10-æм августы Хуссар Ирыстоны культурæйы министрады æххуысæй киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцæудзæн хæрзаудæн концерт «За наших бойцов», зæгъгæ, ахæм номимæ.

Концерты инициатор зарæггæнæг Лалыты Альберт нын куыд загъта, уымæ гæсгæ хæрзаудæн концерт уагъд æрцæудзæн сæрмагондæй Уæрæсейы специалон æфсæддон операцийы хайадисджытæн баххуыс кæныны тыххæй. Концерт уагъд æрцæудзæн куыд Хуссары, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр, цыран хайад исдзысты дыууæ республикæйы артисттæ дæр.

«Концерт ауадзыны хъуыды мæм фæзынд хæсты райдианы нæ хæстонтæ куыддæр Украинæмæ ацыдысты, афтæ. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ специалон æфсæддон операцийы хайадисджытæн  тынг бирæ адæм æххуыс кæнынц æмæ уыдон æмрæнхъ мæн дæр фæндыд сæ фарсмæ æрлæууын æмæ сæм ме ‘ххуысы къух фæдаргъ кæнын. Концерты цы æхцайы фæрæзтæ æртымбыл уа, уыдон се ‘ппæт дæр æрвыст æрцæудзысты æфсæддон службæгæнджытæн», – загъта нын Лалыты Альберт.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй адæмæн ныридæгæн сæ бон у билеттæ балхæнын киноконцертон зал «Чермен»-ы, кæнæ ахæм номыртæм бадзургæйæ: 8-929-810-30-60. Хуссар Ирыстоны концертон программæ райдайдзæн 10 августы 19: 00 сахатыл, Цæгат Ирыстоны та 12 августы 19:00 сахатыл культурæйы галуан «Металлург»-ы. Хайад дзы райсдзысты Лалыты Альберт, Игорь Тасо, Джиоты Ибрагим, Бекъойты Вано, Икъаты Миленæ, Цхуырбаты Сослан, Зæнджиаты Мадинæ, Джелыты Оксанæ, Мæргъиты Лери æмæ æндæртæ.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.