Къоста æнæмæлгæ фæлгондз у ирон адæмæн. Цас фылдæр рæстæг цæуы, уый бæрц нæ цæсты кадджындæр кæны. Арæх фехъусæн ис ахæм ныхас дæр: цымæ цы уыдаиккам, ирон адæм, Къоста нын куыннæ уыдаид, уæд.

Къостайы койæ бафсæдæн нæй, Къоста царды не ‘мдзугæнæг у æмæ йæ цас фылдæр æмæ арæхдæр кæсæм, уыйбæрц зæрдæмæ æввахсдæр кæны. Дуджы ахсджиаг фарстатыл ныхас куы фæцæуы, уæд цæвиттонтæ Къостайæ хæссæм.

Къоста Иры арæнтæй раджы ахызтис, 60 нацийæ фылдæр стæлмац кодтой Къостайы сæхи æвзæгтæм. Уый ма дзурæг у ууыл, Къоста кæй уыдис адæймаджы бартыл тохгæнæг, æппæт æфхæрд адæмы сæрылхæцæг, Рæстдзинад æмæ Уарзондзинад агурæг.

Йæ амæлæтæй абонмæ Къостайыл бирæ загъд, бирæ фыст æрцыд, фæлæ афтæ зæгъæн нæй, Къостайы тыххæй зæгъинæгтæ ницыуал баззад, зæгъгæ.

Ис æмæ ма баззад, æнхъæлмæ сæм кæсынц, Къоста зынаргъ кæмæн у, уыцы фæлтæр.

Мæн фидарæй уырны, профессор Плиты Гацыры чиныг «Къостайы дуне» йæ къухмæ чи райса, уый йыл тынг бацин кæндзæн æмæ йæ цымыдисæй бакæсдзæн.

Æмткæй уал чиныджы тыххæй зæгъæн ис: бирæ хабæрттыл дзы æрцыдис ныхас, кæцытæ хъæуынц, Къостайы чи уарзы, Къостайæн аргъ чи кæны, уыдоны.

Чиныг «Къостайы дуне» мыхуыры рацыд сахар Цхинвалы 2016 азы. Чи йæ бакæса, уый æнæмæнг ныхъхъуыды кæндзæн æмæ сфæлхатт кæндзæн Къостайæн йæхи ныхæстæ:

«Хæцын кæм хъуыди, уым хæцыдтæ,

Рæвдауын арæхдæр зыдтай».

Бæлвырд у чиныджы аппæй, Плийы фырт Къостайы дунейыл рагæй кæй хъуыды кæны, дзæвгар азты йыл кæй кусы.

Гацыр университеты (пединституты) кусы 1961 азæй. Уæдæй абонмæ кæсы лекцитæ ирон литературæйы историйæ, уал азы йæ куыст баст у Къостайы бакæнгæ хъуыддæгтимæ йе ‘гъуыстаджы сфæлдыстадимæ. Плиты Гацыр ирон фысджытæй бирæты тыххæй загъта йæ хъуыдытæ. Хицæн статьятыл куынæуал дзурæм, уæддæр цæвиттонæн фаг сты йæ чингуытæ: «Ирон литературæйы истори» (ахуыргæнæн чиныг студенттæн – Дзæуджыхъæу 2009 аз) æмæ «Фæлтæртæ æмæ азтæ» (Ирон фысджытыл, Цхинвал, 2011 аз).

Чиныг «Къостайы дуне» банымайæн ис Плийы фырты ног æнтыстыл. Автор дзуры Къостайы царды хабæрттыл, йæ рацæугæ вазыгджын фæндæгтыл. Фыццаг сæры рахуыдта «Поты фæз – йæ сабион авдæн». Нарæй райдайгæйæ Къостайæн йæ царды фæндæгтæ цахæмтæ уыдысты Дзæуджыхъæуы, Ставрополы, Петербурджы, Херсоны æмæ æндæр бынæтты, уыдæттыл фагæй цæуы ныхас ацы сæры.

Дыккаг сæр  «Къостайæн табугæнджытæ». Ам цы æрмæг ис, уыдонæй мах бæлвырд кæнæм иу хъуыддаг: бирæ чидæртæ зыдта Къостайы лæгæй-лæгмæ дæр, фæсаууонмæ дæр, стæй уæд йæ фыстытæм гæсгæ дæр. Уыцы æрмæджыты бæлвырдæй зыны, Къоста кæй уыд цардуарзаг, дзыллæйы лæг, уарзæгой уды хицау, сæрибар царды сæрыл карз тохгæнæг.

