Куыд зонæм, афтæмæй нæ æрвылбоны æмæ бæрæгбонон фынгтыл цы хæлц вæййы, уыдонæн се ’ппæты сконды дæр ис, Менделеевы таблицæйы цыдæриддæр химикон бурадтæ ис, уыдон. Уыцы буарадтæ алы хæлцы, халсары, дыргъы, фыдызгъæлы кæнæ дзуллаг ссады иугъуызон бæрцæй не сты. Цы хæлц нын у лæвæрд, уымæй раст куынæ пайда кæнай, уæд ирон адæм раджы рафæлгъуыдтой, фыдхæрд фыдрын кæй у, уый.

Мæ дзырды сæр фыдхæрд куы уаид, уæд та йын цы у! Ныртæккæ фыдхæрдæй цы рынтæ фæзыны, уыдон фæсте аззадысты, дунейы цы стырдæр фыдбылыз цæттæгонд цæуы адæймагады ныхмæ, уыимæ абаргæйæ.

Цæвиттон, уæлдæр куыд загътам, афтæмæй, зæххыл цыдæриддæр змæлæг æмæ сæрæгас ис, цыдæриддæр зæххыл зайæгхалы номæй хуындæуы, уыдон конд сты химикон буарадтæй. Менделеевы номхыгъды ис 63 элементы. Зæгъынц, зæгъгæ Менделеев уыцы номхыгъд фыны федта 1869 азы. Ӕцæгæй куыд уыди, уый бæлвырд нæу, фæлæ адæймагмæ хатт афтæ фæкæсы, цыма дунейы цæрджытæ цас ахуыргонддæр æмæ размæцыд дæр сты, уыйбæрц кæнынц фыдзæрдæ æмæ æгъатырдæр.

Менделеевы номхыгъды цы 63 буарады уыди, уыдон се ппæт дæр сты мæры сконды, стæй цыдæриддæр мæры зайы садзгæйæ дæр æмæ æрдзон æгъдауæй дæр, уыдон сконды. Чизоны исчи зæгъы, ома уый алы чысыл саби дæр зоны. Фæлæ дзырд, чи фылдæр æмæ хуыздæр зоны химийы æгъдæуттæ кæнæ æрдззонынады чи рæвдздæр у, ууыл нæ цæуы. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ ацы процесс кусы æрмæстдæр иуæрдæм… Ома куыд?

Мах мæры ныппарæм мыггаг, уый схæссы æвзар æмæ радты тыллæг, мæры хъæздыгдзинæдтæй йæхи сифтонг кæны, афтæмæй. Уый, мах цæст цы уыны, ууыл куы дзурæм, уæд. Афтæмæй та сæйраг у, æрдзы цы сусæг æгъдау æмбæхст ис, уый. Куыд æмæ цы хуызы æрхæссы алы мыггаг дæр йæхи тыллæг, уый Хуыцау зоны, фæлæ адæймаг бавдæлд, æмæ уыцы сусæгдзинæдты фæзмынмæ бахъавыд. Дунейы стырдæр ахуыргæндтæ рафæлгъуыдтой хæлцы, фыдызгъæлы æмæ адæймаджы буары сконды цы химикон элементтæ ис, уыдон, æмæ уыйадыл бахъавыдысты сæ халдихтæ сын саразынмæ.

Махæй алчидæр зоны, клон цы у, уый. Чинæ йæ зоны, уый тыххæй та цыбыртæй: клон у адæймаджы æнгæс хиаразгæ адæймаг, цæрæгой. Саразынц æй адæймаджы, цæрæгойы генон хуызæгæй. Ома, сисынц адæймаджы, цæрæгойы буарæй генон æрмæг æмæ дзы аразынмæ хъавынц раст ахæм адæймаг, цæрæгой. Ахуыргæндтæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй, «Хуыцауы фæндæй æви нæ, уæддæр адæймаджы халдихæн саразæн нæй». Уымæн йæ генетикон процесс ахæм вазыгджын разынд, æмæ уыцы «хъæбатыртæ» сæ мæгуыры бон базыдтой, нал æм æвнæлдтой цасдæр рæстæджы.

Уымæй размæ 1996 азы райгуырд фысклон Долли, зæгъгæ. Фыс-клон куы фæзынд, уæд адæм æнахуыр тасы ныххаудысты. Уыдон фæтарстысты рæхджы адæймаджы дæр уыцы фыдамонд куы æрæййафа. Фæлæ фыс-клонæн йæ цæрæнбонтæ æмбисыл куы аскъуыдысты, уæд адæймагмæ бавналын ничиуал бауæндыд.

Фæстæдæр та кæйдæр схъæл сæры зонды фегуырд «Хуыцауы хайыг» базоныны фæнд, æмæ сарæзтæуыди Стыр квалайдер (Большой адронный квалайдер). Уый фæрцы ахуыргæндтæ хъуамæ ссардтаиккой, раздæр Стыр срæмыгъды рæстæджы (уый у дунейы сæвзæрды материалистон теори) Хуыцау цы хайыгæй спайда кодта, уый. Фæлæ мæм диссаг уый кæсы, кæд ацы хъуыддаджы, ома дунейы сфæлдисыны хъуыддаджы уæддæр æмæ уæддæр Хуыцауы æрмдзæф уыди, уæд ма материалистон теори та цы хонынц? Иу дзырдæй, ам дæр та ницы ссардтой. Фæлæ фырзондджын адæм ууыл нæ бан-цадысты, æмæ ныр та баныхылдтой хæлцады фадыг-мæ. Ацы хъуыддаджы сын тынг бирæ бантыст ныри-дæгæн. Йе æмæ ныр æрхæццæ дæн мæ сæйраг дзуринагмæ.

