Цалдæр боны фæстæ Хуссар Ирыстоны адæм нысан кæндзысты республикæйы хæдбардзинады 10 азы бæрæгбон. Ацы цауы фæдыл нæ уацхæссæг фембæлд Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр Зассеты Жаннæимæ æмæ йæм радта цалдæр фарсты.

–  Жанна Виссарионы чызг, фыццаг мæ бафæрсын фæнды, цахæм æнкъарæнтæ æмæ дæм тæлмæнтæ сæвзæрд Уæрæсе Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад куы банымадта уæд?

–  Афтæ мæм кæсы æмæ уыцы æнкъарæнтæ æмæ тæлмæнтæн нæй радзурæн. Чизоны раст нæ уыди мæ хъуыды, фæлæ адæм цин кодтой, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизыл куыд цин кодтой, афтæ.  Уыцы уысм алы ироны дæр фæндыд зарын æмæ кафын. Чидæртæ цины цæссыгтæ дæр калдта. Уæрæсейæн стыр бузныг ирон адæммæ сæ ахæм хорз ахасты тыххæй.

– Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уыцы хабар кæм фехъуыстай?

–  Уыцы бон 26 августы фыццаг сахатмæ ничи ницы зыдта, фæлæ алы ирон дæр хорз зыдта фыццаг сахатыл Уæрæсейы уæды президент Дмитри Медведев телеуынынады кæй раныхас кæндзæнис æмæ Хуссар Ирыстоны тыххæй кæй сараздзæнис ахсджиаг хъусынгæнинаг.

Театралон фæзуаты, куыд фæзæгъынц, къухбакæнæн дæр нал уыд. Чидæр бæласыл æрцауыгъта радио æмæ адæм хъуыстой уымæ. Фæстæдæр, чи сын бахæс кодта уый нæ базыдтон, фæлæ Уæрæсейы æфсæддонтæй цалдæр æрбаластой телевизор. Сæвæрдтой йæ бæрзонд бынаты æмæ алчидæр лæмбынæг каст уымæ. Куыддæр Дмитри Медведев каст фæцис йæ барамынд, афтæ ма адæмы цинæн кæрон уыдис! Чи худгæ кодта, чи та – кæугæ. Хъæбыстæгæнгæ кæрæдзийæн арфæ кодтой, зарыдысты, кафыдысты. Æз ма абон дæр уыцы уысмыл бирæ фæхъуыды кæнын, мæ цæстытыл фæуайы адæм куыд цин кодтой, кæрæдзимæ цы уарзондзинад æмæ æмуддзинад равдыстой, уый.

– Уæрæсе нын нæ хæдбардзинад баны-майдзæнис уый дæ Дмитри Медведев раныхасы размæ цасбæрцæй уырныдта?

– Уырнгæ дæр мæ кодта æмæ мæ уырнгæ дæр нæ кодта. Афтæ мæм кæсы æмæ Дмитри Медведев æндæр исты куы загътаид, уæд Театралон фæзуаты цы бирæнымæц адæм уыд уыдонæй, бирæтæ исты кодтаиккой. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ се ‘ппæт дæр кæй æнхъæлмæ кастысты æрмæстдæр, историон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм, ахсджиаг хабармæ.

– Иу рæстæджы нын нæ хæдбардзинад кæрæдзийы фæдыл банымадтой цалдæр паддзахады.  Цалдæр азы дæргъы ацы хъуыддаг æрнымæг, цалынмæ нæ Сириаг Арабаг Республикæ банымадта, уæдмæ. Куыд хъуыды кæныс, цæмæн афтæ рауад?

– Сæйраджыдæр, банысан кæндзынæн уый æмæ бирæ азты дæргъы хъизæмæрттæ æвзарыны фæстæ нын нæ хæдбардзинад чи банымадтой, уыдон нын банкъардтой нæ рыст æмæ балæууыдысты нæ фарсмæ. Нырæй фæстæмæ дæр разындзæнис ахæм паддзахæдтæ.

– Куыд дæм кæсы, æввахсдæр азты нын нæ хæдбардзинад искæцы паддзахад банымайдзæнис æмæ цавæр у дæ фæндиаг ацы фарсты тыххæй?  

