6-æм июны горæты 18-æм рæвдауæндоны уагъд æрцыд цымыдисон мадзал, ахæм номимæ: «Хæрзбон рæвдауæндон».

Залмæ æрбацыдысты сабиты ныййарджытæ дæр æмæ тынг æхсызгонæй райдыдта мадзал. Сабитæ аив кондæй ралæууыдысты рæсугъд фæлыст залы æмæ сæ алкæйы зæрдæ дæр рухс кодта, сæ риутыл конд уыдысты сырх лентæтæ æмæ цыма сабитæ нæ уыдысты, фæлæ уалдзыгон рæсугъд гæлæбутæ. Мадзалы программæ уыдис цымыдисон. Сабитæ зарыдысты хъæлдзæг зарджытæ: «Уарзон Ирыстон», «Мы хотим учиться», «Точка, точка, запятая», равдыстой инсценировкæтæ: «Красная шапочка», «Мы хотим учиться», «Букварь» æмæ æндæртæ. Сæххæст ма кодтой алыгъуызон рæсугъд кæфтытæ: «Про-щальный вальс», «Просто, просто» æмæ «Полька».

Уымæй дарддæр ма сывæллæттæй алчидæр тынг хорз радзырдта æмдзæвгæ, кæд дзы иуæй-иутæн рæстмæ сæ дзыхы ныхæстæ нæ арæхстысты, уæддæр. Мадзал бацæттæ кодтой рæвдауæндоны хъомылгæнджытæ йæ сæргълæууæг Коцты Лианæ, афтæмæй. Мадзалы организатортæ сабитимæ бакуыстой хорз, алцы дæр дзы уыдис нывыл, уыдон та уыдысты Бæройты Маринæ, Хуыгаты Аллæ, Коструб Иринæ æмæ æндæртæ.

Кæронбæттæны сабитæн зæрдылдарæн чингуытæ балæвар кодта рæвдауæндоны сæргълæууæг Коцты Лианæ. Мадзал аххæссыд цалдæр сахаты æмæ сабиты налдæр фæндыд сценæйæ рахизын. Ноджы ма сын систой бирæ зæрдылдарæн къамтæ. Сабитæн ахæм мадзал, æнæмæнгдæр, баззайы сæ чысыл зæрдæты.

Лалыты Ленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.