Мæ раздæры уацты цыбыртæй дзырдтон иуполярон дунейы арæзтады хъуыддæгтыл, æмæ уæдæ хиаразгæ хæлцы хабар дæр уыцы рæхысы цæгтæй иу у. Хиаразагæ хæлц ныртæккæ йæ размæцыды тæккæ тæмæны кæй ис Китай æмæ æндæр бæстæты, уый сусæггаг никæмæнуал у. Уыцы размæцыд «хæринаггæнджыты» хъуыдымæ гæсгæ, иугæр хæлцады сконды химийы элементтæ ис, ома уыдон куы ныппырх вæййынц, уæд райсынц мæры хуыз æмæ миниуджытæ, ома Менделеевы номхыгъды цы ис, уыдон, уæд химийы элементтæн фæстæмæ райдиан хуыз раттæн цæуылнæ ис?! Æнæхъуаджы нæ загъта куырыхон Соломон, зондджын æмæ дам æнæзонд иу сты!… Уый не ’мбарынц уыцы схъæлзонд адæм, уыцы процессы ма цыдæр сусæгдзинæдтæ дæр кæй ис… Химийæ дарддæр ма зæххыл царды æндæр æгъдæуттæ æмæ амæлттæ дæр кæй архайынц. Афтæмæй ныридæгæн сахуыр сты хиаразгæ дзидза, пырындз (пластикæй!), рæвдуæттæ (æцæг рæвдуæттæй сæ нæ равзардзынæ!) æмæ æндæртæ аразын. Хъуыддаг дарддæр афтæ куы ацæуа, уæд, дам «адæймаг цы суыдзæн, уый зын зæгъæн у…». Уымæй дарддæр ма дыргътæ æмæ халсартæ дæр райдыдтой зайын кæнын æнæ хур æмæ рухсæй. Банантæ æмæ æндæр дæрддаг дыргътæ дæр æнæзианæй нæ хæццæ кæнынц дунейы тæрхытæм…

Ныр та мæ фæнды æппæты ахсджиагдæр хатдзæг саразын. Мах не ’ппæтдæр зонæм, ныртæккæ Уæрæсейы ныхмæ Дунеон æмæ хсæнад цы санкцион мадзæлттæ аразы, уый. Уæлæнгай дзы цы ис, уый алчидæр уыны, фæлæ ма уæлдæр цы фарстытыл дзырдтам, уыдон дæр уыцы хъуыддæгты фæдыл баст сты. Хъаугъа цæуы ууыл, цæмæй Уæрæсейы уæрæх быдырты дæр ГМО зайæгойтæй байдзаг уа, цæмæй Уæрæсе дæр сразы уа иуполярон дунейы арæзтады ацы мадзалыл дæр, æмæ Уæрæсейы тæрхджытæ дæр байдзаг уой пластикæй арæзт пырындз, химикон æгъдауæй конд дзидза æмæ а. д. (Ныридæгæн уал хиарæзт дзидза, иуæй-иу бæстæты адджынæн хæрынц!). Уыцы зайæгойтæ та сты, генон инженерийы фæрцы æндæргъуызонгонд чи у, ахæмтæ. Ома, дзы сæ æрдзон хуызæй ницыуал ис! Уыцы ГМО-йæ арæзт хæлц уадзыны хъуыддаджы та æппæты парахатдæр у соя (хъæдуры иу хуыз). Уый ныридæгæн баивта тахынæджы цы дзидза хъуамæ уаид, уый, аразынц дзы æхсыр, æхсыры продукттæ, шоколад æмæ æндæртæ. Йæ тæссагдзинад уый мидæг ис, æмæ хæлц цы хъуамæ уаид, уый нал уыдзæни. Ацы фарстыты фæдыл тынг бирæ æвдисæндзинæдтæ хæссы Павел Прокопенко йæ алæвæрд «Шокирующие гипотезы», зæгъгæ, уым. Алæвæрд фæцæуы Рен ТВ-йы каналыл. Уымæй дарддæр ма бирæ лæмбынæг зонæнтæ ссарæн ис алыгъуызон информагентадты фæрстыл дæр. Ацы раиртастытæ адæмы хæрзæбонæн арæзт кæй нæ сты, уый раззагон гумманистон зондыл хæст адæм хорз æмбæрстой рагæй фæстæмæ. Æнæхъуаджы нæ фæдис кæны Михаил Булгаков йæ уацау «Собачье сердце»-йы ахæм æнгæс тыхаразгæ хъуыддæгты фæдыл. Куыд зонæм, афтæмæй уацмысы хъайтар Шариков «райгуырд» куыдз Шарикæй. Уый схъомыл кæнынæн ницы фæрæз ссардæуыди, уымæн, æмæ йын уыди куыдзы зæрдæ. Уацмысы сæйраг идея у, уый, ома цæмæн хъæуы адæмы куыйтæй аразын, кæд æмæ сывæллон арын тынг хуымæтæджы хъуыддаг у, уæд.

Æмæ уæдæ, мæнмæ гæсгæ, æмбæрстгонд у, Уæрæсе цы дунейы æмæ ‘хсæнады раз цы стыр зæрдæхудты бацыд, стæй цы стыр ныхмæлæуды исы хайад, уый.

Хæлцадон фыдракæндты тыххæй куы дзурæм, уæд уыцы хъуыддæгты хайад исын та мах ницæмæн хъæуы, уымæн æмæ, табу — Хуыцауæн, нæ дон æмæ нæ зæхх цæрыны фаг дæр сты, æмæ хæрыны фаг дæр.

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.