Цхинвалы мерийы хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ Куадзæны хæдразмæ бафснайдтой Згъудеры уæлмæрд.

Хæрзарæзтады комбинаты директоры хæдивæг Джиоты Филиппы ныхæстæм гæсгæ, куыстытæ цыдысты уæлмæрды алы ран дæр.

«Уыцы бонты, Куадзæны размæ, уæлмæрдмæ æрбацæуы бирæ адæм сæ хиуæттæ æмæ хæстæджыты ингæнтæ асыгъдæг кæ-нынмæ, – зæгъы Джиойы фырт. – Бирæтæ сæ брæттæ рахæссынц фæндагмæ, бирæтæ та сæ ныууадзынц бынаты. Нæ кусджытæ сæй-раг куыстæй дарддæр бафснайынц уæлмæрдмæ цæуджыты фæстæ дæр, аласынц брæтты æмæ фароны хус кæрдæджыты, раздæр ам цы урнæтæ сæвæрдтам, уырдæм».

Хæрзарæзтады комбинаты сæргълæууæджы хæдивæг куыд зæгъы, афтæмæй цыппар боны дæргъы аластæуыд 40 машинæйы дзаг брæттæ.

«Ахæм куыстытæ нæ кусджытæ кæнынц æрвылаз дæр, – банысан кодта уый. Фарон, зæгъæм, аластæуыд 100 машинæйы дзаг брæттæ».

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Хуссар Ирыстоны куадзæны бæрæгбоны агъоммæ коммуналон кусджытæ æркæнынц æмбæлон уагмæ уаз бынæттæ æмæ уæлмæрдтæ. Уымæй дарддæр ма горæты цæрджытæ сæхæдæг дæр райсынц активон хайад æфснайæн куыстыты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.