Президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта 2022-2023 азты РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы реализацийы фæлгæтты арæзтцæуæг объектты.

Паддзахады сæргълæууæг Хицауады сæрдар Джуссойты Константин æмæ Паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-йы генералон директор Гæбæраты Аланимæ саргъ кодта Къозоны æмæ Хъуылайы фыртты уынгты, афтæ ма Вокзалгæрон фæзуаты бакæнгæ куысты æмвæзадæн.

Фыццаг уал бабæрæг кодтой Къозоны фырты уынг, кæцыйæн йæ арæзт фæуд у 90 проценты. Гæбæраты Аланы ныхæстæм гæсгæ, ацы уынг цæттæ у асфальт сæвæрынмæ.

«Ивд æрцыдысты донифтонгады æмæ газифтонгады хызæгтæ, фæндагаразджытæ æвæрынц тротуарон плиткæ. Æвæрд æрцыдысты рухсгæнæн системæ æмæ фæндаджы нысæнттæ, баззадысты ма цъæх зонæтæ сыджытæй байдзаг кæнын æмæ асфальт сæвæрыны куыстытæ», — загъта уый.

«Дорэкспострой»-йы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, куыстытæ уагъд цæуынц графикмæ гæсгæ æмæ æхцайы фæрæзтимæ цæлхдуртæ нæй.

Ныртæккæ хæрзарæзт цæуы Хъуылайы фырты уынг, цыран фæуд кæнынц зæххы бын инженерон хызæгтæ раивыны фæдыл арæзтадон-монтажон куыстытæ.

«Сплангонд куысты фылдæр хай сæххæст 3-5 мæймæ. Сæйраг хæс уыд хызæгты гъæдджын реконструкци. Уынджы хæрзарæзтадмæ æрæвнæлдтой фæндагаразджытæ. Цалцæггæнæн-арæзтадон куыстытæ план кæнæм азы кæронмæ фæуын», — банысан кодта Гæбæраты Алан.

Инспекцион балцы иннæ пункт уыд Вокзалгæрон фæзуат, цыран ивд æрцæудзысты донифтонгад æмæ канализацийы хызæгтæ, æмæ йæ уый фæстæ хæрзарæзт скæндзысты.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, Вокзалгæрон фæзуат у республикæйы визитон карточкæ æмæ хъуамæ æмбæлон уа йæ статусæн.

Гаглойты Алан банысан кодта, зæгъгæ, цалцæггæнæн куыстытæ райдианы кæй фæкъуылымпы сты, уымæ нæ кæсгæйæ графикæй фæстæ нæ зайæм. Уый æвæрццагæй саргъ кодта бакæнгæ куысты гъæдæн.

«Куысты серьезон къуылымпытæ нæй. Фылдæр тыхтæй хъæуы спайда кæнын, цæмæй куыстытæ фæуой азы кæронмæ», — загъта Президент.

Ныхас ма цыд Вокзалгæрон фæзуаты цы чысыл базарады объекттæ ис, уыдоны тыххæй дæр.

«Уыцы объекттæн сисæн нæй: кæнæ сын мах хъуамæ рахицæн кæнæм базарадæн æндæр фадгуытæ, кæнæ сын баххуыс кæнæм, уыдон фæткмæ æркæнынæн. Ныфс мæ ис, ацы фарст аскъуыддзаг кæнынæн кæй райсдзыстæм раст уынаффæ», — банысан кодта Президент.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.