Ивгъуыд æнусы 80-æм азты Хуссар Ирыстоны уавæр уыд æндыгъд, политикон цард дзы цæджджинагау æхсысти. Цаутæ афтæ цырд ивтой кæрæдзи, æмæ нæ адæмы раздæры цардыуагæй æппындæр йæхи хуы-зæнæй ницыуал баззад.

Æппæт дæр райдыдта 1988 азæй, Гуырдзыстоны дзыллон информацион фæрæзты алыгъуызон шовинистон уацтæ  мыхуыр кæнын куы райдыдтой Гуырдзыстоны цæрæг æндæр нациты минæвæртты ныхмæ, уæдæй. Ацы уацтæ сæрмагондæй уыдысты æнæгуырдзиаг нацийы минæвæртты æвзаджы, культурæйы, гуырынады ныхмæ. Сæ сæйраг объект систы Гуырдзыстоны цæрæг ирæттæ æмæ Хуссар Ирыстон. Сæ нысан та уыд Хуссар Ирыстоны автономи æмæ этникон ирæтты скуынæг кæнын.

Уымæй дарддæр бындур æрæвæрдæуыд Гуырдзыстоны паддзахадон суверенитет сæн-дидзын кæныны юридикон механизмтæ бакусынæн. Мыхуыры рацыд гуырдзиаг æвзаджы рæзты паддзахадон программæйы проект. Ацы проектмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны хъуыддагкæнынад хъуамæ арæзт цыдаид æрмæстдæр гуырдзиаг æвзагыл. Уымæй дæр ацы процессты мидис дзурæг уыд ууыл, цæмæй ирæттæ фесæфтаиккой сæ автономи, æгæрыстæмæй культурон автономи дæр.

Уавæр бæрæг фæкарздæр, 1989 азы ноябрæй 1990 азы июнмæ Гуырдзыстоны ССР Сæйраг Совет антиконституцион уынаффæтæ куы райста, уый фæстæ, кæцыты фæстиуæгæн ивд æрцыдысты советон дуджы акттæ, уыцы нымæцы, 1922 азы Хуссар Ирыстон автономон областы хуызы Гуырдзыстоны Советон Социалистон Республикæйы скондмæ цы декретмæ гæсгæ баконд æрцыд, уый дæр. Уымæй Тбилис барвæндонæй йæ барадон тыгъдадæй йæхæдæг ракодта Хуссар Ирыстоны.

Уымæ нæ кæсгæйæ, Хуссар Ирыстоны фæндыд уавæр сабырæй аскъуыддзаг кæнын æмæ архайдта Тбилисимæ иумиаг æвзаг ссарыныл. 1989 азы 10 ноябры Хуссар Ирыстоны автономон областы адæмон депутатты æнæрадон сесси райста уынаффæ автономон областæй автономон республикæ (Гуырдзыстоны сконды) саразыны тыххæй. Уыцы уынаффæ æрвыст æрцыд Тбилисмæ. Гуырдзыстоны къухдариуæгад политикон куырыхондзинад нæ равдыста, не сразы хуссайраг ирæтты куырдиатыл æмæ карзæй загъта «нæ».

Уый нæ, фæлæ ма 23 ноябры «сабырадон митинг» ауадзыны æфсон гуырдзиæгты бирæминон колоннæ æрбафсæрстой Хуссар Ирыстонмæ. Уыдон фæнд кодтой ахæм хуызы горæт бацахсын, фæлæ сын нæ хъæбатыр лæппуты иу чысыл къорд сæ фæндаг куы æрæхгæдтой, уæд базыдтой ирон лæджы фидар удыхъæд æмæ хъару æмæ  фæстæмæ худинаджы здæхт бæргæ акодтой, фæлæ сæ бирæтæ æрбынат кодтой Хуссар Ирыстоны алыварс гуырдзиаг хъæуты. Фæндæгты æхгæдтой, ахстой ирæтты, фыднад, фыдмард сæ кодтой. Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ райдыдта æргом агресси.

