Гуырдзыстонæн йæ фæнд рагацау конд уыд. Уыдон хъуамæ уавæр скарз кодтаиккой, цæмæй сын горæтмæ бацæуынæн æфсон уа. 1-æм августы уыцы иурæстæджы Гуырдзыстоны снайпертæн лæвæрд æрцыд бардзырд, цæмæй горæт Цхинвал æмæ йæ алфæмблай хъæуты хицæн æмæ хицæн постыты цы лæппутæ лæууынц, уыдонæй фехсой æмæ амарой цалдæры. Ацы бардзырды амæттаг фесты 6 ирон лæппуйы. Уыдонæй дыууæйæ уыдысты Цхинвалы районæй: Бестауты Гарик æмæ Дыгъуызты Роин.

Бестауты Гарик

Гарик куыста Цхинвалы районы мидхъуыддæгты хайады. 30 июлы йæ райгуырæн бон банысан кодта йæ бинонтимæ. Йе ‘мкъай Уалыты Ангелинæ куыд зæгъы, афтæмæй цæмæдæр гæсгæ æппынæдзух йæ зæрдæ уынгæг кодта. Афсон-иу кодта, зæгъгæ, нæ чызг Лаурæйы, дам, мысын, (йæ чызг уыцы рæстæджы Камчаткæйы ахуыр кодта). Гарик йæ райгуырæн боны дзаджджын фынгæй комкоммæ Присы постмæ ацыд. Ам йæ хъæу æмæ горæты лæппутæн цы пост уыд, уым йæхи æдасæй хатыд. Йе ‘мбæлттæ куыд зæгъынц, афтæмæй йæ зæрдæ дардта, æндыгъд уавæр тагъд кæй æрсабыр уыдзæнис, ууыл.   Фæлæ,   хъыгагæн,  хъуыддаг афтæ нæ рауад… Уыцы бонтæ Хуссар Ирыстоны ног историйы баззайдзысты тугæй фыст дамгъæтæй. Горæты æрбацæуæнмæ цадæггай цыдысты Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады хайадты бирæнымæц милицийы кусджытæ, мидæггагон æфсæдты салдаттæ, Гуырдзыстоны горæттæ æмæ сыхаг районты хæстон къордтæ. Суанг ма Украинæ æмæ Ныгуылæн Европæйæ дæр æркодтой æххуырст салдаттæ. Сæ нысан: нæ горæтæй – «сыгъдæг быдыр» саразын. Кæд æргом цыд 7-8-æм августмæ æрбакодтой, уæддæр августы райдианы дæр бæрæг уыд, уавæр карзæй-карздæр кæй кæны. Горæты æмæ районты цæрджытæн æнцойад нал уыд, кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ йæхи Цæгат Ирыстонмæ æппæрста. Хицауад стыр куыст бакодта уыцы бонты. Уæды Президент Кокойты Эдуарды амындмæ гæсгæ æхсæвæй-бонæй эвакуацигонд цыдысты сабитæ æмæ ацæргæ адæм. Фæлæ фæзынд ахæмтæ дæр, кæцытæ кæронмæ не ‘мбæрстой, уавæр бынтон карз кæй у. Гъе, та сæ сæрмæ нæ хастой, сæ бинонтæй йæ къухмæ æхсæнгарз чи райста, уыдон ныууадзын.

«Кæд мæлгæ, уæддæр кадимæ, райгуырæн къуым хъахъхъæнгæйæ!», – афтæ-иу дзырдта Бестауты Гарик дæр. Уыцы 6 лæппуйæ, кæцытæ фæмард сты Гуырдзыстоны снайперы къухæй, сæ иу, Гарик куы фæцæф, уæд ма йæ йе ‘мбæлттæ рынчындонмæ бæргæ баскъæфтой, фæлæ æхсæзæн дæр снайпер бахъавыд сæ сæртæм. Соматикон рынчындоны дохтыртæ куыд загътой, афтæмæй уыдонæй иуæн дæр нæ уыд удæгасæй баззайæн. Æхст кæцæй фæцыд, посты лæууæг лæппутæ уырдæм бæргæ нызгъæлстой. Ссыдысты бынатмæ дæр, фæлæ ма дзы сæййæфтой машинæйы фæд. «Гарикы æнæнхъæлæджы мард мын уый нæ ракодта, йæ баныгæнынæн нын уавæр кæй нæ дæдтой не знæгтæ, уый мын цас маст æрхаста. Суанг 5-æм августмæ уæлæуыл фæцис мард. Стæй йæ тыхамæлттæй баныгæдтам», – зæгъы Бестауты Гарикы идæдз.

Дыгъуызты Роин

Дыгъуызты Роин хъомыл кодта Цхинвалы районы Сатихъары хъæуы. Скъола каст фæуыны фæстæ Роин йæ ахуыр адарддæр кодта   Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты. Хорз æнтыс-тытæ йын уыд, ам. Фæлæ йæ зæронд мад æмæ фыдмæ æппынæдзух æхсайдта йæ зæрдæ. Мад рынчын уыд, фыд та æнæнхъæлæджы бакуырм. Сатихъар æмæ горæт, куыд фæзæгъынц, къæсæрæй дуармæ сты. Фæлæ се ‘хсæн уыд Ереды хъæу. Зæрæдтæм фæкæсын хъуыд æмæ та-иу Роин дæр Зары ‘фцæгыл, стæй Църуйыл араст йæ мад æмæ йæ фыды бæрæггæнæг. Хиуæттæ сæ фарсмæ уыдысты, фæлæ лæппу йæ хæсыл нымадта, зæгъгæ, хъуамæ сæ цуры уон. Рæстæгмæ ныууагъта йæ ахуыр æмæ кусын райдыдта Цхинвалы районы Дменисы хъæуы мидхъуыддæгты хайады. Фæстæдæр ахызт хъахъхъæнынад æмæ уæлвæткон уавæрты министрадмæ, Сатихъары арæнтæ чи хъахъхъæдта, уыцы лæппуты фарсмæ æрлæууыд. Æмæ гыццылæй, цы хъæуы схъомыл, уый хъахъхъæдта цæсты гагуыйау. Тæссаг уавæр-иу кæм сæвзæрд, уым та-иу балæууыд. 2008 азы 1-æм августы Роин йе ‘мтохгæнджытимæ уыд Дменисы хъæуы Чысыл Леуахийы был æмæ йæ уырдæм гуырдзиаг снайпер фехста. Цардбæллон лæппуйы зæрдæ банцад йæ кусынæй. Цалынмæ Роин нæ бабын, уæдмæ та цалдæр мæйы размæ амард йæ мад. Йæ куырм фыд дæр ма Роины фæстæ цалдæр мæйы ацард, стæй фырмæтæй амард. Афтæ ахуыссыд Роины бинонты цард. Хæсты азарæй басыгъд Дыгъуызты Зауыры хæдзары артдзæст. Се ‘рхæссæггаг хъæбулыл тайгæ æмæ райгæ чи кодта уæлион дунейыл, уыдон æй фыдæлты уæлмæрды дæр сæ хъæбысы æрбатыхтой…

Роин дæр цалдæр боны уыд æнæныгæд, мард бавæрынæн сын фадат кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ. О, фæлæ, уæд нæма зыдтой, разæй сæм ноджы стырдæр трагедитæ кæй æнхъæлмæ кæсы…

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.