Æвæццæгæн, зæххыл нæ разындзæн ахæм адæймаг, кæцыйы не ‘ндавы йе ‘нæниздзинад. Цæмæй адæймаг æнæниз æмæ куыстхъом уа, уый тыххæй хъуамæ хæлд ма цæуа йæ удæнцой. Адæмы фæзындæй фæстæмæ се ‘мбæлццон сты алыгъуызон низтæ: æппæт дæр мæгуырауæрдæм æндæвтой адæмы æнæниздзинадыл. Нырыккон дуджы кæд царды уавæртæ хуыздæр кæнынц æмæ иуæй-иу тæссаг низтæ фесæфтысты, уæддæр нын нырма æнцойад нæ дæттынц бирæ низтæ. Низты фæзынд, сæйраджыдæр, царды уавæртыл баст у æмæ махæн та уыдон бæллиццаг нæ уыдысты.

Уыцы æнамонддзинæдтæ райдыдтой рацарæзтимæ иумæ. Райдианы адæм æнхъæлдтой, зæгъгæ, нæ царды уавæртæ фæхуыздæр уыдзысты, фæлæ фæстæдæр куыд фæбæрæг, афтæмæй афтæ нæ рауади. Рацарæзты рæстæджы цы ивындзинæдтæ цыд, уыдонимæ алчи разы нæ уыд. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уый мæгуырауæрдæм æндæвта се ‘нæниздзинадыл, уымæй фыддæр та уыд Советон Цæдисы фехæлд. Ацы уæззау хабар алкæй дæр сдыгъуырццæг кодта, фæлæ иууыл риссагдæр æнкъарæнтæ æвзæрд хистæр кары адæймæгтæм, Советон Цæдисы чи райгуырд, йæ цард уым чи ссардта æмæ дзы къорд азты амондджынæй чи цард, уыдонмæ. Уыимæ цæхгæр дæлæмæ хауд адæмы царды æмвæзад æмæ уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, æндæвта се ‘нæниздзинадыл.

Æвзонгдæртæ ацы цауы ахадындзинад банкъардтой фæстæдæр, Советон Цæдисмæ хорзæй цы уыд, уыдон кæрæдзийы фæдыл хæлын куы райдыдтой, уæд. Сæ бон нал уыд Централон мыхуыр кæсын, фæивтой телеуынынады ралæвæрдтæ дæр.

Хæлын райдыдта, цæрæнбонты цы хæлардзинады мæсыг арæзт уыд, уый дæр. Райдианæй уый адæмы уырнгæ дæр нæ кодта, сæхицæн æвæрдтой алыгъуызон ныфсытæ, фæлæ уавæр бонæй бонмæ кодта мæгуыраудæр. Адæм фесты сагъæссаг. Æппæт дæр ууыл куы банцадаид, уæд ын сфæ-разæн уыдаид, фæлæ… Знон дæр ма хорз сыхæгты цардæй чи цард, кæрæдзийæн адджын салам чи лæвæрдта, уыдон уысммæ знæгтæ фестадысты. Æртхъирæнтæ æмæ æфхæрæнтæй дарддæр ницыуал хъуыст. Раст хъуыдыгæнæг адæмтæ кæд быхстой, фæрæзтой уæддæр, се ‘нæниздзинад æнæфæцудгæ нæ уыд. Адæм бынтондæр сдыгъуырццæг сты алырдыгæй хæстон архайдтытæ куы райдыдтой, уæд. Уыцы азты стырдæр зындзинæдтæ æнкъардтой чысыл нымæц адæмтæ. Уæд æнхъæл чи уыд, æмæ Хуссар Ирыстоны зæххыл гуырдзиаг фыдгæнджытæ цы арт бандзæрстой, уый фæсуддзæнис 20 азæй фылдæр. Уыцы азты дзæвгар фесæфтам не ‘мбæстæгтæй, бирæтæ фæсахъатджын сты. Ахæм уавæрты цард адæймаджы зæрдæ-дадзинты системæйыл куыд æндавы, уый тыххæй мæнæ цы зæгъы Хуссар Ирыстоны республикон рынчындоны кардиологион хайады гæс Хъороты Светланæ.

