Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты дунеон бон æрвылаз дæр 30 августы нысан цæуы нæ республикæйы. Дунейы рагондæр организаци – Сырх Дзуары Дунеон Комитет йæ мандаты фæлгæтты æххуыс кæны, æбæрæгæй чи фесæфт, æфсæддон хъаугъайы     рæстæджы кæнæ адавыны фæстиуæгæн, уыдон бинонтæн.

Ацы бон Сырх Дзуары Комитет адæймагады зæрдыл лæууын кæны, æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хиуæтты бартæ, сæ æввахс хиуæтты хъысмæт кæй у адæймаджы бартæ æмæ æхсæнадæмон гуманитарон барты сæйраг бындур.

Хуссар Ирыстоны дæр Сырх Дзуары Дунеон Комитет, нейтралон гуманитарон æхсæнлæ-гæй дарддæр активонæй архайды æбæрæгæй сæфт æмбæс-тæгты хъысмæт сбæрæг кæнын æмæ сæ бинонты фарс балæууыныл.

Ацы проблемæ чысылнымæц Хуссар Ирыстоны иувæрсты нæ ахызт. 90-æм азтæй фæстæмæ æндыгъд, хæстон уавæрты æбæрæгæй фесæфтысты нæ æмбæстæгтæ. Уыдо-нæй бирæты хъысмæт, хъыгагæн, абон дæр бæрæг нæу…

Нæ горæты Анахарсисы номыл Национ библиотекæйы ацы боны цытæн уагъд æрцыд тымбыл фынг. Хуынд æм æрцыдысты æбæрæгæй сæфт æм-бæстæгты æввахс хиуæттæ, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Хицауады бæрнон кусджытæ.

Сырх Дзуары Дунеон Комитеты æхсæнадимæ бастдзинæдты фæдыл кусæг Тедеты Маринæ мадзал гом кæнгæйæ, банысан кодта Сырх Дзуары Комитетæн æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæт уæлдайаг кæй нæу. «Нæ æдзухон хъусдарды бын сты, сæфт æмбæстæгты бинонтæ куыд цæрынц, уый. Комитет сын æххуыс кæны йæ фадæттæм гæсгæ. Уымæй дарддæр нæ организаци æххæст кæны психо-социалон æххуыс, кæцы ис нæ иумиаг          проектты», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Æнæхицауадон республикон организаци «Память и надежда»-йы сæрдар Куыдзеты Лидæ дзырдта æбæрæгæй сæм æмбæстæгты бинонты уæззау уавæрыл. Лидæ æрмæст ныхæс-тæй нæ, фæлæ хъуыддагæй дæр ис уыцы уавæры, йæ æртæ хъæбулы фыд æбæрæгæй сæфт кæй у, уый фæстиуæгæн.

«Æз уæ бузныг дæн, нæ уæззау уавæр æмбаргæйæ, чи фæлмæн ныхасæй, чи хъуыддагæй нæ фарсмæ кæй æрбалæуут, цæмæй нæ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæтæй исты бæрæг базонæм.

Ацы аз нын тынг ахсджиаг æмæ вазыгджын у – Сырх Дзуары Дунеон Комитет æрмæст нæ хиуæтты агурынæй дарддæр æххуыс кæны нæ бинонтæн. Ацы аз æмбырд кæнын райдыдтой ДНК-анализтæ, цæмæй сæ уый фæстæ абарæм, гуырдзиаг фарс нæм цы мард буары баззайæццæгтæ радта, уыдони-мæ», – дзырдта Лидæ.

Лидæ ма бузныджы ныхæстæ загъта республикæйы æмбæлон структурæтæн, кæцытæ кæнынц активон куыст ацы вазыгджын фарсты фæдыл – Постконфликтон фарстатæ бæстон кæныны фæдыл Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат, адæйма-джы барты фæдыл æххæст-барджын Тасойты Иналæн, Сырх Дзуары кусджытæн æмæ æндæртæн.

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик банысан кодта, ацы бон нæ иувæрсты кæй нæ ахызт. Уымæ гæсгæ æрвылаз дæр Сырх Дзуары Комитетимæ иумæ нысан цæуы ацы бон.

«Мах, кæдфæнды дæр хъуа-мæ балæууæм, æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон бинонты фарс-мæ. Адæймаг цæры ныфсытæй – уыдон дæр æнхъæлмæ кæ-сынц сæ хиуæттæм.

Нæ чысылнымæц адæмæн алы адæймаг дæр нымад у, æмæ нын зын у, уыйбæрц адæм абоны онг дæр кæй сты æбæрæгæй сæфт. Уыдоны мах кæд-фæнды дæр хъуыды кæнæм, æмæ араздзыстæм æппæт дæр, сæ хъысмæт сбæрæг кæныны тыххæй», – дзырдта Хицауады Сæрдар.

Постконфликтон фарстытæ бæстон кæныны фæдыл Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат банысан кодта, зæгъгæ, мах иумæ хъуа-мæ кусæм ацы хъуыддагыл, цæмæй сбæрæг кæнæм алы æбæрæгæй сæфт æмбæстаджы хъысмæт дæр.

«Фæлæ нæ хъуамæ уырна, сæ фæндаг хæдзармæ кæй фæцыбырдæр уыдзæн, уый. Ацы хъуыддаджы æз дæр бузныг зæгъын æмæ райгонд дæн Сырх Дзуары куыстæй, кæцы æрвылбон дæр кусы ацы æмбæстæгты фарстыл», – дзырдта Джиоты Мурат.

