Нæ республикæйы Национ музей кæд нырма æрæджы сырæзт, уæддæр йæ коллектив ахадæн куыст кæны куыд не ‘мбæстæгты, афтæ нæм цы уазджытæ æрцæуынц, уыдоны нæ историон бынтимæ зонгæ кæныны фæдыл, кусынц сæ коллекци, экспонаттæ фылдæр кæныныл. Уымæй дарддæр ма сорганизаци кæнынц алыгъуызон цымыдисон мадзæлттæ дæр.

Ацы бонты, Стыр Уæлахизы 72 азы агъоммæ та музейы кусджытæ бацархайдтой æмæ Хæстон Кады хайады баххæст кодтой ног экспозицийæ. Йæ директор Зассеты Мераб куыд зæгъы, афтæмæй сæ Стыр Уæлахизы радон бæрæгбонмæ бафæндыд ногæй исты ахæм цыдæр саразын, кæцы стыр цымыдис равзæрын кæна æмæ диссаг дæр фæкæса музеймæ æрбацæуджытæм æмæ цæмæй сæ хъуыдыты аныгъуылой ивгъуыд, цыппорæм азты уæз-зау хæсты цауты, ауайын сæ кæной сæ цæстытыл.

Директоры ныхæстæм гæсгæ ахсджиаг у, цæмæй зонæм Стыр Фыдыбæстæйон хæсты истори. Æрмæстдæр уый тыххæй нæ æмæ æппæт дунеон историйы кæй ссис фæзилæн рæстæг. Зонын та йæ хъæуы уымæн, æмæ Стыр Уæлахизы сæ бон куыд уыд, афтæ кæй æввахсдæр кодтой хъомысджын бæстæ – ССР Цæдисы æппæт адæмтæ, кæцытимæ уæхски-уæхск тох кодтой ирæттæ дæр æмæ æвдыстой диссаджы хъæбатырдзинад.

Ирыстоны стæм баззад ахæм бинонтæ, кæцытæм Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй не ‘рцыд фыдохы цау æмæ ма хъуамæ рох кæнæм, цахæм аргъæй бафтыд нæ къухты Уæлахиз, уый кæцыйы руаджы мах, сæ фæдонтæ, цæрæм сабыр арвы бын. Зассеты Мераб уæлдай ахсджиагыл банымадта, цæмæй Стыр Фыды-бæстæйон хæсты тыххæй рæстдзинад зоной фæсивæд.

Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ музей йæ разы æвæры хæс, цæмæй рæзгæ фæлтæры цæс-туынгæ æрмæджыты руаджы зонгæ кæна хæсты историимæ æмæ йæ сæ зæрдыл хуыздæр бадарой.

Музейы Хæстон Кады хайады æвæрд сты бирæ æрмæджытæ, кæцытæ дзурæг сты 1940-1945 азты хæстыл. Уыдон сты хæцæнгæрзтæ, хæстон хорзæхтæ, Сырх Æфсады хæстонты дзаумæттæ, документтæ, фыстæджытæ æмæ бирæ æндæр ахæмтæ. Фæлæ кусджыты бафæндыд, музейы форматæн æмбæлон чи нæу, ахæм цыдæр равдисын. Æмæ сарæзтой Сырх Æфсады хæстонæн быдырон уавæрты кæм цардысты, ахæм зæхбын хæдзар, æцæгæйдæр цахæм уыд, ахæм.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, нæ музеймæ æрбацæуджытæн цымыдисон уыдзæн, хæсты зæхбын хæдзар цахæм уыд, уымæ бакæсын, быдырон командирты цахæм уавæрты хъуыд скъуыддзаг кæнын сæ хæстон хæстæ, сæхи куыд ирвæзын кодтой афицертæ æмæ салдаттæ æхстыты бын… Хъæуы зонын Стыр Фыдыбæстæйон хæсты истори, уый у нæ æвæджиаг хæс хæсты фæмардуæвæг хæстонты æмæ ветеранты раз», – зæгъы Зассеты Мераб.

Сæ дарддæры плæнтты тыххæй дзургæйæ, Зассейы фырт банысан кодта, зæгъгæ, сæ зæрды ис музейы бæстыхайы фæстæ, гом арвы бын 2008 азы августы хæсты диорамæ саразын.

«Ацы хæст дæр махæн уыдис нæ историйы фæзилæн рæстæг, кæцыйæн абарæн ис Стыр Фыдыбæстæйон хæстимæ æмæ æрмæст нæ музейы нæ хъæуы йæ сæнусон кæнын», – загъта Мераб.

Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ Национ музей кæй цæттæ кæны Уæрæсейы Федерацийы æфсады уæвæг æхсæнгæрзты хуызæгты равдыст. Уыдон сын музейы директоры куырдиат-мæ гæсгæ радта 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы къухдариуæгад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.