Ныр аст азы фæд-фæдыл 5-æм сентябры дунейы банысан кæнынц Хæрзаудындзинады дунеон бон. Ацы зæрдылдарæн бон сфидар кодта ИНО-йы Генералон Ассамблея 2012 азы æмæ баст у хæрзаудындзинады Ордены бындурæвæрæг, Нобелы премийы лауреат мад Терезайы амæлæты азимæ. Мад Тереза 1950 азы Калькуттайы (Инди) бындур æрæвæрдта хæрзауындзинады миссионерты Орденæн ацы горæты мæгуыр æмæ рынчын цæрджытæн баххуыс кæныны тыххæй. 50 азы бæрц мад Тереза архайдта хæрзаудæн архайдæй нырма Индийы уый фæстæ та æндæр паддзахадты.

Уæрæсейы æмæ европæйаг бирæ бæстæты дæр банысан кæнынц хæрзаудындзинады бæрæгбон. Уæрæсейы уагъд æрцæуынц фембæлдтытæ, уынаффæ фæцæуы ахсджиаг проблемæтыл. Хæрзаудæн архайд тынг ахсджиаг у ныртæккæйы дунейы, цыран цæхгæр хицæн кæны цæрджыты хицæн фæлтæрты царды æмвæзад. Дунеон бæрæгбон баст у искæйы проблемæтæм æвæлмас цæстæй чи нæ кæсы, уыцы адæймæгтимæ, кæцытæ стыр æхцондзинад исынц фæкæсынхъуаг адæймæгтæн баххуыс кæнынæй. Уыцы бон уагъд æрцæуынц алыгъуызон мадзæлттæ, кæцыты фæрцы пропагандæ кæнынц хæрзиуæгон хъуыддаг. Æрмæст Уæрæсейы хæрзаудæн архайдæй архайы бирæ адæм, кæцы у иттæг хорз, уымæн æмæ ахæм  алы къахдзæф дæр дунейы кæны сыгъдæгдæр, хуыздæр æмæ ирддæр. Бирæтæ нымайынц, зæгъгæ, хæрзаудындзинады фæрцы æрмæстдæр æххуыс кæнынц æххуысхъуаг адæмæн, фæлæ уый раст нæу, ацы ахсджиаг хъуыддагæй чи архайы, уыдон ма æххуыс кæнынц историон цыртдзæвæнтæ, музейтæ, аргъуантæ сæндидзын кæнынæн, архитектурон исад бахъахъхъæнынæн æмæ афтæ дарддæр. Иумиагæй хæрзаудындзинадæн ис уæрæх æмбарынад. Алы адæймаг дæр, кæцы йæ царды æппынкъаддæрæй иу кæнæ дыууæ хатты баххуыс кодта æндæр адæймагæн, гæнæн ис æмæ йæхи нымайа ацы ахсджиаг архайды хайадисæгыл.

Ацы боны нысан у æхсæнады хъусдард хæрзаудæн организациты æмæ хицæн адæймæгты архайдмæ аздахын æмæ сæ фарсмæ балæууын. ИНО-йы хъуыдымæ гæсгæ, хæрзаудындзинад, кæцы æххуыс кæны дунейы æппæт бæстæты гæвзыккдзинад скуынæг кæнынæн, ахъаз кæны алыгъуызон культурæты, дин æмæ цивилизацийы адæмты ‘хсæн диалог сфидар кæнынæн. Æгæрыстæмæй, абон, нырыккон технологон æмæ æппынæдзух рæзгæ дунейы, гæвзыккдзинад, куыд социалон, экономикон æмæ техногенон катастрофæты фæстиуæг, афтæ раздæрау уæвынад кæны æппæт бæстæты дæр, сæ экономикон, социалон æмæ культурон рæзтмæ æнæкæсгæйæ.

Ирыстоны кæд ацы бæрæгбон нæ фæнысан кæнынц, уæддæр дзы бирæ ис, хæрзаудæн архайд чи кæны, ахæм зæрдæхæлар адæймæгтæ. Уый афтæ кæй у, уый бæрæг у уымæй дæр, æмæ телерадиокомпани «ИР»-ы проект Ногазон хæрзаудæн акци «Бæллицты фонтан»-ы хайад кæй райсы бирæ адæм. Уыдонæй бирæтæ сисынц цалдæргай чысыл наутæ æмæ афтæмæй барухс кæнынц æххуысхъуаг сывæллæтты зæрдæтæ, барæсугъд сын кæнынц сæ ногазон бæрæгбон. Æмæ æрмæст Ног азы нæ кæнынц хæрзаудæн архайд иуæй-иу зæрдæхæлар адæймæгтæ, фæлæ æнæхъæн азы дæргъы. Зæгъæм,  нæ горæты Джиоты Аланы проспекты   сабиты магазин «Эрман»-ы  хицау Цæбиты Наталья саразы цалдæр хæрзаудæн акцийы. Ног ахуыры азы размæ уый скъолайы формæтæ балæвар кодта 11 æххуысхъуаг бинонты сывæллæттæн. Горæты æмæ районты скъолаты 11 сывæллонæн сæ бон ссис ацы магазины цахæм сæ хъæуы, ахæм скъолайон формæйы комплект равзарын. Цæбиты Наталья хæрзаудæн акци сарæзта ныр æртыккаг хатт. Йæ фыццаг акци сорганизаци кодта 2018 азы йæ магазин куы бакодта, уымæй иу мæйы фæстæ. Цæбиты чызг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æххуысхъуаг адæймæгтæн æххуыс кæнын у алкæйы хæс дæр. «Тынг æхсызгон мын вæййы сывæллæтты хъæлдзæг цæсгæмттæ уынын. Ныхæстæй йын зæгъæн нæй, уыдон куыд райгондæй аздæхынц, уымæн», – загъта уый. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Цæбиты Наталья спортивон формæ æмæ адджинæгтæ кæй балæвар кодта Гафезы уынджы корпустæй сæ иуы цæрæг дыууæ рынчын сывæллонæн.

