1992 азы 29 май – Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинады Акт расидæн бон у ирон адæмы сæйраг паддзахадон бæрæгбон. Ирон этносы хуссар хайы историйы уыцы бон нысан æрцыд хъысмæтскъуыддзаггæнæн ахсджиаг цауæй. Хæдбардзинады бон баст у уыцы азты иууыл трагикондæр цаутимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад расидыны тыххæй Акт райсын у цауты логикон рæхысы цæгтæй иу, кæцы баст у, куыд ССР Цæдисы ныппырхимæ, афтæ гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рæзтимæ дæр, кæцы райдыдта 1989 азы 23 ноябры, Гамсахурдия «Самачабломæ сабырадон балцы» æнæхъæн Гуырдзыстоны адæмы куы ракодта, уæд. Гуырдзыстоны æрдыгæй уый уыд хæст ирæтты этнос скуынæг кæныны тыххæй, Хуссар Ирыстоны цæрджытæ æмæ хæстонты æрдыгæй та – хæдбардзинады сæрыл тох.

Гуырдзыстоны сæйраг нысан уыд Хуссар Ирыстоны цæрджыты фæтæрсын кæнын, сæ ныхмæлæуд сын ныссæттын æмæ сæ сæ Райгуырæн бæстæйæ фесхъиуæггаг кæнын.

Гуырдзиаг фашистты хъуыды бахынцгæйæ, Хуссар Ирыстоны адæм аскъуыддзаг кодтой сæ хæдбардзинад расидыны хъуыддаг фæтагъддæр кæнын. Уый хуымæтæджы уынаффæ нæ уыд. Уыдис ахæм дызæрдыггæнджытæ дæр, кæцыты нæ уырныдта нæ хæдбардзинад. Аиуварс кæнын хъуыд уыцы дызæрдыггæнджыты ныхмæлæууынад. Уымæн æмæ-иу уыдон дзырдтой, зæгъгæ, уыцы уынаффæйы фæстиуæгæн знаг фæтынгдæр кæндзæн йæ æфхæрæн акцитæ.

Уыцы адæймæгтæй дарддæр ма уыд, республикæйы хæдбардзинад расидыны æмæ паддзахаддзинад сфидар кæныны тыххæй цы инициативæтæ уыд, уыдонæн цæлхдуртæ чи арæзта, ахæм тыхтæ дæр. Уыцы тыхтæй ныфс æвæрдтой, Хуссар Ирыстоны ныхмæ цы æддагон тыхтæ уыд, уыдон дæр. Цæмæй референдум ауадзын  ма бауагътаиккой, уый тыххæй уыцы тыхтæ пайда кодтой æппæт фадæттæй дæр, уыцы нымæцы тæрсын кодтой адæмы, æгæрыстæмæй, референдумы бюллетенты дæр фæивтой референдум ауадзыны боны хæдразмæ.

Уымæ нæ кæсгæйæ, хæдбардзинады фарсхæцджытæ  «сæрхызт политиктæй» æмæ цæлхдуртæ æвæрджытæй уыдысты бирæ фылдæр æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Советы сессийы æмхъæлæсæй хъæлæс радтой РХИ-йы хæдбардзинад расидыны тыххæй Акт райсыны пайдайæн.

Раст зæгъгæйæ, уыцы рæстæджы хæдбардзинад расидыны тыххæй Акт райсын уыд тынг зын. Иуæй уый,  æмæ гуырдзиæгтæ куы базыдтой, ирæттæ сесси ауадзынвæнд кæнынц, уæд алыгъуызон хæцæнгæрзтæй интенсивонæй æхсын райдыдтой горæт, фæлæ уый нæ басаста нæ депутатты. Уыимæ иумæ ма зын уыд депутатты æрæмбырд кæнын дæр, фæлæ сæ æрæмбырд кодтой, æгæрыстæмæй дзы кæйдæрты æркодтой Дзæуджыхъæуæй дæр. Афтæмæй патриотизм фæуæлахиз.

1992 азы 29 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны тыххæй Акты  райстæй бындур æвæрд æрцыд нæ паддзахаддзинадæн. Уыцы бон бæрæг æрцыд уыцы астæумагъз, кæцыйы алыварс  фидарæй арæзт цæуы нæ паддзахаддзинад.

1992 аз Хуссар Ирыстоны традиционæй райдыдта гуырдзиаг «демократты» хæстæй. Уымæ нæ кæсгæйæ, хуссайраг ирæттæ нæ састысты, дарддæр кодтой  сæ хъуыддаг. Депутаттæ æппæт сесситыл дæр уынаффæ кодтой Гуырдзыстонимæ ахасты фарстатыл. 9 майы РХИ-йы Сæйраг Советы сессийы райст æрцыд Меморандум ирон-гуырдзиаг конфликты æмæ йæ аскъуыддзаг кæныны фæндæгты тыххæй. Меморандумы текст бацæттæ кодтой Уæрæсейæ æрхонгæ эксперттæ. Уæрæсейаг экспертты æрхуынд æнæнхъæлæджы нæ уыд, уымæн æмæ Фæскавказы Уæрæсе сæйраг ролы хъазыд, номхуындæй та – ирæтты хъысмæты.

Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæст куы расидтис, уæд скуыддзаг цыдысты ахæм ахсджиаг хæслæвæрдтæ, кæцытæ, уый фæстæ истори куыд фенын кодта, афтæмæй уыдысты раст æмæ иунæг фæрæз нæ адæмы, нæ национ культурæ бахъахъхъæнынæн. Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны агресси сбæрæг кодта, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад барадон æгъдауæй сфидар кæнын кæй хъæуы, цæмæй макуы мачи фæдызæрдыг уа ирон адæмы равзæрст фæндоны фидардзинадыл.

1992 азы 19 январы ауагъд æрцыд референдум Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй, 1992 азы 29 майы райст æрцыд Акт Республикæ расидыны тыххæй. Уыцы дыууæ документы æрмæст сæхæдæг дæр дырысæй дзурæг уыдысты ног паддзахады райгуырдыл.

Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад сфидар кæныны хъуыддаджы ахсджиаг ролы ахъазыд Цæгат Ирыстоны уæды сæргълæууæг, дзæнæттаг Галазты Æхсарбег. Уыцы рæстæджы кæд зын къахдзæф уыд, уæддæр уый æнæ дызæрдыгæй æмæ ныфсхастæй сарæзта уыцы къахдзæф –  банымадта Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад. Ацы хъуыддаг та нæ республикæйæн уыд стыр æнтыст.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Советы депутаттæ куы фæтарстаиккой æмæ сæ къух куы систаиккой хæдбардзинады фæндоныл, уæд Хуссар Ирыстоны адæмы баййæфтаид, Гуырдзыстоны мидæггаг районты цы ирæттæ цард, уыдоны хъысмæт. Статистикæ куыд уынын кæны, афтæмæй 1989 азы сфыстмæ гæсгæ, æнæ Хуссар Ирыстонæй, Гуырдзыстоны ССР цард 164 мин ироны. Уыдон уыдысты, сæхи ирон схонын чи бауæндыд, уыдон, уымæн æмæ уыцы рæстæджы Гуырдзыстоны ирæттæн сæхи ирон схонын тæссаг уыд. 2013 азы сфыстмæ гæсгæ ма Гуырдзыстоны цæры æрмæстдæр 5950 ирон адæймаджы. Фарстæуы: хъæуы ма исты бæлвырдгæнæнтæ, Гуырдзыстон ирæтты этникон æгъдауæй масштабонæй кæй ссыгъдæг кодта, уымæн?  Исты дызæрдыгдзинад æвзæрын кæны 1992 азы Хуссар Ирыстоны адæм æмæ Сæйраг Совет иунæг раст уынаффæ – хæдбардзинад кæй равзæрстой, уый, кæцы этносы фервæзын кодта скуынæгæй?

Мæнмæ гæсгæ, æппæт дæр бæрæгæй зыны. Къоб-Тырсыгомы ирон хъæутæ кæй федзæрæг сты, уый дæр æвдисæн у, знаджы гуманондзинадыл æууæндæн кæй нæй, уымæн. АИШ-ы бындурæвæрджытæй иу афтæ загъта: «Адæм æдасдзинад æмæ сæрибардзинадæй æдасдзинад куы равзарынц, уæд уал уыдон фесафынц сæ сæрибардзинад, стæй та – сæ æдасдзинад, сæрибардзинад куы равзарынц, уæд та куыдфæстагмæ сæ къухы бафты æдасдзинад дæр».

Уæдæ мах раст бакодтам, сæрибардзинад равзæрстам æмæ Стыр Уæрæсейы руаджы æдасдзинад дæр нæ къухы бафтыд.

Уыимæ иумæ абоны æнтыстытæн дæр сæ фылдæр нæ къухы бафтыд æфсымæрон Уæрæсейы æххуысы фæрцы. Уый кæддæриддæр уыд Хуссар Ирыстоны фарсмæ, æгæрыстæмæй, йæхæдæг уæззау уавæры куы уыд, уæддæр. Æнæ уæрæсейаг æххуысæй нæ республикæйæн тынг зын уыдаид, раст зæгъгæйæ та Хуссар Ирыстон зæххы цъарæй бынтондæр фесæфтаид. Абон дæр Уæрæсейы æмæ нæ республикæйы къухдариуæгады раст къахдзæфты руаджы республикæйы цæрджыты царды æмвæзад бæрзондæй бæрзонддæр кæны. Стыр Уæрæсе нæ паддзахадæн æххуыс кæны политикон æгъдауæй дæр, Хуссар Ирыстоны интерестæ дунеон аренæйы хъахъхъæнгæйæ.

Уыимæ иумæ йæ мах æмбарæм, æрмæстдæр нæхæдæг, нæ адæмы фæндвидардзинады руаджы кæй бафæрæзтам хæдбардзинадмæ уæззау фæндагыл цæуын, æрмæстдæр нæ адæмы фидар удыхъæды руаджы айгæрддзыстæм фæндаг нæ бæстæйы дидинæфтыдмæ дæр.

 

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.