Ацы фæстаг бонты æрмæст Ирыстоны дыууæ хайы нæ, фæлæ æнæхъæн Кавказы дæр иууыл сæйрагдæр политикон цауыл банымайæн ис, Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы куырдиатыл – æмгъуыдæй раздæр æй йæ хæстæй ссæрибар кæныныл кæй сразы æмæ йын йæ бынатмæ рæстæгмæ Сергей Меняйлойы кæй снысан кодта, уый.

Ацы хабар æнæнхъæлæджы рауад æви йын æнæрцæугæ нæ уыд, уый ныр уадиссаг никæйуал æндавы, уымæн æмæ адæмы цымыдисдзинад ныртæккæ здæхт у ног къухдариуæггæнæджы фыц-цаг къахдзæфтæм. Меняйлойы Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты депутаттимæ фембæлды Цæгат Ирыстоны къухдариуæгадимæ базонгæ кодта Цæгат Кавказы федералон зылды Президенты æххæстбарджын минæвар Юрий Чайка. Сергей Меняйло йæ фыццаг раныхасы рæстæджы афтæ кæй загъта: «Иронау æмбарын, иронау кæсын, иронау фыссын, иронау дзурын æнæ дзырдуаты æххуыссæй æмæ æнæ тæлмацгæнæгæй», – зæгъгæ, уымæйуал балхæдта ирон адæмы зæрдæтæ. Хицауады отставкæйы кæй арвыста, фæлæ  хицауады уæнгтæй алкæмæн дæр йæ куыстхъомдзинад равдисыны фадат кæй радта, ууыл дæр разыйæ сæмбæлдысты адæм.

Фæлæ уæддæр сæйраг цымыдис æвзæрын кодта, ног Сæргълæууæгæн йæ фыццаг официалон кæнæ кусæгон фембæлд кæимæ уыдзæн, уыцы фарст. Æмæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд ахæм цымыдисгæнджыты.

Æндæрæбон Сергей Меняйлойæн йæ фыццаг кусæгон фембæлд уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолиимæ. Сæ фембæлды райдианы Бибылты Анатоли зæрдиаг арфæ ракодта Сергей Меняйлойæн йæ ног бынаты тыххæй, æмæ загъта, зæгъгæ, йыл Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин йе ‘ууæнк кæй бафтыдта, уый бирæ цæуылдæрты дзурæг у.

Фембæлды рæстæджы ныхас цыд дыууæфарсон æмгуыстады иууыл ахсджиагдæр фарстатыл. Сергей Меняйло сæ фембæлды тыххæй интернет-хызæджы афтæ кæй ныффыста, зæгъгæ, фембæлдтæн «мæ хæлар æмæ коллегæимæ», уый алыгъуызон æнкъарæнтæ равзæрын кодта адæммæ. Иутæ ахæм позици нымайынц растыл, куыд сæ фыццаг фембæлд, афтæ Меняйлойы уыцы ныхæстæ дæр нымайынц нысаниуæгджыныл. Иннæтæм равзæрын кодтой æнæразыдзинад, ома, дзырд хъуамæ цæуа хæлардзинадыл нæ, фæлæ æфсымæрдзинадыл. Чизоны раст сты, афтæ чи ахъуыды кодта æмæ нымайы, уыдон, фæлæ уал йæ фыццаг фембæлдæй цы политикон къахдзæф акодта, уый дæр æфсымæрдзинадыл дзурæг кæй у, уый дызæрдыггаг нæу.

Ис ма, æндæргъуызон чи ахъуыды кодта, æмæ фембæлды ахсджиагдзинад дызæрдыджы ныппарыныл чи бацархайдта, ахæмтæ дæр. Уыдон та рæгъмæ рахастой ахæм фиппаинаг, ома, Бибылты Анатоли хæдбар паддзахады, адæмы æвзæрст Президент у æмæ йæ регионалон æмвæзадыл къухдариуæггæнæг йæ коллегæ цæмæн схуыдта…

Чизоны ацы фиппаинаг дæр бынтон аппаринаг нæу, фæлæ уæддæр æмæ уæддæр махæн сæйраг у райстбавæрд сæрыстырдзинад нæ, фæлæ Ирыстоны дыууæ хайы кæрæдзиæмбарынад æмæ æфсымæрдзинад. Иу дзырдæй, рæстæг алцы дæр равдисдзæн…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.