Нæ горæты Исахъы уынджы сывæллæтты магазин «Мир детства»-йы хицау Кокойты Ноннæ дæр азы дæргъы саразы цалдæр хæрзаудæн акцийы. Ацы бонты та уый уæлæдарæс æмæ скъолайы формæ балæвар кодта нæ республикæйы районты хъæуты æртæ сывæллонæн. Ноннæйы чызг Цхуырбаты Заринæ дæр кæны хæрзаудæн куыст. Æрæджы уый æхцайы фæрæзтæ æмбырд кæнын райдыдта нæ горæты цæрæг  инвалид сывæллон Кокойты Олегæн. Уый райгуырд æнæ галиу къухæй, йæ рахис къух та у цыбыр æмæ æртæ æнгуылдзимæ. Йæ мад Козаты Дзерассæ куыд загъта, уымæ гæсгæ Олегæн фыццаг операци сарæзтой, æрмæстдæр ыл фондз мæйы  куы цыд, уæд. Ныр ын хъуамæ сæвæрой  немыцаг эндопротез, кæцыйæн йæ аргъ у дыууæ милуанæй фылдæр. Бинонтæ æмбæлон суммæ куы æрæмбырд кæной, уæд ын эндопротез æрæрвитдзысты Санкт-Петербургмæ, цыран лæппуйæн операци сараздзæн профессор Игорь Шведовченко. Уæд йæ рахис къух максималонæй кусид. «Æрæмбырд ын кодтон 200 мин сомæй фылдæр, фæлæ нæ горæты ацы змæстытæ куынæ уыдаиккой, уæд æхцайы фæрæзтæ уыдаиккой бирæ фылдæр. Ныфс нæ ис, нæ республикæйы цæрджытæ йæм се ‘ххуысы къух кæй фæдаргъ кæндзысты, уымæй», – загъта Цхуырбаты Заринæ.

Скæндзынæн зæрдæхæлар сылгоймаг Чехойты Оляйы кой дæр. Уый цал адæймагæн баххуыс кодта, уыдон зын банымайæн сты, æгæр бирæ кæй сты, уымæ гæсгæ. Æрмæст ацы аз  уый 200 мин сомæй фылдæр балæвар кодта нæ горæты скъола-интернаты 20 сывæллонæн. Афтæ ма ацы скъолайы ахуырдзаутæн æрвылаз дæр бакæны ногазон лæвæрттæ йæ фырт Тедеты Дзамболатимæ. Оля æрвылаз дæр активон хайад райсы хæрзаудæн акци «Бæллицты фонтан»-ы дæр. Æмæ барухс кæны  цалдæргай æххуысхъуаг сывæл-лæтты зæрдæтæ.

Цалдæр ныхасы зæгъдзынæн Знауыры районæй рацæугæ, ныртæккæ Дзæуджыхъæуы цæрæг Лалыты Левайы тыххæй дæр. Уый йæхæдæг инвалид уæвгæйæ, æгæрон æххуыс кæны фæкæсынхъуаг адæмæн. Уый йæ цард нæ уыны æнæ хæрзаудæн акцитæй. Æхцондзинад исы йæ хæрзаудæн æмæ хъæуæг архайдæй. Мæ уацы абон æз ракодтон цалдæр адæймаджы кой, фæлæ хæрзиуæг тауджыты нымæц бирæ фылдæр у. Хуыцау зæгъæд, æмæ сæ нымæц бонæй-бон фылдæр цы кæна, уæд нæ цард уыдзæн бирæ цымыдисондæр æмæ рæсугъддæр.

Хорз уаид æмæ нæ республикæйы дæр 5-æм сентябры нысан куы цæуид Хæрзаудындзинады дунеон бон. Бæрæгбоны цытæн мадзалмæ-иу хуынд куы æрцæуиккой хæрзиуæг тауæг адæймæгтæ. Афтæ куы уаид, уæд чизоны æндæртæ дæр цæвиттон райсиккой уæлдæр уын кæй кой скодтон, уыцы диссаджы адæймæгтæй æмæ уæд хæрзаудæн акциты нымæц  бæрæг фæфылдæр уаид. Хуыцау зæгъæд!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.