойтæй. Ахæм хъæздыг æвæрæнтæ нæм кæй ис, уый у тынг хорз æмæ сыл мах та нæхирдыгæй фарс хъуамæ аудæм, хъахъхъæнæм сæ знаггадæй, ма йæ куынæг кæнæм хивастæй, уæрæх ын кæнæм йæ фæзуат.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы фарстатæ скъуыддзаг кæныныл, фыццаджыдæр, зæрдиагæй архайы нæ республикæйы Хъæды хæдзарады управлени æмæ сын æнтысгæ дæр кæны. Куыстуаты коллективмæ цы талатæ бафты, уыдон байуары хицæн организацитæ, уагдæттæ æмæ адæймæгтыл æмæ сæ уыдон та сæхи рады ныссадзынц æмбæлон рæтты. Цæвиттон, нæ горæты сквертæ, уынгты кæрæтты ныртæккæ цы алыгъуызон талаты мыггæгтæ рæзы, уыдон дæр ацы куыстуаты тыхты руаджы сты. Талаты мыггæгтæ схъомыл кæныныл дарддæр дæр кусы управленийы разамынад æмæ Ирыхъæуы быдыры бæхы æнгузы тауинаг байтыдта 60 килограммы, æнгузы тауинаг та – 25 кг. Иугæр куы сырæзой, садзынæн куы сбæззой, уæд та сæ спайда кæндзысты æмбæлон бынæтты.

Управленийы хистæры хæдивæг Къæбулты Инал куыд загъта, уымæ гæсгæ сцæттæ кодтой æмæ реализацигонд æрцыд 1007 м3 суг, хъуыддагон хъæдæрмæг та – 801 м3. Уый фæстиуæг ын республикæйы бюджетмæ бацыд 585 580 сомы. Хъæды хæдзарады управленийы дæлбар ис КУП «Югослеспромхоз» æмæ уый дæр бакодта бæрæг куыст. Ацы куыстуат æрвылаз дæр сугæй фæкæсы иуæй-иу организацитæ æмæ куыстуæттæм æмæ уымæ гæсгæ уыдон хъармгæнæн сезоныл сæмбæлынц цæттæйæ. Ацы æнæмæнгхъæуæг куыст та райдыдта коллектив æмæ уал абоны онг суг æрцæттæ кодта 350 м3. Сæ иумæйаг аргъ у 696 мин сомы. Уымæй дарддæр ма хъуыддагон хъæдæрмæг дæр æрцæттæ  кодта дзæвгар.

Куыстуаты бирæ ис, йæ хъуыддагыл æнувыд чи у, æдзухдæр йæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ бæрндзинады цæстæй чи кæсы, ахæм раззагон адæймæгтæ. Уыдон та сты хъæдгæс Музиаты Ерванд, йæ дæлбаруæвæг кусджытæ Дриаты Тамаз, Елхъанты Славик, Хацырты Гиви – Ленингоры районæй, Дзауы районæй раппæлыны аккаг у хъæдгæс Тыбылты Алихан, Гуфтайы хъæды фæзуатæй – Тедеты Æхсар, Цхинвалы районæй та хорз кусæгыл нымад цæуы хъæдгæс Джыккайты Алик, Сатихъары хъæды фæзуатæй Куыдзеты Роберт æмæ Знауыры районæй та намысджынæй йæ хæстæ æххæст кæны хъæдгæс Тъотъоты Суликъо.

Хъæдыл зынг сирвæзт цыппар хатты, кæцытæ æрцыдысты Цхинвал, Ленингор æмæ Знауыры районты, фæлæ сæ Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытимæ иумæ ахуыссын кодтой рæстæгыл. Вæййы ма, хъæдæн фыдаудæн чи кæны, æгъатырæй йæ чи цæгъды, ахæм цаутæ дæр æмæ уыдон ныхмæ дæр управленийы кусджытæ райсынц æмбæлон мадзæлттæ.

Хъæд у нæ хъæздыгад æмæ ууыл æдзухдæр кусы хæдзарад, дарддæр йæ рауæрæхдæр æмæ фæхъомысджындæр кæныныл дæр зæрдиагæй архайдзæн куыстуарзаг коллектив.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.