ССР Цæдисы æмæ Гуырдзыстоны ССР къухдариуæгадтæм бирæ хæттыты сидтысты хуссайраг ирæттæ ахæм куырдиатимæ, зæгъгæ, «гуырдзыйы националистты æруро-мын уæ бон кæд нæу, уæд уавæрæн æмбæлон аргъ уæддæр скæнут». Фæлæ уыцы сидтытæ ницæмæ æркодтой. Уый нæ, фæлæ уыцы фæззæджы Гуырдзыстоны хицауиуæгадмæ æрцыдысты фашисттæ сæ сæргъ Гамсахурдиа. Ацы фашистон режим Гуырдзыстоны расидт хæдбардзинад. Уый фæстиуæгæн Хуссар Ирыстоны уавæр ноджы фæкарздæр. Гарзджын провокацитæм бафтыд экономикон, транспортон, энергетикон блокадæтæ. Хуссар Ирыстоны адæмæн фыдмитæ кодтой Иосе-лиани, Къитъовани, Адамияйы гæрзифтонг абырджыты къордтæ.

Хуссар Ирыстоны адæм ма сæ сæрæн уый зыдтой æмæ развæлгъау аскъуыддзаг кодтой 1990 азы 20 сентябры сесси ауадзын. Сесси хъуамæ ауагъдæуыдаид Цхинвалы Советты хæдзары (Парламенты ныры бæстыхай) органон залы. Уыцы рæстæджы-иу депутаттæй дарддæр сессийы куысты хайад райстой æхсæнады минæвæрттæ дæр. Боны 11 сахатмæ депутаттæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ цæуын куы райдыдтой Советты хæдзармæ, уæд федтой бахизæны гуырдзиаг милиционерты. Уыдон лæууыдысты дуæртты цур æмæ адæмы мидæмæ нæ уагътой. Депутатты бирæ ахъуыды кæнын нæ бахъуыд, уыдонæй чидæр бæстыхаймæ фæстæмæ бауад, рудзынг бакодта æмæ багæпп кодта мидæмæ, бакодта иннæ рудзгуыты дæр æмæ бирæтæ бахызтысты рудзгуытыл, уый фæстæ бакондæуыд дуæртты дæр.

Боны фæткы уыд бирæ фарстатæ. Дыууæ фарстыл уынаффæйы фæстæ ахуыссыд рухс æмæ иу сахат улæфт расидтысты. Уыцы рæстæджы гуырдзиаг милиционертæ уым нал уыдысты, фæлæ гуырдзиæгтæ горæты æхсын райдыдтой. Адæмæй чидæртæ ацыдысты хæдзæрттæм æмæ чи фæтæгены лампæ, чи парафины цырагъ æрбахастой, ссыгътой сæ æмæ сесси йæ куыст адарддæр кодта.

Кæд горæты гуырдзиæгтæ æхстой стыркалиброн хæцæнгæрзтæй, уæддæр сесси йæ куыст кодта стыр дискусситимæ æмæ æддейæ цы рæмыгътытæ уыд, уыдоны хъусгæ дæр нæ кодтой залы адæм. Сесси цыд суанг райсомы 4 сахатмæ. Ацы сессийы уый фæстæ адæм рахуыдтой цырæгъты рухсмæ сесси.

Хуссар Ирыстоны адæмы фæндонмæ гæсгæ ацы сессийы расидт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстон ССР Цæдисы сконды, райст æрцыдысты националон суверенитеты тыххæй Деклараци æмæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл ССР Цæдисы Конституци кæй кусдзæн, уый тыххæй уынаффæ. Фæстагмæ куыд рабæрæг, афтæмæй ацы ахсджиаг къахдзæф уыд раст æмæ æнæмæнг-хъæуæг.

Республикæ Хуссар Ирыстон расидыны фæстæ хицауад æмæ адæм æрæв-нæлдтой йæ юридикон бындурты аразынмæ. Кæд сæм нæ уыд паддзахадон арæзтады стыр фæлтæрддзинад, уæддæр сæ алы къахдзæф дæр уыд раст æмæ фæдфæдылон.

