Интернационалисттæ дæр уыдыстæм æмæ стæм – абон дæр ма нæ риутæ ныххойæм фырбуцæн, гуырдзыйы сæрыл алыгъуызон хæстыты ирон фæсивæды сæдæгæйттæй чи ныццæгъдын кодта, уыцы Дауыт-Сосланы нæ историон кад æмæ намысыл нымайгæйæ. Алы æмæ алы хæстыты, уыцы нымæцы Афганистаны хæсты дæр, нациты нымæцмæ  гæсгæ, махæй фылдæр кæй никæмæй ныццагъды ис…

Æмæ афтæ дарддæр…

Уæдæ æвдай азы дæргъы нæ цыфыддæр знæгтæ-гуырдзыйæн цы интернационалон лæггад фæкодтам, уый та нын уæлдай «кады аккаг» уыд… Фынгыл-иу иу гуырдзиаг куы бадт, уæд хъуамæ ссæдз ироны уый хатырæй куывтаиккой, ныхас кодтаиккой, зарыдаиккой гуырдзиагау!.. Афтæ нæ уыд? Афтæ уыд! Æмæ нæ куыд фæбузныг сты, уый тыххæй фæрсын дæр нал хъæуы.

Æниу ма бузныджы кой дæр куыд кæнæм, кæд æмæ…

Бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ нæ Беслæны æвирхъаудзинады тыххæй иу пысылмон бæстæ, иу пысылмон лæг хатыр ракуырдта?..

Цæй, цард размæ цæуы. Уый бæрц размæ ацыд æмæ адæмы нацитæ æмæ динтыл дих кæнын кæй не мбæлы (уæлдайдæр паддзахадон газеты), уыдæттæ алчи дæр æмбары. Фæлæ куырмæфсон æмæ къуырмайыфсон скæнгæйæ дæр цæрæн кæй нал ис æмæ та нæ национ хиæмбарынадыл комдзог кæй цæуæм, уый дæр æмбарын хъæуы.

Мачи ма фæзивæг кæнæд æмæ-иу райсом раджы иу чысыл рæстæг уынджы алæууæд. Кæддæра алырдæмыты уыцы тагъд-тагъд цæугæ цал къорды фенид… Саутæ, мæллæджытæ, сæмпъæрчъитæ. Сæ бакастæй, сæ «дыгъал-дыгъулмæ» хъусгæйæ лæг ахъуыды кæндзæн: адон Аларды цыдæр æнахуыр низ тауынмæ рарвыста Ирыстонмæ. Кæдæм фæтагъд кæнынц? Сæ куыстытæм. Кусынц алыгъуызон арæзтæдты, магазинты. Уæдæ нын ног дуг ахæм æмбарынад дæр ныллæвар кодта – «частный сектор». Æмæ кусынц алкуы дæр. Нæхи адæм та хъæр-хъыллист кæнынц: æгуыстæй сæфæм, хъуына кæнæм, афтæмæй нæ фæсивæд снаркомантæ уыдзысты, æмæ афтæ дарддæр… Æниу та ам дæр ацы фарстмæ дыууæрдыгæй бацæуын хъæуы. Иу уый, æмæ куыстдæтджытæй кæмæдæрты афтæ кæсы, цыма сын адон асламдæрыл æмæ гъæдджындæрæй бакусдзысты. Иннæ та уый, æмæ нæ, раст зæгъгæйæ, æгæр фесæфта ацы æнæхайыры гуманитарон æххуыс – кусын алкæй нал фæнды, алкæй астæу нал тасы къухмæ кусæнгарз райсынмæ. Афтæ кæй у, ацы фарстмæ дыууæрдыгæй бацæуын кæй хъæуы, уымæн иу ахæм цæвиттон: ацæргæ сылгоймаг балхæдта уазалгæнæн, баххуырста машинæ æмæ йæ корпусы размæ æрбаласта. Æвæццæгæн æфсæрмы кодта сыхæгты батыхсын кæнынæй æмæ развæлгъау йæхæдæг бадзырдта æви искæмæн бахæс кодта ацы æрцæуæггæгтимæ бадзурын, хæйрæг йæ зонæг. Фæлæ йæ уæлхъус тагъд балæууыдысты. Саутæ, мæллæджытæ, сæмпъæрчъитæ. Сылгоймаг сын дзуры, мæнæ ацы уазалгæнæн фæндзæм уæладзыгмæ схæссæггаг цас уыдзæн, зæгъгæ. Цыппар, дам, стæм, æмæ, дам, алкæмæн дæр – фæйнæ мины, дыгъал-дыгъулгæнгæ йын бамбарын кодтой уыдон. Сылгоймаг джихæй баззад æмæ ма афтæ бакодта, мæгуыр, уазалгæнæн, дам, йæхæдæг уый аргъ куынæ у… Иу дзæвгар ма æнæдзургæйæ алæууыдысты куыстдæдтæгæй, куыстагурæгæй. Сылгоймаджы уый бæрц бафидын нæ фæндыд, уыдон та къаддæр аргъыл нæ разы кодтой. Уыцы рæстæджы хæдзары фаллаг фæрсты уынджы цалдæр лæппуйы фæцæйцыд æхсынæнтæ æхсынгæ (адонау саутæ, мæллæджытæ, сæмпъæрчъитæ нæ – саджы фисынтыл амады хуызæн, уæйгуытæконд лæппутæ). Сылгоймаг сæ куы ауыдта, уæд сæм ахъæр кодта:

– Мæнæ мын ацы уазалгæнæн фæндзæм уæладзыгмæ схæссут æмæ уын адоны фыдæнæн фондз мины ратдзынæн.