– Уæдмæ дæр нæм хос кодтой, йæ зæрдæ кæмæн рыст æмæ йæ туджы æлхъывдад бæрзонд кæмæн уыд, ахæм рынчынтæ, фæлæ рацарæзт, паддзахады фехæлд æмæ Гуырдзы-стоны æрбабырсты фæстæ ахæм рынчынты нымæц фæфылдæр цалдæр хатты. Кæд уæдмæ хос кодтам рынчындоны 5-7 рынчынæн, уæд уый фæстæ та – 25-27 адæймагæн. Хъыгагæн, уыцы нымæц абон дæр нæма къаддæр кæны. Уыимæ ма рынчынты уавæр кæны мæгуыраудæр. Раздæр бынтон цъус уыдысты, йæ зæрдæйыл операци кæмæн хъуыд, ахæмтæ. Абон ахæм рынчынтæ сты арæхдæр.

Абон мæн зæгъын фæнды, цы æрцыд уый æрцыд, уыдæттæй фæстæмæ раздахæн ницæмæнуал ис, фæлæ ныл абон æмбæлы, цæмæй нæ хъус хуыздæр дарæм, цасдæрбæрцæй чи фæлæмæгъдæр ис, нæ уыцы æнæниздзинадмæ. Уый тыххæй зонын хъæуы, зæрдæ, тугдадзинтæн стырдæр зиан кæй хæссынц карз нуазинæгтæ, тамако æмæ æмбæлы, цæмæй сæ нæхи бахизæм. Уымæй дарддæр ма алчидæр рæстæгæй рæстæгтæ хъуамæ цæуа дохтырмæ æмæ сгара йе ‘нæниздзинад. Ацы æмæ æндæр домæнтæ куыд æмбæлы, афтæ æххæст куы цæуой, уæд, нæ адæм тагъддæр рахиздзысты сæ абоны мæгуырау уавæрæй, къаддæр нæм уыдзæн рынчынтæ.

Хæсты фæстæ æрмæст зæрдæдадзинты рынчынтæ нæ фæфылдæр сты, фæлæ ма нуæрттæй рынчынтæ дæр. Уыдоны тыххæй та рынчындоны неврологийы хайады гæс Джыгкайты Валентинæ афтæ зæгъы:

– Йæ зæрдæ кæмæн риссы, йæ туджы æлхъывдад бæрзонд кæмæн у, уы-донимæ ма хæсты фæстæ дзæвгар фæфылдæр сты, сæ нуæрттæ кæмæн риссынц, ахæм рынчынтæ дæр. Нуæрттæ кæмæн риссынц, уыдоны ‘хсæн фылдæр ис, хæстон архайдтыты хайад чи иста, ахæмтæ. Кæд раздæр нуæрттæй рынчынты ‘хсæн хæрзцъус уыд 15-20-аздзыдтæ, уæд абон ахæмты нымæц фæфылдæр цалдæр хатты. Фæзæгъынц, зæгъгæ, нуæрттæн сæндидзынгæнæн нæй. Ахæм хъуыды аппаринаг нæу, фæлæ куыд æмбæлы, афтæ куы бацархайæм, уæд цас-дæрбæрцæй æнтыст бафтдзæнис нæ къухты. Уый тыххæй алчидæр йе ‘нæниздзинадмæ бæстон хъуамæ дара йæ хъус. Сæйраджы, ныууадзæм зианхæссæг цайдагъдзинæдтæ, цæуæм спортзалтæм, бассейнтæм.

Уæлдæр бацамынд низтæй рын-чынтæй дарддæр ма хæсты фæстæ дзæвгар фæфылдæр сты сæкæрнизæй рынчынтæ. Уый тыххæй та йæ хъуыды зæгъы рынчындоны эндокринологон хайады гæс Быценты Индирæ, зæгъгæ, адæймагмæ сæкæрниз арæхдæр фæзыны тас æмæ мастæй. Уыдонæй та, стыр хъыгагæн, фæстаг 30 азы бæрц нæ адæм æнахай не сты. Ахæм рæстæджыты сæкæрнизæй арæхдæр æмæ æнцондæрæй фæрынчын вæййынц, йæ фыдæлтæ ахæм низæй рынчын кæмæн уыдысты, уыдон.  Индирæ куыд загъта, уымæ гæсгæ ма сæкæрниз фæзыны æндæр ах-хосæгтæм гæсгæ дæр. Уыцы нымæцы грипп, операци æмæ æндæр ахæм уавæрты фæстæ. Индирæ банысан кодта, зæгъгæ, низ къаддæры бæсты кæны парахатдæр æмæ домы, цæмæй алы æмбæстаг дæр рæстæгæй рæстæгмæ цæуа дохтыртæм æмæ бæрæг кæна йе ‘нæниздзинад.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.