Чиныджы сæрмагонд сæрыл нымад æрцыд Гацыры куыст «Певец Осетии». Куыст фыст æрцыд Къостайы райгуырды 155 азы бонмæ. Ацы сæры æвдыст æрцыдысты уыцы зынгæ адæймæгтæ, кæцытæ сæхирдыгонау саргъ кодтой Къостайæн. Уыдон та уыдысты: М. Горький, В. А. Десницкий. М. Шагинян, Н. Тихонов, С. В. Михалков, Н. М. Грибачев, А. Г. Алексин, Николай Доризо, Р. Ахматов, Мося Сангаджиева, Адам Шогенцуков, Киримизе Жанэ, Абайты В., Тототы М. С., Коцойты А., Х. Ардасенты, Т. Епхиты, Нафи Джусойты, Х. Плиты, Цæгæраты М., Цырыхаты М., Тугъанты М., Туаты Д., Г. Дзассохты, Петр Палленко, А. Свирский, Р. Фатуев æмæ æнд.

Ранымад фæлтæрæн кæд сæ хъуыдытæ алыгъуызæттæ сты Къостайы тыххæй, уæддæр сæ сæйраг хъуыды у иу: – Къоста уыд лæгау лæг сабыр царды дæр æмæ сфæлдыстады дæр. Къоста зарыд Ирыл, хæлардзинад æмæ уæздандзинадыл. Се ‘ппæты хъуыдыты дæр зыны: Къоста уыдис уарзæгой уды хицау, зонды къуыбар, рухстауæг, кæм хъуыд, уым та – æргом, уæндон, хъæбатыр тохгæнæг.

Къостайы рæсугъд уды миниуджытыл дзурæг у чиныджы сæртæй иу: «Къоста  хæлардзинады хидтæ аразæг». Ацы фарстатыл дзургæйæ, автор бирæ æрмæджытæ хæссы рæгъмæ, бирæ адæймæгты кой ракодта, кæцытæн сæ ныхæсты бæлвырдæй зыны, чи уыд  Къоста, куыд бирæ йын æнтыст хæлардзинады хидтæ аразгæйæ. Плийы фырт кæй кой кæны ацы сæры, уыдон сæйраджыдæр сты, Къостайы лæгæй-лæгмæ чи зыдта, уыдон.

Уыдонæй иу у, Къостайы дуджы питераг студент Б. М. Гордецкий, фæстæдæр ссис профессор. Бирæ æрмæг нын ныууагъта Къостайы тыххæй. Æгæрыстæмæй, Къостайæн Питеры операци куы кодтой, уæддæр йæ уæлхъус уыд Городекцкий.

Къоста Ставрополы бирæ рæстæг арвыста æмæ дзы бирæ хæлæрттæ скодта. Фыды лæггад ын фæкодта нывгæнæджы ахуыргæнæг В. И. Смирнов, рæсугъд æмæ зæрдæмæдзæугæ хабæрттæ фæкодта Къостайыл.

Кæуылты уыдысты йæ ахастытæ В. Г. Шредерсæн Къостаимæ. Бирæ зæрдæ-мæдзæугæ æрмæджытæ баззад Шредерсæн Къостайы тыххæй.

Къоста Херсоны арвыста иу аз. Ам дæр дис-саджы хорз фæд ныууагъта Къоста. Дзуры сыл йæ фысымты ус Д. Хофс.

Лабæ æмæ Къоста. Ацы фарстыл дзургæйæ, чиныджы автор бирæ æрмæджытæ хæссы рæгъмæ.

Плиты Гацыр дарддæр йæ чиныгмæ бахаста ахæм адæймæгты, кæцытæ стыр тых бахардз кодтой Къостайы цард, йæ удыгъæды миниуджытæ, йæ дунеæмбарынады рæгъмæ рахæссыныл. Уыдон та уыдысты: Байаты Гаппо, Тугъанты Махарбег, Абайты Уасо, Гæдиаты Цомахъ æмæ Тыбылты Алыксандр.