– Уæлдæр куыд банысан кодтам, афтæмæй ахæм паддзахадтæ уыдзысты дзæвгар, фæлæ мæм афтæ кæсы æмæ уыдон æхсæн уыдзысты Советон Цæдисы цы республикæтæ уыд, уыдонæй цалдæр. Тынг мæ фæнды цæмæй нын нæ хæдбардзинад банымайа Казахстан. Уымæн æмæ йæ разамонæгæн стыр политикæйы ис хорз кад. Йæ гуманитарон хъуыдытæ æмæ фæндты тыххæй йын бирæ бæстæты разамонджытæ кæнынц стыр аргъ.

Цæмæндæр мæм афтæ кæсы, æмæ нын æввахс рæстæджы нæ хæдбардзинад чи банымайа, уыдон æхсæн уыдзæнис Итали. Тынг мæ фæнды, цæмæй ма нын æввахс рæстæджы нæ хæдбардзинад банымайа Франц.

– Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсе кæй банымадта, уый кæмæн разамынд кæныс, уыцы министрады куыстыл цасбæрцæй бандæвта, куыд æххæст цæуынц дыууæ паддзахад цы бадзырдтæ сарæзтой уыдон домæнтæ?

– Ацы фарсты тыххæй мæ бон æнцонæй зæгъын у уый, æмæ нын нæ куыстыл, кæй зæгъынæй хъæуы хорзæрдæм бандæвта бирæбæрцæй. Сæ пайда æмæ хорздзинæдтыл гæнæн ис æмæ адæймаг дзура сахатгæйтты. Абон Уæрæсейы Культурæйы министрадимæ стæм иу министрады хуызæн. Кæрæдзийæн æххуыс стæм материалон æмæ моралон æгъдауæй. Æрвылаз дæр нæ рауагъдонтæй дзæвгар ацæуы культурæйы фæдыл Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæ-нæндæттæм. Мах арæх хайад райсæм Уæрæсейы уагъдцæуæг егъау культурон мадзæлтты. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ кæй стæм æмбар паддзахадтæ.

– Гуырдзыстон æрмæст махмæ нæ, фæлæ хæрам цæстæй акæсы нæ хæдбардзинад нын чи банымайы, уыдонмæ дæр. Дæ хъуыдымæ гæсгæ, искуы фæивдзысты сæ ахæм ахаст?

– Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ махмæ сæ ахаст никуы фæивдзысты Дунейы бæстæтæй бирæтæн бауырнын кодтой, уыдон раст кæй сты ирон адæмимæ ныхмæлæуды. О, фæлæ нæм чи æрцæуы, уыдон фенынц æндæр æцæгдзинад.

– Дæ хъуыдымæ гæсгæ нæ хæдбардзинад нын чи банымадта уыцы паддзахадтимæ куыст æмбæлон æмвæзадыл цæуы æви нæ?

-Афтæ зæгъон æмæ æппæт куыстытæ дæр æххæст цæуынц æмбæлон æмвæзадыл, уæд уый раст нæ уыдзæнис. Уымæн æмæ цæмæй алцы дæр уа нывыл, уый тыххæй кусын хъæуы бирæ. Æмбæлы, цæмæй арæхдæр цæуæм кæрæдзимæ, хуыздæр базонæм кæрæдзийы адæмты цард, æнтыстытæ, цухдзинæдтæ, тырнындзинæдтæ. Сæйраг, хæдбардзинад кæй банымадтой, бадзырдтæ арæзт кæй æрцыдис, уыцы фактортæ сты æмæ уыдон нæ къухы бафтыдысты. Дарддæр та, хъæуы архайын, æмæ нын уæд уыдзæн æнтыст.

– Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы Федерацийы хуызæн стыр æмæ хъомысджын паддзахад кæй банымадта, уый махæн стыр бæрæгбон у æмæ газет «Хурзæрин»-ы коллективы номæй арфæ кæнын уæ министрады коллективæн.

– Стыр бузныг культурæйы фадыгмæ уæ газеты хорз ахасты тыххæй, нæ фарсмæ кæй стут, æмæ культурæйы хабæрттимæ нæ адæмы кæй зонгæ кæнут, уый тыххæй.  Сымахæн дæр арфæ кæнын нæ иумæйаг бæрæгбоны цытæн. Газеткæсджытæн та мæ бафæнддзæн, цæмæй уарзой кæрæдзи æмæ иумæ æмзондæй цæуæм нæ иумæйаг Ирыстоны рæзт æмæ размæцыды фæндагыл.

ГÆЗЗАТЫ Иван  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.