 

Ныхасгæнæг ма бузныг загъта уæрæсейаг коллегæтæн сæ æгæрон æххуысы тыххæй. Сырх Дзуары Дунеон Комитеты сæргълæудæй ныр цалдæр азы кусы уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг æртæфарсон къамис, кæцы стыр куыст кæны æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъысмæт сбæрæг кæныныл.

Джиоты Мурат куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ 2008 азæй фæстæмæ уагъд цæуынц Фæскавказы æдасдзинады фæдыл дунеон дискусситæ. Йæ алы фембæлды рæстæджы дæр хуссарирыстойнаг делегаци æвæры, æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæты фæдыл фарст. Уымæн æмæ ацы æвæджиаг хæс дискусситы хайадисджыты раз æвæры республикæйы къухдариуæгад.

«Цалынмæдæриддæр нæ рабæрæг кæнæм алы æбæрæгæй сæфт æмбæстаджы хъысмæт, уæдмæ хæсджын стæм, цæмæй сыл дзурæм, хъуыды кæнæм, æнхъæлмæ сæм кæсæм æмæ аразæм, сæ рабæрæг кæныны тыххæй æппæтдæр. Уый у нæ æвæджиаг хæс», – банысан кодта Мурат.

Культурæйы министр Зассеты Жаннæйы ныхæстæм гæс-гæ, мах, сæрæгæстæ, стæм æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты раз хæсджын.

«Мæнмæ гæсгæ афтæ растдæр уаит, æмæ нæ хъæбултæ махæй фылдæр куы цæриккой. Æмæ уæд цæрын дæр æнцон-дæр уаит. Æрмæстдæр уæд сфæраздзыстæм не стыр уæззау маст. Уадз нæ ацы амынд, нæ мысынад алы бæстæйæн, адæмæн дæр суæд карз фæ-дзæхст. Мах сывæллæтты хуы-зæттæ ныртæккæ мæлынц Си-рийы, ахæмтæ сæфынц Донецкы…

Адæймагады æмæ мæдты номæй æз бузныг дæн Сырх Дзуары Дунеон Комитетæй. Дзурын æмæ æмбырд кæнын цъус у.  Иууыл уæззаудæр у бо-нæй бонмæ æнхъæлмæ кæсын, хъуыды кæнын, дзурын, къахдзæфтæ аразын, кæцытæ уыдзысты фæстиуæгджын. Уадз æмæ нæ алкæмæн дæр ма асæттæт йæ ныфс – уадз алчидæр разынæд, алы мады зæрдæ дæр барухс уæт», – дзырдта Жаннæ.

Дарддæр ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ мах хъуамæ саразæм æппæтдæр, цæмæй исты бæрæг базонæм æбæрæгæй сæфт æмбæстæгтæй. Сæ хиуæттæн йæ цæст бауарзта тыхтæ æмæ фæразондзинад.

Хуссар Ирыстоны Сырх Дзуары Дунеон Комитеты    сæргълæууæг Фаррух Исломов мадзалы хайадисджытæн радзырдта, организаци ацы            хъуыддаджы цы куыст кæны, уый. Ацы мысæн мадзал ауадзын дæр, зæгъгæ, у нæ æргом иудзинад æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты бинонтимæ, сæ рыстимæ, кæцы дæргъвæтин азты дæргъы нæ нымæг кæны.

Йæ ныхæстæм гæсгæ Фаррух дис кæны сæ ныфсхастдзинад æмæ быхсындзинадыл, цæй руаджы дарддæр сæ цард кæнынц.

«Ахæм мадзæлттæ уадзыны руаджы мах дунеон æмæхсæ-нады, æхсæнадæмон организациты æмæ æмткæй æмæхсæнады хъусдард здахæм, ацы проблемæмæ, уымæн æмæ хауы алкæмæдæр. Уымæ гæсгæ мах ноджыдæр нæ мандаты фæлгæтты араздзыстæм æппæтдæр, цæмæй республикæйы къухдариуæгадимæ æмæ æмбæстагон æхсæнадимæ иу-мæ ссарæм, æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты бинонты цы фарстытæ тыхсын кæнынц, уыдонæн дзуаппытæ.

Мадзалы кæрон уагъд æрцыд презентаци чиныг «Воспоминание длиною в жизнь», кæцы мыхуыры рацыд 2014 азы. Чиныджы ис гуырдзиаг агрессийы рæстæджы æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты тыххæй историтæ.

Сырх Дзуары Дунеон Комитеты кусæг Тедеты Маринæ куыд дзырдта, уымæ гæсгæ ацы аз чиныг уагъд æрцæудзæн дыууæ æвзагыл (англисаг æмæ уырыссаг). 2015 азы та уагъд æрцыд ирон æвзагыл. Ацы чиныгмæ гæсгæ ма ист æрцыд чысыл фильм дæр, кæцы æвдыст æрцыд мадзалы хайадисджы-тæн.

Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты сывæллæттæ сæхи къухтæй арæзтой ацы боны символы нысæнттæ æмæ сæ лæвар кодтой мадзалы хайадисджы-тæн. Библиотекæйы бахизæны залы уыд фоторавдыст, æбæрæгæй сæфт адæймæгты æмæ сæ хиуæтты номыл.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.