Сæ тæмæны сты Вокзалгæрон фæзуаты арæзтадон куыстытæ. Йæ арæзтадмæ бавнæлдтой июны мæйы кæрон. Фæзуат схæрзарæзт кæнын ахсджиаг у, уымæн æмæ алы горæт дæр райдайы вокзалæй. Уазджытæ ардыгæй райдайынц  горæтимæ зонгæ кæнын æмæ хъуамæ дзуапп дæтта адæмы домæнтæн. Объект арæзт цæуы гъæдджын æрмæджытæй. Прораб Цхуырбаты Алан зæгъы, зæгъгæ, хорз æмбары вокзалæн архитектурон нысаниуæг кæй ис. Уымæ гæсгæ бацархайдзæн, цæмæй цы уыд, уымæй йæ ноджы хуыздæр рафидауын кæной. Ныртæккæ объекты кусы 25 адæймаджы бæрц, уыдон иууылдæр сты бынæттон цæрджытæ. Ифтонг сты техникæйæ. Кусджытæ дих сты бригадæтыл. Сæ иутæ кæнынц зæххыбын коммуникацитæ ивыны куыст, иннæтæ ивынц бордюрты. Бирæ куыстытæ дзы ис бакæнинаг, фæлæ кæд ницы ныхдуртæ фæзына, уæд  хъуамæ фæуой октябры мæймæ. Кусæгæн ахсджиаг у йæ куыстмызд рæстæгыл райсын, уæд рæвдздæр фæкусы æмæ къуылымпыдзинæдтæ дæр къаддæр вæййы. «Куыстытæ райдыдтам, Ленины цырт кæуыл уыд, уыцы пьедесталæй. Ацы бынаты арæзт æрцæудзæнис чысыл фонтан. Нæ зæрды ис сквер саразын. Уым арæзт æрцæудзæн цыппар постаменты. Æвæрд дзы æрцæудзысты Ирыстоны зынгæ гоймæгты бюстытæ. Фæзуаты цы зæронд рухсы цæджындзтæ уыд, уыдон ивд æрцæудзысты ногæй. Ам цалдæр азы размæ сагъд цы цъæхгæнæн къутæртæ сагъд æрцыд, уыдонмæ гæнæнуæвгæйæ æвнæлд не ‘рцæудзæнис. Се ‘хсæнты та уагъд æрцæудзæнис сæрмагонд системæ, кæцыйы фæрцы æртахгай донхæр цæудзысты газонтæ æмæ ма дзы цы алыгъуызон дидинджытæ сагъд æрцæуа, уыдон», – дзуры арæзтады прораб.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй дзы арæзт æрцæудзæн  къæвдацæуæн къанаутæ, кæцытæ  цæудзысты Хъайтарты уынджы магистралон хæтæлтæм.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм куыд фæзуаты, афтæ иннæ 8 уынджы цалцæггæнæн куыстытæ æххæст кæй цæуынц Инвестпрограммæйы фæлгæтты.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.