Ныртæккæ нæ республикæйы астæуккаг скъолаты ахуыргæнинæгтæ кæд сæрдыгон улæфтыты сты æмæ рæстæгмæ се скъолаты æмызмæлд нæ кæнынц, уæддæр горæт Цхинвалы скъола-интернаты кæртæй ахуыры рæстæджы куыд вæййы, афтæ ныр дæр суанг 2-æм августмæ хъуыст сывæллæтты хъæлдзæг хъæлæба. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ ацы ахуырадон уагдоны июлы райдианы йæ куыст райдыдта сæрдыгон лагерь «Солнышко» нæ горæты скъолаты 7-13-аздзыд ахуыргæнинæгтæн.

Лагерь цытджын æгъдауæй æхгæд æрцыд майрæмбоны, 2-æм августы. Йæ сæхгæныны тыххæй организаци æрцыд бæрæгбонон мадзал. Уыцы бон скъола-интернаты актон залмæ æрбамбырд бирæ адæм. Уырдæм сæ сывæллæтты арæхстдзинадмæ бакæсынмæ æрбацыдысты сывæллæтты ныййарджытæ, нанатæ æмæ бабатæ. Мадзалмæ фæуазæг сты РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элиса, ацы министрады уæлæмхас ахуырады хайады сæргълæууæг Джиоты Эльзæ, нæ горæты скъолаты ахуыргæнджытæ. Æрæмбырдуæвджытæн æвдыст æрцыд цирчы равдыст «Цирк Шапито», зæгъгæ, кæцыйы нысан уыд сывæллæтты сфæл-дыстадон потенциал фæактивондæр кæнын мадзалы хайад райсыны фæрцы. Афтæ ма сывæллæтты цирчы аивад – аргъæутты диссаджы дунеимæ базонгæ кæнын, цыран æлдариуæг кæны бæрæгбонон æмæ хъæлдзæгдзинады атмосферæ. Лагеры сывæл-лæттæ сæххæст кодтой зарджытæ «Буратино», «Арлекино», «Чарли», «Рыжий клоун, «Маленькая страна» æмæ æндæртæ. Равдыстой инсценировкæтæ дæр. Лæппутæ сæ арæхстдзинад равдыстой хъæбысхæстæй дæр. Лагеры хайадисджытæн раарфæ кодта Гаглойты Элиса. «Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй сентябры, ног ахуыры азы уе скъолатæм æрбацæуат улæфтæй, хорз мысинæгтæ æмæ æнкъарæнтимæ. Ахуырады министрад уын ныфс æвæры, æрвылаз дæр лагерь кæй кусдзæн, уымæй. Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ уæ ахуыры», – загъта уый.

РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады инициативæйæ нæ горæты скъола-интернаты базæйыл цы сæрдыгон лагерь «Солнышко» куыста, уым иумиагæй æртæ фæлтæры фæлгæтты баулæфыдысты 450 сывæллоны бæрц.  Алы фæлтæры дæр уыд 140 сывæллонмæ æввахс, кæцытæ-иу лагеры сæ рæстæг хъæлдзæгæй арвыстой 9 сахатæй изæры 5 сахаты онг. Алкæцы фæлтæры сывæллæттæ дæр дих уыдысты авд къордыл æмæ сæ алкæмæн дæр уыд йæхи ном. Алы къордæн дæр уыд йæхи раздзог,  йæхи девиз æмæ хъæппæристæ. РХИ-йы Ахуырады министрад батыхст æмæ лагеры сывæллæттæн арæзт æрцыдысты æппæт уавæртæ дæр, цæмæй хъæлдзæг æмæ æмбæлонæй арвыстаиккой сæ сæрибар рæстæг.  Организаци сын æрцыдысты алыгъуызон хиирхæфсæн мадзæлттæ – спортивон хъæзтытæ, экскурситæ. Æрвылбон дæр сын уагъд цыдысты конкурстæ нывкæнынæй, зарынæй, кафынæй, æмдзæвгæтæ кæсынæй. Иу ныхасæй, алы къорд дæр тырныдта йæ къухты бафтгæ æнтыстытæ равдисынмæ. Лагеры куысты рæстæджы ахуырдзаутæм сæ хъус дардтой Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ.