Къоста æмæ Гаппо. Уый рагон æмæ вазыгджын фарст у. Ирон литературон критикæйы Гаппойæ фылдæр загъдæуыд цъыфкалæн ныхæстæ. Афтæ рауад, цыма Гаппо уыдис Къостайы цыфыддæр знаг. Плиты Гацыр сæрмагонд сæры: «Байаты Гаппо æмæ Хетæгкаты Къоста»-йы æргом æмæ бæлвырд хъуыдытæ загъта ацы дыууæ æрдхорды тыххæй. Æмбæлон хатцæгтæ аразгæйæ, Плийы фырт зæгъы: Гаппо уыдис Къостайы хæлар, Къостайы æмгар, Къостайы цард, йе ‘хсæнадон æмæ литературон куыстæн цæстуарзонæй чи аргъ кодта, ахæм адæймаг. Плийы фырт æргом æмæ уæндонæй зæгъы: Къостайы Гаппойы хуызæн ничи зыдта, Къостамæ Гаппойæ æввахсдæр лæг нæ уыд.

Æмбæлон ныхас æрцыд чиныджы, Тугъанты Махарбеджы ахаст Къостамæ цахæм уыд, уый фæдыл.

Ацы фарстыл дзургæйæ, Гацыры къухы уыд дзæвгар æрмæджытæ æмæ нын нæ размæ рахаста иу стыр хъуыддаг: Махарбег Къостайы нымадта йæ ахуыргæнæгыл, Махарбеджы ныхæстæм гæсгæ, Къоста хуызфыссынады аивады дæр уыдис цардæгас уæйыджы хуызæн. Махарбеджы ныхас æргом уыд: «Коста Хетагуров является первым поэтом и пионером живописи в Осетии».

Кæуылты у йæ ныхас Махарбегæн Къостайы нывтæн аргъ кæнгæйæ: «Къоста нын «Дурсæтджытæй» дарддæр куы ницы ныууагътаит, уæддæр нымад æрцыдаит ирон хуызфыссынады аивады бындурæвæрæгыл».

Æвæццæгæн, ирон адæмæй Абайты Уасойы йас ничи хъуыды кодта Къостайы удыхъæд, уый царды фæндæгтыл. Чиныджы сæртæй иу хуыйны: «Абайты Уасойы цæстæнгас Къостамæ». Бирæ хабæрттыл æрцыд ныхас ацы сæры. Уасо канд уарзгæ нæ кодта Къостайы, фæлæ стыр аргъ кодта йæ куырыхондзинадæн дæр. Маст та кодта, Къоста цъус кæй фæцард, ууыл.

Куысты бæлвырдæй зыны, Уасо цы ахаст дардта Къостамæ, куыд бæрзонд ын æвæрдта йе сфæлдыстад. Уасо алы хатт дæр æвæрдта фарст: «Цы нысан кæны Къоста ирон адæмæн, ирон литературæйæн?» Ацы фарсты фæдыл аккаг хъуыдытæ æрцыд загъд чиныджы Абайты Уасойы тыххæй.

Цæстуарзон ныхас æрцыд куысты, Цомахъ Къостамæ цы цæстæй акаст, ууыл дæр. Раст у, фæсреволюци Цомахъ загъта, фыццаг хатт, чи у Къоста ирон адæмæн. Цомахъ уæд Къостайы рахуыдта: «Ирон адæмы сæуæхсид», «Адæмы «сæуæхсид», «Адæмы кады мæсыг», «Ирон литературæйы стъалы». Плийы фырт бæлвырд факттыл æнцойгæнгæйæ, Цомахъ цы загъта Къостайы цард, йе сфæлдыстад, йæ дунеæмбарынад æмæ æндæр фарстыты тыххæй, уыдоныл бæстонæй равдыста ацы чиныджы.

Чиныджы сæртæй иу хуыйны: «Тыбылты Алыксандры цæстæнгас Хетæгкаты Къостамæ». Алыксандрæн дæр йæхи ахаст, йæхи хъуыдытæ кæй уыд Къостамæ, æмæ Къостайы тыххæй ууыл бæстон ныхас æрцыд ацы чиныджы.

Йæ дуджы Алыксандры стыр бæллиц уыд: нæ адæм хъуамæ зоной се ‘взаг, уарзой æмæ кæсой Къостайы. Ир ацы ахсджиаг фарстытæй сæхи иуварс кæй ластой, уымæ зæрдæрыстæй кастис Алыксандр. Плиты Гацыры куысты бæстон ныхас æрцыд, Алыксандр цы цæстæй кастис ирон æвзагмæ, нæ литературæмæ, куыд æнувыд куыст кодта, цæмæй Ир се ‘взаг, сæ литературæ, се ‘гъдæутты зоной.