1990-æм азы декабры мæйы уагъд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советмæ фыццаг æвзæрстытæ. Нæ республикæйы уæды къухдариуæгад æппæт дæр арæзта, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон сæрмагондæй баззадаид Советон Цæдисы сконды, куыд хицæн субъект, афтæ. Бирæ тыхтæ бахардз, цæмæй ирон адæмы ныхмæ гуырдзыйы агресси урæд æрцыдаид, цæмæй дуне бамбæрстаид, хуссайраг ирæттæ сепаратисттæ кæй не сты, кæй архайынц æрмæст сабырады фарс.

1991 азы 20 декабры Советон Цæдис бынтондæр хæлд куы æрцыдис, уæд дыккаг бон – 21 декабры Хуссар Ирыстоны Сæйраг Совет райста ахсджиаг документ – Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй Деклараци.

Республикæ Хуссар Ирыстоны  паддзахадон арæзтады стыр къахдзæф сарæзтæуыд, 1992 азы 19 январы рефендум кæй ауагъта, уымæй. Ацы референдумы нæ адæм ноджыдæр бафидар кодтой, кæй сты Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ Уæрæ-сеимæ йæ ахастытæ æввахсдæр кæныны фарс.

Нæ адæмы хъуыды æмæ референдумы фæстиуджытæ юридикон æгъдауæй бафидар кæныны нысанæн ист æрцыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт. Ома, афтæ зæгъæн ис, æмæ 1992 азы 29 майы æвæрд æрцыд нæ хæдбардзинад расидыны  хъуыддаджы фæстаг тæпп. Кæй зæгъын æй хъæуы,  хæдбардзинад ууыл нæ фæвæййы. Нæ паддзахады арæзтад алы бон дæр дарддæр цæуы. Ист æрцыд нæ Конституци, ист цæуынц закъæттæ, фидар цæуынц нæ паддзахадон органтæ.

2008 азы  августы кæд Гуырдзыстон æргом хæст расидтис Хуссар Ирыстоны ныхмæ, нæ республикæйы территорийæ сыгъдæг быдыр аразынмæ йæ ныфс бахаста, фондзбонон хæсты горæт Цхинвалы ныппырх кодта æмæ йæ зынджы хай фæкодта, уæддæр  ын нæ бантыст йæ тугмондаг фæнд сæххæст кæнын нæ хъæбатыр лæппутæ æмæ Уæрæсейы æфсады фæрцы.

Абон, чысыл цыдæртæй дарддæр 2008 азы августы хæсты хъæдгæмттæ байгас сты Стыр Уæрæсейы æххуысы фæрцы, Уæрæсейы цыппæрæм æфсæддон базæйы фæрцы нæ адæм цæрынц сабыр арвы бын, баууæндыдысты сæ сомбон, сæ фидæныл,  хуыздæр кæнынц сæ царды уавæртæ, республикæйы столицæ йæ хуыз скалдта, арæзт æрцыдысты цæрæнуатон бæстыхæйттæ,  сырæзт, дæргъвæтин рæстæджы нæ адæм кæмæ æнхъæлмæ кастысты, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры уыцы ног бæстыхай, ногæй арæзт æрцыд университеты бæстыхай дæр  æмæ абон нæ студенттæ ахуыр кæнынц райдзаст, æппæтæй ифтонг аудиториты, æн-дидзынц республикæйы районтæ, сырæзт сæм сосæ фæндæгтæ,    æндидзы республикæйы экономикæ дæр, 2008 азæй фæстæмæ нæ республикæ у Уæрæсе æмæ æндæр паддзахадты ‘рдыгæй нымад паддзахад.

Мæ уацы кæрон ма мæ зæгъын фæнды уый, æмæ 1990 азы 20 сентябры ахæм фидар бындур æвæрд куынæ æрцыдаид нæ паддзахадæн, уæд абон сæрибар, хæдбар паддзахады нæ цæриккам. Нæхæдæг та хъуамæ саразæм æппæт дæр, цæмæй макæмæ æнхъæлмæ кæ-сæм, фæлæ нæхæдæг дæр рæвдздæр архайæм æмæ нæ республикæйы экономикæ æххæстхъомысæй сæндидзын кæнæм, цæмæй нæхæдæг уæм æххуысхъом.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.