Лæппутæ сæ цыд фæсындæгдæр кодтой, фæлæ, зындис сыл – æфсæрмæй…

– Нæйы, алæ, æгæр тæвд у, – рахъæр æм дзы кодта сæ иу æмæ дарддæр ацыдысты.

Сылгоймагæн дæр ма цы гæнæн уыдис, радта сын цыппар мины.

Æмæ, дам, уыдон асламдæрыл кусынц. Куыднæ стæй!

Æмæ нæ стъигъынц. Исчи ма бацæуæд, нæ горæты кæмдæриддæр æхца æрвитæн бынæттæ ис, уырдæм. Æхца æрвитынмæ рады чи фæлæууы, уыдонæн сæ нæуæдз проценты вæййынц адон. Æмæ уый цы нысан кæны? Уый æмæ не ‘хца цæуы æндæр бæстæтæм. Чи нын æй æрвиты, фæстæмæ уыцы Уæрæсемæ куы цæуид, уæд ын хæлар уæд, цы бæстæтæм цæуы, уыдонæй та цы хæсджын фестæм, сæ хæрзтыл фæкалдыстæм?..

Ницæмæ сæ дарæм æмæ нæ уыдон дæр ницæмæуал дарынц. Къæбæрыл цы ирон лæг сдзура, уымæн хъуамæ йæ хæдзары къæсæрæй уазæг мауал бахиза, фæлæ… Æгæр сæ скъулыбадæг кодтам ацы хъуыддаджы дæр!.. Ахæм уынг нæй нæ горæты, кæцы уынгыл нæ цæрынц, нæ «биржа» кæнынц, кæнæ никæмæн кусынц… Гъемæ мах та æфсæрмæй мард стæм, кæм нæ хъæуы, уым та æнæхъуаджы æфсæрмæй мард: райдыдтам сæ нæ фынгтæм хонын дæр. Саутæ, мæллæджытæ, сæмпъæрчъитæ – сæ къæхты скъуыдтæй хæфсытæ фæуасы, сæ хæлæфты скъуыдтæй кæм цы разыны, кæм та – цы, афтæмæй сæ рабадын кæнæм нæ табуйаг æртæ кæрдзыны фарсмæ. Ноджы ма, афтæ сæдзæсгом сты æмæ хаттæй хатт кувæгыл ниугæ дæр скæнынц, мах, дам иронау нæ зонæм æмæ, дам, уырыссагау уæддæр гаваритт кæнут…

Æмæ, дам, ма дзур, ма рис! Куыднæ хъуамæ дзурæм æмæ риссæм ахæм риссаг цæмæйдæрты!..

Иу уый æмæ асламдæрыл нæ кусынц, иннæмæй та сæ куысты гъæд ницæмæй хуыздæр у – цы самайынц, уый ныгæлиртæ вæййы, цы байсæрдынц, уый разгъæлы. Уыдон кусын куы зониккой, уæд сæ махмæ нæ рауагътаиккой, кæцæй æрцыдысты, уырдыгæй, йæ хуыздæры æддæмæ ничи уадзы!.. Уымæй фыддæр та æгæр райдыдтой æндавын нæ финансон-экономикон мидзмæлдыл æмæ уый у хъуыдыйаг.

Фæлæ æппæт уыдæтты, æппæт уыцы хъуыдыйаг хабæртты фæуадзæм фæсвæд, æмæ скæнæм, æцæг хъуыдыйаг æмæ нын æппæтæй проблемондæр цы у, уыцы фарсты кой: æгæр арæх нæм нæ сарæх сты, ацы саутæ, мæллæджытæ, сæмпъæрчъитæ нæ чызджытæм, нæ идæдз сылгоймæгтæм мидæгмоймæ кæй цæуынц, ахæм цаутæ?..

Æуый у, гъе, хъуыдыйаг æмæ кæуинаг фарст… Закъонмæ гæсгæ сын ис Ирыстоны сæхи ныффыссыны, паспорттæ исыны бар… Уый та мах хуызæн чысылнымæц адæмы сомбонæн цас тæссаг у, уый авдæны сывæллæттæ дæр хъуамæ æмбариккой…

Фæлæ… чидæртæ та цæстытæ къахдзысты, алыгъуызон моралтæ фæрсдзысты. Ома, цард цард у, æнкъарæнтæ æнкъарæнтæ сты. Чи кæй уарзы, кæй фæдыл «лидзы», йæ хæдзармæ мидæгмоймæ кæй кæны, уый йæхи хъуыддаг у.

О, уый афтæ у – дзырд дæр ыл нæй! Алкæмæн дæр йæ цард æмæ йæ уд йæхи бар сты, хъаст никæуыл бакæндзынæ, тæрхондонмæ никæй бадæтдзынæ… Алкæмæн дæр бар ис, цæмæй йæ лæджы дæр ныууадза æмæ моймæ фæцæуа кæмæйфæндыдæр…

 Æмæ кæдæмфæнды дæр!

 Фæлæ мах цы зæххыл цæрæм, уыцы зæхх хуыйны Ирыстон. Æмæ цæмæй ацы зæхх Ирыстон уа æмæ Ирыстон хуыйна, уый тыххæй Ирыстоны хуыздæр хъæбултæ сæ цард рауæлдай кодтой! Уыдонæй алчи йæ бартæ æмæ йæ цард хицæнтæй нæ хъахъхъæдта, уыдон иумиагæй хъахъхъæдтой Ирыстон æмæ ирон адæмы бартæ! Ацы зæхх ирон тугæй æлхæд у æмæ дзы хъуамæ ирон туг æхсида!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.