РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти ауагъта кусæгон æмбырд æххæсткæнынадон дисциплинæйы фарстаты фæдыл. Æмбырды хайад райстой йæ хæдивджытæ Тъехты Алан æмæ Пухаты Эрик, афтæ ма Хицауады Аппараты кусджытæ, сæ сæргъ Гаглойты Олег, афтæмæй.

Хъуылымбегты Доменти банысан кодта цалдæр ахсджиаг моменты, кæцыты хъæуы фæхуыздæр кæнын: хæслæвæрдтæ æххæст кæнын, æмбæстæгты куырдиæттимæ кусын, дзыллон информацийы фæрæзтимæ æмархайд.

Хицауады Сæрдар йæ хæдивджытæй æмæ Аппараты управлениты хистæртæй æрдомдта, цæмæй карзæй контроль кæной, Хицауад æмæ Хицауады Сæрдар цы хæслæвæрдтæ радтынц, уыдоныл, домой, цæмæй сæ æвæстиатæй æххæст кæной æмæ сæ куыстмæ кæсой иттæг бæрнон цæстæй.

«Кæд æмæ Хицауады куысты фæстаг рæстæджы æнкъардæуы хуыздæрæрдæм зынгæ ивындзинæдтæ, уæддæр нырма къухты нæ бафтыд æнæлаз куыст паддзахадон разамынады æппæт æмвæзадты», — банысан кодта Хицауады Сæрдар æмæ ныфс бавæрдта, кæй фæкарздæр уыдзæн къухдариуæггæнджытæй домындзинад хæслæвæрдтæ нæ æххæст кæныны тыххæй.

Уый ма афтæ бацамыдта системон куыст организаци кæныны æнæмæнгхъæуындзинад, афтæ банысан кæнгæйæ, зæгъгæ, хуыздæр кæнын хъæуы Хицауады структурон дæлхæйтты ’хсæн æмархайд организаци кæнын дæр.

«Æвæрццаг фæстиуджытæ къухты бафтынгæнæн ис æрмæстдæр уæд, кæд æмæ мах сфидар кæнæм æххæсткæнынадон дисциплинæ æмæ бæрндзинад министрадты æмæ паддзахадон разамынады æндæр республикон органты», — банысан кодта Хъуылымбегты Доменти.

Гаглойты Олег банысан кодта, зæгъгæ, Хицауады Аппараты æххæсткæнынадон дисциплинæ фæтыхджындæр кæныны куыст рахаст æрцыд фыццаг планмæ, фылдæр хъусдард здæхт цæуы Аппаратмæ Хицауады рабадтыты проекттæ рæстæгыл райсыны фæдыл регулярон контролмæ, кæцытæ арæх, куыд æмбæлы, афтæ цæттæ нæ вæййынц æмæ семæ зонгæ нæ вæййынц цымыдисгæнæг ведомствотæ.

Æмбырды рæстæджы ма банысан æрцыд, кæй фæактивондæр кæнын хъæуы куыст æмбæстæгты куырдиæтты фæдыл, арæхдæр кæй хъæуы химæрайстытæ, республикæйы районты цæрджытимæ фембæлдтытæ.

Министрты кабинеты сæргълæууæг йæ хæдивджытæн бахæс кодта, цæмæй сæ контролмæ райсой къабазон программæтæ корректировкæ кæныны куыст, афтæ ма сæ бахæсджын кодта, цæмæй активондæр диалог аразой дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттимæ.

«Республикæйы æмбæстæгтæм хъуамæ хæццæ кæна информаци Хицауады архайды æппæт аспектты фæдыл, архайæг паддзахадон программæты фæдыл, цæмæй фарстытæ ма ’взæрой, паддзахад цы хъуамæ араза йæ æххæстбарты фæлгæтты, уый тыххæй», — банысан кодта Хъуылымбегты Доменти.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.