Ацы бонты хъæды хæдзарады кусджытæ банысан кодтой сæ профессионалон бæрæгбон. Цахæм æнтыстытимæ йыл сæмбæлдысты, сæ разы цы проблемæтæ лæууы, уыдоны тыххæй Мыхуыр æмæ информацийы комитеты пресс-центры журналисттæн радзырдта хъæды хæдзарады управленийы хистæры хæдивæг Къæбулты Батрадз.

Йæ ныхасы райдианы уый æрдзырдта республикæйы хъæды массивтыл. Хицæн бынæтты бæлæстыл кæй фæзынынц низтæ æмæ сын кæд ам бынаты, нæхи лаборатори нæй, уæддæр сын бастдзинад ис Ставрополы хъæды хæдзарады биолабораториимæ æмæ уырдыгæй райсынц хъæуæг рекомендацитæ сæ ныхмæ тох кæныны тыххæй. Йæ хъуыдымæ гæсгæ республикæйы хъæуы ауадзын хъæды ресурсты токсаци, цæмæй хынцыд цæуой хъæды массивтæ æмæ сыл цæуа контроль. Хъæды токсаци арæзт цæуы алы дæс азы дæр. Æмæ ахæм мадзал та республикæйы фæстаг хатт уагъд цыдис 1982 азы. Куыд ма загъта, афтæмæй  ныртæккæ хъæды хæдза-рады управленимæ дырыс зонæнтæ нæй. Цалдæр азы размæ сæм цы специалисттæ æрцыдысты Белорусийæ, уыдон сын загътой, цæмæй ауадзой хъæды токсаци. “Цас æхцайы фæрæзтæ нæ бахъæудзæнис, уый базонгæйæ, махæн нæ бон не ссис йæ ауадзын. Воронежы дæр ис ахæм институт æмæ уый дæр кусы ацы хъуыддагыл, фæлæ токсаци уым у ноджы зынаргъдæр. Хъыгагæн, абоны бонмæ махæн уыцы фадæттæ нырма нæй. Токсацийы руаджы базонæн ис хъæды хæдзарады æппæт фæсауæрцтæн, анализ арæзт цæуы хъæдты уавæрæн дæр” – загъта Къæбулы фырт.

Хуссар Ирыстоны æдæппæт ис 162 мин гектары хъæды фæзуæттæ. Уыдонæй 68 проценты сты сыфтæрджын хъæд, 32 проценты та хихджын бæлæсты мыггæгтæ. Хъæдæрмæджы фæсауæрцтæ та æххæссынц 18 милуан кубометрмæ, 4 милуан кубометры бæрц та сты, чи базæронд сты ахæмтæ æмæ сæ хъæуы спайда кæнын. Сæ бынæтты та сын хъæуы талатæ ныссадзын æмæ схъомыл кæнын. «Чи базæронд вæййы, уыдоны бынæтты цæмæй ног талатæ сзайой, уый тыххæй та ацæуæм хъæдмæ æмæ сын сæ бынтæ ссыгъдæг кæнæм сыфтæртæй, уымæн æмæ йæ тауинаг куы æрхауы, уæд сыфтæртæй мæрмæ нал бахауы. Ацы аз ма Ростовæй æрластам соцъийы бæлæсты талатæ æмæ сæ ныссагътам горæтæн йæ цæгатварс, Къуернеты хъæуы бынмæ. Уыдон уыдысты 2800 талайы, 2200 талайы та сагъд æрцыдысты Цхинвал-Ленингоры сосæвæндаджы былгæрæтты, кæй лæбыры, уымæ гæсгæ. Сæрды рæстæджы тынг тæвд бонтæ кæй кодта, уымæ гæсгæ сæ арæх донхæр кодтам, цæмæй ма фæмæнг уыдаиккой, уый тыххæй. Ныр та фæззæджы хъуамæ æрласæм тауинæгтæ æмæ сæ байтаудзыстæм  Ереды хъæуы нын цы 4 гектары зæххы фадыг ис, уым. Уыдон уыдзысты æнгуз æмæ соцъийы мыггæгтæ. Куы бахъомыл уой, уæд-иу сæ сисдзыстæм æмæ кæм хъæуа, уым сæ садздзыстæм», – загъта Батрадз. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ма сæм ис зынаргъ бæлæсты мыггæгтæ дæр. Цæвиттон – салæбут. Уый куы базæронд уа, уæддæр æм февналæн, спайда кæнæн дзы нæй, уымæн æмæ уый хаст æрцыди Сырх чиныгмæ. Афтæмæй та чи базæронд сты, ахæм букъы бæлæстæ махмæ, нæ республикæйы сты 4 милуан кубометры бæрц, фæлæ сæм февналыны бар кæй нæй, уымæ гæсгæ лæууынц æнæспайдагондæй. Салæбуты бæлæстæ сæйраджыдæр зайынц Синагур, Дзалабет, Карзманы хъæуты.

