4-æм августы нæ республикæйы спорткомплекс «Олимп»-ы уагъд æрцыдис хæрзаудæн акци. Мадзал сæрмагондæй сорганизаци кодтой сывæллæтты хæрзаудæн фонд «Подари крылья» æмæ РХИ-йы Фæсивæды хъуыддæгтæ, спорт æмæ туризмы комитет.

Хæрзаудæн акцийы хайад райстой æндæр æмæ æндæр кары ленкгæнджытæ фæндзай адæймаджы бæрц. Уыдон уыдысты «Олимп»-ы ленк кæныны секцийы спортсментæ æмæ нæ республикæйы тыхон структурæты кусджытæ.

Хæрзаудæн акцийы райдианы уал Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр банысан кодта мадзалæн стыр нысаниуæг кæй ис рынчын сывæллæттæн баххуыс кæныны хъуыддаджы æмæ спортсментæн йæ цæст бауарзта æнтыстытæ сæ хæрзиуæгон архайды.

Мадзалы организатор, сывæллæтты хæрзаудæн фонд «Подари крылья»-йы президент Цхуырбаты Татьянæ та цыбыртæй радзырдта фонды куысты тыххæй æмæ банысан кодта, цы акцитæ уадзынц, уыдон кæй сты рынчын саби Дзæгъиаты Миланæйæн æххуысæн, æмæ æрсидт цæмæй адæм активондæрæй хайад исой хæрзаудæн мадзæлтты. Татьянæ куыд загъта, афтæмæй Дзæгъиаты Миланæйæн хъæуы æвæстиатæй саразын операци Израилы, кæцы лæууы тынг зынаргъ æмæ хъæуы баххуыс кæнын ацы бинонтæн. «Гыццыл чызг Миланæйæн ис астæумагъзы рак æмæ йын хъæуы æвæстиатæй хирургион операци скæнын. Æрмæст операцийæн сæ дохтыртæ æрдомдтой æртæ милуан сомы, æмæ бинонтæм та ахæм стыр æхцатæ нæй. Бинонтæн баххуыс кæнын кæй хъæуы, ууыл дзырд дæр нæй. Мах хъуамæ æрбалæууæм сæ фарсмæ æмæ цас гæнæн ис, уымæй сын баххуыс кæнæм. Акциты фæлгæтты цы æхцайы фæрæзтæ æрбамбырд уой, уыдон радтдзыстæм чызджы ныййарджытæм», – загъта Цхуырбаты Татьянæ. Уый ма мадзалы кæрон банысан кодта, республикæйы æмбæстæгтæ æмбаргæдзинад кæй æвдисынц æмæ искæй æнамонддзинадыл уæлæхох кæй не сты, уый. Цхуырбиан бузныджы ныхæстæ загъта спортивон акцийы хайад чи райста, æппæт уыдонæн.

РХИ-йы Фæсивæды хъуыддæгтæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæргълæууæг Зассеты Сергей дæр бузныджы ныхæстæ загъта, ахæм акци ауадзыны хъуыды кæмæ фæзындис æмæ рынчын сывæллæтты æнцой чи балæууы, æппæт уыдонæн æмæ уый фæстæ хорзæхтæ радта хæрзаудæн акцийы хайадисджытæн. «Абон мах нæ хъулон кæнæм уæлахидзауты. Нæ абоны акци у хæрзаудæн æмæ иууылдæр стæм иу хъуыддаджы фарс  –  баххуыс кæнæм Дзæгъиаты чызгæн. Уымæ гæсгæ чидæриддæр æрбацыд ацы мадзалмæ, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр зæгъын стыр бузныг æмæ уæлдай бузныджы аккаг та сты, ацы хæрзиуæгон хъуыддаг чи сарæзта, уыдон», – загъта Зассеты Сергей.

Ахæм хæрзаудæн акцитæ дарддæр дæр уагъд цæудзысты нæ республикæйы рынчын сывæллæтты æххуысæн. Уый та, моралон æгъдауæй, стыр пайда æмæ ныфс вæййы рынчынæн дæр æмæ йæ бинонтæн дæр. Уадз æмæ-иу рынчын æхцайы фыдæй æнæркастæй ма баззайа æмæ-иу йæхи фæндиаг сæнæниз уа. Уый тыххæй та хъæуы нæ адæмы стыр æмбаргæдзинад, кæрæдзимæ уарзондзинад, иудзинад.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.