20 октябрæй фæстæмæ Донецкы æмæ Луганскы адæмон республикæты æмæ Запорожье æмæ Херсоны облæстты Владимир Путины барамындмæ гæсгæ баконд æрцыдис хæстон уавæр. Уымæй уæлдай ма Украинæйы арæнмæ æввахс уæрæсейаг территориты та бакодтой астæуккаг æмвæзы фердæхты архайды режим. Ардæм бахаудтой 8 регионы — Хъырым, горæт Севастополь, Белгороды, Брянскы, Воронежы, Курскы, Ростовы облæсттæ æмæ Краснодары край.

Ам банысан кæнын хъæуы уый æмæ референдумтæ кæцы территориты уагъд æрцыдис æрæджы, уым ныры онг дæр кæй уыд хæстон уавæры режим. Фæлæ уый уыд сæхи закъæттæм гæсгæ æмæ йын ныр та хъуамæ радтой ахæм формæ, цæмæй хæлд ма цæуой Уæрæсейы Федерацийы Конституцийы нормæтæ. Уымæн æмæ хæстон архæйдтытæ цы территоритыл цæуынц, уым политикон уавæр цæхгæр фæивта — хæст ныр цæуы Уæрæсейы территорийыл. Ӕниу ныры онг дæр арæнмæ ввахс уæрæсейаг территоритæ æдас нæ уыдысты — æрвыл бон дæр сæ æхсынц сармадзантæй, ракетæтæй, хæдтæхджытæй æмæ æндæр æхсæнгæрзтæй.

Куыд бандавдзæнис хуымæтæг адæмы цардыл ацы бакæнгæ режим?

Иумийагæй сисгæйæ бынæттон цæджытæн бирæ ницы фæивдзæнис се ’рвылбонон царды. Ацы къахдзæф фылдæр фæахъаз уыдзæнис æфсæддонтæн сæ службæйон хæстæ æмбæлон æмвæзадыл æххæст кæнынæн. Стæй ма бынæттон администрацитæн дæр ахæм уавæрты æнцондæр уыдзæнис фæтк æрæвæрын æмæ цæрджыты æдасдзинад бахъахъхъæнын. Уымæн æмæ Украинæйы фашистон къухдариуæгад æппынæдзух хъавы разиан кæнынмæ куыд æфсæддонтæн, афтæ ма хуымæтæг цæрджытæн дæр. Арæзт цæуынц алыгъуызон диверситæ æмæ теракттæ бынæттон цæрджыты нымæ.

Хæстон уавæр баконды фæстæ закъоны фæлгæтты уыцы территориты уагъд фæцæуынц алыгъуызон прпофилактикон мадзæлттæ. Фыццаджыдæр, вазыгджын объектты райдайынц хъахъхъæнын фылдæр тыхтæй æмæ цардæн тæссаг бынæттæй та эвакуаци саразынц бынæттон цæрджытæн. Уыцы территоритæм сæрибарæй бацæуыны æмæ рацæуыны бар нал уыдзæнис никæмæн — æнæмæнг хъæуы бардæттæг гæххæтт райсын. Фæндæгтыл фæлæууынц æфсæддон постытæ кæнæ патрултæ æмæ алкæцы транспорт дæр æмæ ма хызынтæ дæр сгарст фæцæуынц. Ӕхсæвыгæтты та дзы бакæнынц комендантон рæстæг.

Хæстон архæйдтытæ кæм фæцæуынц, уым алыхатт дæр æнцон ссарæн вæййы æхсæнгæрзтæ, хæлæн æрмæджытæ, наркотикон буарадтæ, карз нозтытæ, медицинон препараттæ. Ӕппæт ацы тæссаг дзаумæтты æмæ товарты æрзылдмæ уыдзæнис уæлдай хъусдард здæхт. Исты æххуыс бакæныны сæр куы бахъæуа хæстон архæйдтыты фæстиуæгæн, зæгъæм, зынгсирвæзтыты, эпидемиты æмæ æндæр ахæмты цауты, уæд æфсæддонтæн æмæ бынæттон администрацийæн закъон бар дæтты, цæмæй спайда кæной бынæттон цæрджыты автотранспортæй кæнæ бæстыхайæ дæр, фæлæ йын хицауад æнæмæнгæй компенсаци бафиддзæнис фæстæдæр.

Нæ уыдзæнис митингтæ æмæ демонстрацитæ кæныны бар, урæд æрцæудзысты зæрдæхсайгæ фæсарæйнаг организациты куыстытæ. Уымæй уæлдай ма фæсарæйнаг æмæбæстæгтæй, кæнæ бынæттон цæрджытæй дæр æхсæнадон змæстытæ аразынмæ чи хъава, уыдоны ныхмæ исдзысты.

Ахæм уавæрты æмбæлон службæтæ алыгъуызон информацитæм дæр цырд-дзастæй фæлæууынц. Исты гæды ныхас дæ дзыхæй куы ацæуа æфсæддонты кæнæ хæстон архæйдтыты тыххæй, кæцы зиан æрхæсдзæнис адæмæн æмæ паддзахадæн, уæд дыл тæрхон кæндзысты уæйгæнæджы статьямæ гæсгæ. Сæрмагонд службæтæн уыдзæнис телефонтæм æмæ æндæр ахæм аппараттæм сусæгæй хъусыны бар дæр, сгардзысты постытæ æмæ фыстæджытæ дæр.

Нæ вæййы алыгъуызон æвзæрстытæ æмæ референдумтæ уадзыны бар дæр. Кæд æмæ искæцы къухдариуæггæнæгæн йæ æххæстбары рæстæг фæвæййы, уæд ын æй адарддæр кæнынц. Фæлæ ацы хабар УФ-йы Президентмæ нæ хауы — ам хъуыддаг баст уыдзæнис Совет Федерацийы фæндонимæ. Уыимæ иумæ, нæ ивы тæрхондæтты æмæ прокурæтурæйы куыст — куыд куыстой, афтæ фæархайынц дарддæр.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.