2008-æм азы Гуырдзыстоны агрессийы фæстæ, 26 августы Хуссар Ирыстоны хæдбарыл банымадта Уæрæсе, уый фæстæ та Никарагуа, Венесуэлæ, Науру æмæ Тувалу. 26 август махæн ссис историон бон.

Уæдæ фæстæмæ рацыд 9 азы. Уыцы азты дæргъы республикæйы,  сæйраджыдæр та нæ горæты,  цæуынц æндидзынгæнæн куыстытæ. Æрæджы дæр ма адæймаг цасдæр рæстæг хардз кодта, цæмæй Цхинвалæй  нæ райцентртæм  фæхæццæ уа, ныр лæгъз фæндæгтыл згъорынц машинæтæ. 9 азмæ бирæ бантыст саразын. Сæндидзыдтой, сæ хуыз скалдтой ахуыргæнæн уагдæттæ сабидæттæ, спортивон залтæ, горæты астæу сыввæллæтты парк, бирæуæладзыгон хæдзæрттæ, фæзындысты ног цæрæн микрорайонтæ, куыстуæттæ, нæ уынгтæ. Ацы стыр æххуысы тыххæй нæ цæрджытæ бузныг сты стыр Уæрæсейæ. Хæдбар республикæйыл нымад куы æрцыдыстæм, уæдæй нырмæ нæ паддзахад фæрайдзастдæр, нæ адæм ууæндын райдыдтой сæ фидæныл.

Бирæ туг ныккалд Ирыстоны зæххыл, фæлæ мах фенын кодтам, басæттæн нын кæй нæй. Сæ æрыгон удтæ нæ бæстæйы сæрвæлтау радтой нæ фæсивæдæй бирæтæ.

Ирон адæм фенын кодтой, знаджы раз кæй не ‘рзоныгуыл кæндзысты, сæ бартæ, сæ сæрибардзинады сæрыл тохы кæй нæ фæтасдзысты, гуырдзы сæм цахæм фæнды тых ма хæссой, уæддæр.

Уæззау æмæ зын фæндагыл рацыдыстæм, цалынмæ нын нæ хæдбардзинад банымадта Уæрæсейы Федераци, уæдмæ. Хæдбардзинад нæ къухы бафтыд хæцæнгарзы фæрцы… Ацы бонмæ бирæ азты фенхъæлмæ кастыстæм. Æмæ ныр фарастæм хатт стыр цинимæ æмбæлæм ацы бæрæгбоныл, кæд нын арф хъæдгом ныууагъта августы хæст нæ зæрдæты, уæддæр. Мах хъуамæ нæхицæн дæр æмæ æгас дунейæн дæр бауырнын кæнæм, нæ бон кæй у нæхи хъаруйæ цæрын. Кæй стæм, стыр аргъæй кæй райстам, уыцы хæдбардзинады аккаг. Хуссар Ирыстон хъуамæ суа фидархъахъхъæдгонд бæстæ, хъуамæ суа бæллиццаг хæдзар алы иронæн , алы сабыруарзаг адæймагæн дæр. Хъуамæ фæндвидарæй аразæм нæ фидæн.

Аланты фæдонтæ куыстыл, æхсардзинадыл хъомыл кодтой сæ фæсивæды кæддæриддæр. Æмæ уыцы миниуæг ныры рæстæджы тынгдæр зыны сæ спортивон сгуыхтдзинæдты. Бирæтæн сæ нæмттæ дунейыл айхъуыстысты спорты æндæр æмæ æндæр хуызты архайгæйæ. О, мах сæрыстыр стæм нæ адæмæй, нæ фыдæлтæй, историйы уæззау фæндæгтыл цæугæйæ се ‘взаг чи бахъахъхъæдтой,нæ ивгъуыдæй, нæ абонæй æмæ сæрыстырæй хъуамæ цæуæм нæ фидæнмæ дæр. Сæрыстыр стæм, ирон кæй хуыйнæм уымæй, нæ райгуырæн та кæй у Ирыстон! Мах бузныг стæм дæуæй, кæй фæзындыстæм дунемæ иронæй.

Немæ та уыдзысты сæ сæртæ нывондæн чи æрхастой, уыцы хъæбулты рухс нæмттæ, уыдон махæй никуы уыдзысты рохы.

26-æм август у ирон адæмы  уарзондæр бæрæгбонтæй сæ иу, уымæн æмæ у тугæй æлхæд.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.