Сывæллæттæ боны дæргъы хордтой дыууæ хатты – аходæн-иу сын уыд райсомы 10 сахатыл æмæ сихор та – 2 сахатыл. Уыдон райгонд уыдысты сæ хæлцæй. Алы фæлтæр дæр лагеры баулæфыд дыууæ къуырийы дæргъы. Иннæ ахæм сын ахуырады министрад балхæдта æппæт æнæмæнгхъæуæг æрмæджытæ, куыд, зæгъæм, къарандастæ, хуызджын гæххæттытæ, пластилинтæ, спортивон инвентарь æмæ æндæртæ. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ къæвда æмæ тынг тæвд бонты сывæллæттæ сæ рæстæг æрвыстой, скъола-интернаты къухдариуæгад нын сæ дæлбар уагдоны цы хатæнтæ рахицæн кодта, уым. Лагеры организатор уыд скъола-интернаты ахуыргæнæг Харебаты Маринæ. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ-иу æрвылбон дæр лагерь йæ куыст кæй райдыдта цытджын линейкæ æмæ зарядкæйæ. «Цалынмæ лагерь нæ байгом, уæдмæ æрæмбырд кодтам кусджыты æмæ æрдзырдтам, чи нæ цы хъуамæ араза, ууыл. Сарæзтам программæ дæр. Алы бонæн дæр нын арæзт уыд боны режим. Æнæхъæн боны дæргъы-иу сывæллæттæй алыгъуызон ерысты æмæ интеллектуалон хъæзтыты йæхи хуыздæр чи равдыста, уыдон хорзæхджын цыдысты грамотæтæй.  Æрвылизæр дæр-иу æрæмбырд стæм æмæ-иу хатдзæгтæ саразтам боны дæргъы нæ бакæнгæ куыстæн», – загъта лагеры организатор Харебаты Маринæ.

Къордтæй сæ иуы раздзог Тедеты Каринæ нын афтæ радзырдта: «Сывæллæтты экскурсийы акодтам бирæ рæттæм. Уыдыстæм РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады, ОМОН-ы, паддзахадон университеты зоологийы музейы, сывæл-лæтты республикон библиотекæйы. Уæлвæткон уавæрты министрады зынгхуыссынгæнæн хайы сывæллæттæ стыр цымыдисимæ кастысты алыгъуызон машинæтæм. Кусджытæ сæ сбадын кодтой зынгхуыссынгæнæн машинæтыл æмæ сæ базонгæ кодтой сæ куыстимæ. ОМОН-ы та сывæллæтты сбадын кодтой БТР-тыл æмæ сæ афтæмæй раскъæр-баскъæр кодтой. Ахуырдзаутæм уæлдай цымыдисдзинад сæвæзрын кодтой, ам цы ахуыр куыйтæ уыд, уыдон. Университеты зоологийы музейы дæр скъоладзаутæ базонгæ сты нæ республикæйы территорийыл цы цæрæгойтæ уæвынад кæнынц, уыдонимæ. Уæлдай хуыздæр æнкъарæнтимæ сывæллæттæ раздæхтысты Сывæллæтты республкон библиотекæйæ. Ацы уагдоны кусджытæ сæ директор Джиоты Аллæйы сæргълæудæй ахуырдзаутыл сæмбæлдысты райзæрдæйæ. Ауагътой сын алыгъуызон хъæзтытæ, уыцы нымæцы викторинæ дæр. Иу ныхасæй нæ хъомылгæнинæгтæ сæ улæфтæй баззадысты райгондæй».

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ сæрдыгон лагерь «Солнышко» ныр кæй кусы цалдæр азы фæдфæдыл æмæ дзы сæ улæфты рæстæг кæй арвыстой сæдæгай ахуыргæнинæгтæ. Бузныджы ныхæстæ зæгъын æмбæлы Ахуырады министрады уæлæмхас ахуырады хайады сæргълæууæг Джиоты Эльзæйæн. Уый æрвылаз дæр стыр куыст бакæны лагертæ сорганизаци кæныныл. Бæрзонд наз бæласы бынмæ беседкæйы сатæг уæлдæфмæ улæфгæйæ кæй баййæфтам, уыцы сывæллæтты куы афарстам, сæ сæрдыгон улæфты рæстæг лагеры куыд арвыстой, уымæй, уæд нын æмхуызонæй сдзуапп кодтой, зæгъгæ, тынг райгонд уыдысты, лагеры сын цы хорз уавæртæ сарæзтой, уымæй. Загътой ма, зæгъгæ, сæ лагеры алчи дæр ссардта ног æмгæртты. Сывæллæттæ сæ улæфты рæстæджы тынг кæй схæлар сты æмæ сæ кæрæдзийæ фæхицæн кæнын кæй нал фæндыд, уый бæрæг уыд уымæй дæр æмæ сæ бирæты рустыл цæссыгтæ кæй æркалдысты. Фæлæ сæ ныфс ис, фидæн сæрд та ам иумæ хъæлдзæг рæстæг кæй æрвитдзысты, уымæй.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.