Цхинвалы районы Ходы хъæумæ цалынмæ бахæццæ уай, уæдмæ йæ нæ фæхатдзынæ, ацы ран хъæу ис, уый. Дардæй рафæлгæсгæйæ дæм фæкæсдзæн æрмæстдæр тархъæды хуызæн. Фæлæ уый æрмæст хъæд нæу, фæлæ ма куыстуарзаг æмæ намысджын зæхкусджыты дыргъдæттæ, сæндæттæ, цæхæрадæттæ. Хъæуы фæйнæ фарс цæргæсы дыууæ базырау уæлвонг рæтты æрбынат кодтой йæ сыхаг хъæутæ Тыбылтыхъæу æмæ Къроз. Æрдзы ахæм алæмæттаг бынаты хæдзардзин адæймаджы намысджын фæллой æмæ сомбоны хуыздæр цардыл хъуыды кæнынæй дарддæр æндæр цы хъуамæ æндава. Фæлæ адæймаджы бæллиццаг фæндтæм хатт фæныхилы знаджы маргæйдзаг къух æмæ уæд æмбойны  аззайынц рохуаты. Уæлдæр ма йæ загътон, хъæу кæд зынæн бынаты нæй, уæддæр знагæн цы хъуамæ аирвæза, æмæ 2008-æм азы августы тæссаг хæст алы цæрæджы æнцойад дæр æрбайсæфта. Иу рæстæджы. Кърозы хъæумæ фæндаг кæм фæзилы, тæккæ уым æрхауд сармадзаны нæмыг. Ахæм тых ын уыд, æмæ Ходы хъæумæ кæд афтæ æввахсдæр нæу, уæддæр цæрджыты хæдзæртты рудзгуытæ базгъæлæнтæ сты. Æндæр бон та ахæм егъаукалиброн нæмыг сæмбæлд комы, уырдæм æввахс æмбæхст уыд Бекъойты Аланы машинæ, йæ амондæн ын ницы ратых кодта. Августы æхсæзæм бон Ходты Руслан фыййау уыд хъæуы лыстæг фосæн, æнæхъæн бон æнцад-æнцойæ хызта йæ фос, цин  кодта, ацы хатт гуырдзиаг фыдгæнджытæ сæ гæрзтæ кæй æрæвæрдтой, уый тыххæй. Фæлæ куыддæр афтæ ахъуыды кодта, афтæ цыппар сахатмæ æввахс фæцыд хъомысджын æхст æмæ фосмæ æввахс сыджыт спырх хæрдмæ, рыгæй цасдæр рæстæгмæ уынгæ дæр ницыуал кодта. Йæ амондæн, æвыдæй  баззад Ходы фырт, фæлæ фыстæ сызнæт сты, къордгæйттæй хъæды ныппырх æмæ адзæгъæлтæ сты æмæ ма сæ тыхæйты иумæ æрбамбырд кодта. Тыхджын æхсты фæстиуæгæн нæмыг сæмбæлд Тыбылтыхъæуы Тасойты Муразикы цæрæн хæдзарыл æмæ йын ратых кодта. Æмæ ахæм æхстытæ æмæ хъомысджын гуыппытæ хъæуы алыварс иу æмæ дыууæ хатты нæ уыд.

Иу ахæмы знаджы танк æрбаввахс куыройы цурмæ, сылгоймæгтæ та хæдзæртты нал уыдысты, фæлæ æдасдæры тыххæй ададжы бамбæхстысты. Иугæр танчы хъæр куы фехъуыстой, уæд фæсонтау сты æмæ ацæргæ сылгоймæгтæ Ходты Федося, Туаты Медея æмæ Кокойты Марусæйы Ходты Вани бахæццæ кодта Хъотайты хъæумæ. Фистæгæй цæуын æнцондæр кæмæн уыд, уыдон та сæхæдæг лыгъдысты æдасдæр бынатмæ. Фæндаггонтæ уыдтой, бæлæсты цæнгтæ зæххыл хаудæй куыд уыдысты, нæмыджы цæфтæ сæ ныскъуыдтæ кодтой. Кæд хур дзæгæрджытæ кодта, нæ сын уыд æнцон хæрды цæуын, сæ пысултæй хид æддæмæ хъардта, уæддæр ма уыдæттыл чи хъуыды кодта. Æрмæстдæр сæ тырнындзинад уыд, хъæумæ тагъддæр бахæццæ уой, цыма уый Хъарсы фидар уыд, уыйау.

Уый уыд 8 августы. Æххæст сæ фæллад нæма суагътой, афтæ хъæумæ фæдисы цыдæй æрбазгъордта Къостайыхъæуы цæрæг Цхуырбаты Лев æмæ сын радзырдта, йе мхъæуккаг зын уавæры кæй бахауд, уый тыххæй. Цæвиттон, Хуыбиаты Георги (Писо) посты лæугæйæ фæцæф, знаг хъæуы æрбынат кодта æмæ æдасдæры тыххæй цæф хæстон йæ ных сарæзта Зары хъæумæ. Фæлæ фæдзæгъæл æмæ æрбафтыд Знауыры районы Хъотайты хъæуы Рагъы дзуармæ æввахс. Кæд, Хъотайты хъæуы цы адæм уыд, уыдон сæхæдæг дæр тæссаг уавæры уыдысты, уæддæр уыдонæй  тыхстдæр та Хуыбиайы фырт уыд æмæ йæм уадид фæдисы уадæй ацыдысты. Ходты Вани æрхъуыдыджын разынд, цæф хæстон æнæмæнг дон кæй агурдзæн, уый зыдта æмæ йемæ авджыдзаг ахаста дон. Чысыл дæрддзæг нæ уыд, цæуын сæ кæдæм хъуыд, уыцы бынат, фæлæ йæм уæддæр схæццæ сты рæстæгыл. Рæстæджы цыдимæ Георги фесæфта бирæ туг, фæлæ йæ ирвæзынгæнджыты куы ауыдта, уæд йæ фыццаг домæн уыд дон. Уайтагъд æй зыды нозт акодта, фæлæ цæф хæстонæн уый цасы фаг уыд, домдта ма, фæлæ…Уайтагъд æй авæрдтой асиныл æмæ йæ хъæумæ æрхастой раивтой йын йæ пысултæ. Фæлæ дарддæр хъуыд дохтыры æххуыс æмæ цалдæрæй фæраст сты Бехъмары хъæумæ. Иу Хуыцауысконд лæппу нæ базивæг кодта, рараст æмæ цæф хæстоны фæхæццæ кодта Дзауы онг, уырдыгæй та йæ æвæстиатæй аластой Дзæуджыхъæуы рынчындонмæ. Ацы адæймæгты фыццаградон æххуысы руаджы Хуыбиайы фырт сдзæбæх. Ахæм фыдæбæттæ бавзæрстой æмæ тасы бын уыдысты Ходы хъæуы цæрджытæ дæр августы хæсты рæстæджы.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.