Хæрзаудæн фонд «Подари крылья» акцийы фæлгæтты æхцайы фæрæзтæ радта 2-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг Къарджиаты Ибрагимæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны сывæллæтты фыццаг хæрзаудæн фонд «Подари крылья»-йы президент Цхуырбаты Татьянæ фонды кусджытимæ иумæ сорганизаци кодта онкологион рынчын сывæллæттæн баххуыс кæныны тыххæй йæ фыццаг акци. Фонды презентацийæ цалдæр боны фæстæ, акцийы организатортæ цы æхцайы фæрæзтæ æрбамбырд кодтой, уыдон радтой уæззау рынчын сывæллон Къарджиаты Ибрагимы мадмæ. Хæрзаудæн фонды президент Цхуырбаты Татьянæ сывæллоны мадимæ фембæлд нæ горæты 2-æм астæуккаг скъолайы æмæ йæм радта 60 мин сомы бæрц лæвæрттимæ. Къарджиаты Ибрагим йæхæдæг у ацы скъолайы фарастæм къласы ахуыргæнинаг æмæ йын йе ʻнамонддзинадыл хъыг кæнынц скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ йе ʻмбæлттæ дæр. Лæппуйæн ис онкологийы стæм низы хуыз, рацыдис æрдæгазон хосгæнæн курс æмæ ныр йæ мадимæ æрыздæхтысты.

«Мах уын тынг æмбарæм уæ зын хъуыддаг æмæ цæуæм уæ уавæры. Тынг зын у сывæллоны тыхстдзинадмæ кæсын æмæ махæн нæ бон куыд уа, афтæ уын æххуыс кæндзыстæм. Мах хæрзаудæн концерты рæстæджы æрæмбырд кодтам æхцайы фæрæзтæ æмæ уын сæ арфæимæ лæвар кæнæм. Кæд ацы æхцатæ тынг бирæ не сты, уæддæр нæ ныфс ис, æмæ уын цасдæр-бæрцæй кæй фæахъаз уыдзысты», – загъта Цхуырбаты Татьянæ.

Ибрагимы мад Саулохты Тинæ дæр йæ рады стыр бузныджы ныхæстæ загъта, йæ хъæбулæн ын фонд кæй æххуыс кæны. Стыр бузныг ма загъта скъолайы директор Ольга Михаилидийæн, уыдон дæр сæ фарсмæ кæй æрбалæууыдысты сæ зын рæстæджы, уый тыххæй. «Æз стыр бузныг дæн уе ʻппæтæй дæр. Махмæ тынг бирæ хорз адæймæгтæ ис. Мæнмæ-иу Мæскуыйы уæвгæйæ, тынг арæх телефоны фæдзырдтой æнæзонгæтæ дæр æмæ-иу мæ афарстой мæ хъæбулы уавæ-рæй. Мæскуыйы клиникæмæ-иу нæм рынчынфæрсæг æрбацыдысты уым цæрæг ирæттæ æмæ-иу мын уыдон дæр баххуыс кодтой. Стыр бузныг, мæ рыстыл мын чи риссы, уыдонæн се ʻппæтæн дæр», – загъта сывæллоны мад.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй Ибрагимæн хъæуы дарддæр схос кæнын. Январы мæйы ногæй медицинон басгæрсты куы рацæуа æмæ анализтæ куы радта, уæд сывæллоны бинонтæ фæнд кæнынц Израилы клиникæтæй сæ иумæ бахатын, фæлæ бæрæг куыд у, афтæмæй уырдæм ацæуын æмæ хосгæнæн процедурæтæ рацæуын у тынг зынаргъ æмæ катай кæнынц. Цхуырбаты Татьянæ Саулохты Тинæйæн ныфс бавæрдта, уый тыххæй дæр сын куыд сæ бон уа, афтæ баххуыс кæнынæй.

Цхуырбаты Татьянæ ма нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй ма уыцы хæрзаудæн концертæй райсгæ æхцайы фæрæзтæй 60 мин сомы бæрц та лæвæрд кæй æрцæудзысты нæ горæты скъола-интернаты ахуыргæнинаг Ткаченко Дианæйæн, кæцы ныртæккæ ис хос кæнынмæ.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.