Чиныджы æрмæджытæй иу хуыйны: «Къостайы дунеæмбарынады цахæм уыд сылгоймаг?» Плийы фырт раст зæгъы: Къоста йæ царды бонтæ арвыста Ирыстоны, Ставрополы, Петербурджы. Бирæ раззагон сылгоймæгтимæ уыд зонгæ. Æппæлынæй дарддæр, иунæг сылгоймагæй дæр æвзæр нæ загъта. Куысты бæстон æвзæрст æрцыд фарст: ирон сылгоймагмæ, йæ уавæрмæ цы цæстæй каст Къоста. Автор бæстон фæдзырдта йæ куысты, Къоста хорз кæй зыдта ирон сылгоймаджы уавæр, ирон æхсæнады карз закъæтты, ирæды æнамонд-дзинады фæстиуджыты.

Куысты æмбæлон ныхас æрцыд, Къостайæн бинонтæ кæй нæ уыд, кæй йын нæ бантыст йæ цард саразын æмæ цы уыдысты йæ аххосæгтæ.

Чиныджы сæртæй иуы схуыдта йæ автор «Æрдз æмæ сурæт Къостайы сфæлдыстады».

Къоста йæ уацмысты сюжеттыл кусгæйæ, фæлгæндзты миддуне аразгæйæ, æрдзы нывтæй куыд арæхстджынæй пайда кодта, уыдæттыл бæстон æрдзырдта куысты автор.

Чиныджы фæстаг сæр хуыйны: «Къостайы царды фæстаг рæстæг». Бирæ цымыдисаг фарстытæ ис Къостайы тыххæй ацы сæры. Къостайы царды бонтæ фæстагмæ цахæм уыдысты, куыд фæцудыдта йе ‘нæниздзинад, цы уавæрты æрвыста йæ бонтæ Дзæуджыхъæуы æмæ Лабæйы, уый тыххæй гъенырмæ нæ къухы уыдис скъуыддзæгтæй кадавар зонæнтæ.

Плийы фырт бирæ æрмæг æртымбыл кодта Къостайы фæстаг тухийаг азты тыххæй. Ацы æрмæг чи бакæса, уый ныр бæстон зондзæн, цы уавæрты уыд Къоста 1903-1906 азты. Чи уыдысты уыцы хорз адæм, Къостамæ чи каст, йæ уæлхъус-иу чи абадт, материалон æгъдауæй йын чи æххуыс кодта. Къостайы амæлæт, Лабæйы кæуинаг бонтæ, йе сласт Дзæуджыхъæумæ, адæмы хъынцъым, мардæн кад кæнын, йæ ингæны уæлхъус цы интеллигенци змæлыд  æппæт уыдæттыл фаг æрмæг ис ацы чиныджы.

Кæронбæттæны зæгъын: чиныг хъæуæг æрмæг у. Къостайæн чи аргъ кæны, уый æнæмæнг хъæуы ацы чиныджы сæр. Къостайы зонын, уый царды фæндæгтыл афæлгæсын йæ дунеæмбарынады къæбицмæ ныккæсынæн ахъаззаджы æрмæ-джытæ-хабæрттæ ис ацы чиныджы.

Чиныджы автор, профессор Плиты Гацыр, аккаг у, цæмæй йын ацы чиныджы тыххæй лæвæрд æр-цæуа Хетæгкаты Къостайы номыл лауреаты преми.

Æмæ канд ацы чиныг нæ, скъолатæ æмæ студенттæн, стæй ирон литературæйыл чи кусы, уыдонæн Плийы фырт сæ къухмæ радта 10 чиныджы, иу-æртæ та сты рауадзыны къахыл лæуд.

Ирон фысджытæ æмæ литературон фарстытыл цы статъятæ фæфыста, уыдоны нымæц дæр 250 фылдæр сты.

Къамисы уæнгтæ хъуамæ бахынцой æппæт дæр, æмæ Плиты Гацырæн саккаг кæной Къостайы премийы лауреаты ном.

ДЗЕБЫСАТЫ Гуло

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.