РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр йæхимæ райста Донецкы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы делегацийы, кæцыйы сконды уыдысты депутаттæ Екатеринæ Мартьянова æмæ Александр Яровиков.

РХИ-йы Парламенты спикер райгондæй æгасцуай загъта донецкаг парламентаритæн.

«Нæ республикæты ‘хсæн ахастытæ абон не ‘рбæстон сты. Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы Адæмон Республикæ хæларадон æмæ кæрæдзийæн пайдайы ахастытæ аразынц ахсджиагдæр здæхтыты, уыцы нымæцы экономикæйы дæр. Мах иу кæны хъысмæтты æмхуызон-дзинад, цалынмæ Уæрæсейы Федераци нæ хæдбардзинад банымадта, уæдмæ Хуссар Ирыстоны цытæ цыдис, уыдон абон фæлхатт цæуынц Донецкы Адæмон Республикæйы. Ам дæр æмæ сымахмæ дæр цауты рæзты сценаритæ ныффыстой нæ иумиаг «хорзмæбæлджытæ» иугъуызон. Ныфс мæ ис, абон Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы кæй нысан кæнынц, уыцы бæрæгбон æввахс рæстæджы кæй нысан кæндзысты Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæты дæр», – загъта Гасситы Петр.

Йæ рады Донецкы Адæмон Республикæйы Адæмон Советы депутат Александр Яровиков закъондæттынадон органы разамынады æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы цæрджыты номæй арфæйы ныхæстæ загъта, РХИ-йы Хæдбардзинад банымайыны 9 азы нысан кæныны сæраппонд. Уый ма афтæ бузныг загъта, Хуссар Ирыстон Донбассы адæмон республикæты æвварс кæй хæцы, уый тыххæй æмæ загъта, æппæт æмвæзадты дæр хæларадон ахастытæ дарддæр кæй рæздзысты, ахæм ныфс.

Арфæйы ныхæстæ ма загъта Екатеринæ Мартьянова дæр æмæ банысан кодта бæрæгбоны ахсджиагдзинад. «Уый у иттæг ахсджиаг цау. Мах цин кæнæм сымах тыххæй æмæ уын нæ цæст уарзы æнтысгæ рæзт, цæмæй фидар кæна уæ паддзахаддзинад. Афтæ ма актуалоныл нымайæм, цæмæй дарддæр ахастытæ рæзой Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы закъондæттынадон органты ‘хсæн нæ паддзахадты хæрзиуæгæн», – загъта уый.

Ныхасы рæстæджы ма уынаффæ цыдис дарддæры æмгуысткæнынады перспективæтыл, уыцы нымæцы экономикæйы къабазы дæр. Ныхас цыдис дыууæ паддзахады закъонфæлдисджыты ‘хсæн кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ зонгæ кæныны фарстыл дæр.

Фембæлды кæрон йæ хайадисджытæ кæрæдзийæн радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон Управлени

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.