Хъæд нæ ирвæзынгæнæг уыд нæ адæмæн зын рæстæджыты дæр. Газ, рухс нæм куынæ уыд, уæд алкæмæн дæр бар лæвæрд уыдис хъæдæй спайда кæнынæн.

Хъæды фæзуæттæй куыд пайда цæуы, уыцы фарстæн дзуапп дæтгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы территорийыл нырма бирæ ис ахæм уагдæттæ, кæцытæ хъармгæнæн сезоны пайда кæнынц сугæй. Сугæй пайда кæнынц хъæууон цæрджытæ дæр. Уагдæттæ æмæ организацитæй сугæй чи пайда кæны хъармгæнæн сезоны, уыдон махмæ развæлгъау æрбарвитынц заявкæтæ æмæ сæ  мах та барвитæм хицауадмæ сфидар кæнынмæ. Астæуккаг нымадæй, ахæм заявкæтæм гæсгæ, мах сцæттæ кæнæм 10 мин кубометры бæрц. Æрвылаз дæр  уыцы нымæц фæфылдæр вæййы 70 кубометры бæрц.

Цы бæлæсты мыггæгтæ ныссадзæм, уыдонæй дарддæр ма мах фæнд кæнæм хъырымаг соцъи æмæ тулдзы талатæ ныссадзын дæр. Цы талатæ ныссадзæм, уыдон, кæй зæгъын æй  хъæуы, се `ппæт не схæцынц. Иууыл тæссагдæр сын вæййы фыццаг аз. Уыцы рæстæджы кæд сæ уидæгтæ сфидар вæййынц, уæд схæссынц рæз. Садзгæ та сæ кæнæм, сæйра-джыдæр, лæбырæн бынæтты, цæмæй сыджыт ма лæса, уый тыххæй.

Фарст лæвæрд æрцыд раздæр горæтгæрон цы талахъомылгæнæндон уыд, уый тыххæй дæр. Батрадз куыд загъта, афтæмæй, цæмæй уый скуса, уый тыххæй дзы æрвылаз дæр тауын хъæуы æндæр æмæ æндæр мыггæгты тауинæгтæ. Уыдонмæ хъæуы зилын, хъомыл сæ кæнын. Уый та баст у дзæвгар æхцайы фæрæзтимæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, пайдадæр у талатæ æддæрдыгæй æрласын.

Хъæд æнæзакъонæй цæгъдыны тыххæй та банысан кодта, зæгъгæ, вæййы ахæм цаутæ дæр æмæ кæд рабæрæг вæййынц кæцыдæр адæймæгтæ, уæд сыл æрцæуы акттæ арæзт. Йæ бафидыныл, кæд разы нæ вæййы, уæд хъуыддаг лæвæрд æрцæуы тæрхондонмæ. Æнæуый та закъонмæ гæсгæ сугæн кæнæ хъæдæрмæгæн кæй фæнды бæлæстæ ракалын, уыдон райсынц билеттæ æмæ сын хъæды кусджытæ бацамонынц, бæлæстæ кæм ракалын фæхъæуы, уыцы бынæттæ.

Хъуыддаг афтæ у хырхфадæнты тыххæй дæр. Уыдон сты хисæрмагонд адæймæгты къухты. Сæ фиддонтæ фидынц рæстæгыл. Къæбулы фырт ма банысан кодта кадрты ифтонгады проблемæ дæр. Хъæдыхæдзарады фæдыл сахуыр кæнын кæй фæнды, ахæмтæ сты хæрзцъус. Æмæ нын уымæ гæсгæ  проблемæ вæййы ахуырмæ искæй арвитын дæр.

                  БЕСТАУТЫ Валя

 

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.