Кæд 13 азы рацыд чысыл Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ Гуырдзыстон æнæмсæр, æгъатыр хæст куы расидт уыцы бонæй, уæддæр уыцы уæззау тугкалæн бонты æвирхъау цаутæ хуссарирыстойнаг цæрджытæй алчидæр йæ зæрдыл дары раст цыма знон уыдысты, афтæ. Кæд 13 азы рацыд, уæддæр хæстæфхæрд адæмы зæрдæты хъæдгæмттæ афтæ арф сты æмæ сын байгасгæнæн нæй æмæ, æвæццæгæн, никуы дæр байгас уыдзысты. Раст уый тыххæй дары алчидæр йæ зæрдыл, уыцы фыдæвзарæн бонты цаутæ.

Хъуыды сæ кæнынц Ленингоры районы Цъинагар æмæ Гъдулеты хъæуты цæрджытæ дæр, уыдон дæр уæззау рæстæджытæ арвыстой уыцы бонты. Йæ уæззау мысинæгтæ мын радзырдта Гъдулеты хъæуы цæрæг Елойты Лианæ, уый дæр уыцы æндыгъд рæстæджы йæ дыууæ æнахъом сывæллонимæ уыд хъæуы: «Августы райдианæй уавæр кæй фæкарздæр уый зыдтам, фæлæ гуырдзы ахæм æргом стыр хæст раситдзысты чысылнымæц ирон адæмы ныхмæ, уый æнхъæл чи уыд, æндæра мæ сывæллæтты бон раздæр уæддæр акодтаин Дзæуджыхъæумæ. 7-æм августы мæ сыхаг сылгоймæгтæ дыууæйæ ацыдысты Гурмæ цыдæртæ æлхæнынмæ, фæлæ уайтагъд фæстæмæ фездæхтысты тарстгъуызæй. Куы сæ афарстон, зæгъын, цавæр тагъд фездæхтыстут, уæд мын загътой, зæгъгæ, уавæр тынг æвзæр у, Цхинвалы ‘рдæм цæуы тынг бирæ гуырдзиаг хæстон техникæ æмæ, зæгъ, Гуры адæм дæр паникæты сты. Изæрæй телевизормæ кæсгæйæ, фехъуыстон Саакашвилийы сидт, ома, зæгъ, ирæттæ куы æхсой, уæддæр мах иу æхст дæр нæ фæкæндзыстæм, тынг ыл нæ баууæндыдытæн, фæлæ цъус фæсабырдæр дæн. Ахъуыды кодтон, зæгъын, райсом куыддæр æрбабон уа, афтæ мæ сывæллæтты акæндзынæн мæ хомæ, Алагиры районмæ. Фæлæ та дын изæры 11 сахатмæ æввахс гуырдзиаг канал фæиу кодтон  æмæ дисы бахаудтæн, сахаты размæ сабырдзинадыл чи дзырдта, уыцы хъæддаг сырд ныр та фехъусын кодта, зæгъгæ,  мах ирон бандитты ныхмæ расидтыстæм хæст, хъуамæ, дам, уым фæтк æрæвæрæм. Мæ фыртыхстæй сыхæгтæм балыгъдтæн, зæгъын, хабар сын фехъусын кæнон, уæдмæ фынæй хъæу сыхъал, алырдыгæй хъуыстысты тыхст хъæртæ. Æз дæр фæстæмæ мæ хæдзармæ балыгъдтæн, мæ фынæй сывæллæтты сæ уæттæй фелвæстон æмæ куыд конд уыдысты, афтæмæй сæ мидæггаг дзаумæтты ме ‘мкъайимæ скъæфын райдыдтам хъæуы сæрмæ, хъæдмæ. Уыд мæйдар æхсæв æмæ лидзæг адæмæй чи адагы хаудта, чи та – сындзытыл, афтæмæй тындзытам размæ. Уæдмæ нæ æхсын райдыдтой Бершуеты хъæуæй, хорз уыд æмæ нæ никæуыл сæмбæлдысты нæмгуытæ. Æнæхъæн æхсæв фæцыдыстæм æмæ райсом бон æрбацъæхтæ, афтæ схæццæ стæм Багъиты хъæумæ. Бонрухсæй кæрæдзимæ куы бакастыстæм, уæд нæ кæуыл иу дзабыр нæ уыд, чи та йæ пысултæ зыгъуыммæ скодта тагъд-тагъдæй, фæлæ худынмæ кæй æвдæлди. Уæдмæ нæ фæстæ ссыдысты дыууæ машинæйыл лæппутæ æмæ махæй иуты нæ сывæллæттимæ баластой  Захъхъоры хъæумæ æмæ иннæты – та Цъолдмæ. Цъолды нæ йæ хæдзармæ бакодта Мæргъиты Тенгиз, уыдыстæм 40 адæймаджы бæрц. Хорз нæ суазæг кодтой, хуыссæнтæ кæмæн не сфаг, уыдонæн та пысултæй пъолыл æруат кодтой. Йе ‘мкъай Тинæ йæ хæдзары хæринагæй ницыуал ныууагъта, иууылдæр сæ махæн бахæрын кодта, тарст сывæллæттæ уæлдай æххормаг кодтой æмæ æппынæдзух куырдтой кæрдзын, нæ фысымтæм ссады тæпп дæр нал баззад. Сывæллæттæ цæмæй бафсæстаиккой, уый тыххæй Тинæ йæ ныккæндæй схаста æртæ литр кæм цæуы дыууæ ахæм царвы банкæтæ æмæ нын иу стыр аджы    цæрвæхсидæн скодта æмæ уæд сывæллæттæ иу цасдæр кæрдзыны кой нал скодтой. Цъубены хъæуы цæрæг Хацырты Гиви та нын аргæвста род. Сæ цæрæнбон бирæ, ахæм лæггад бакæнын алкæйы бон нæ бауыдаид уыйас рæстæджы дæргъы. Сæ лæггад сын никуы ферох кæндзыстæм.

9 августы нæм уырдæм фæмидæг сты гуырдзиæгтæ дыууæ машинæйыл, уыдаиккой иу 35 бæрц. Адæм сæ уындæй барызтысты æмæ мæнмæ бахатыдысты, зæгъгæ, ды гуырдзиагау дзæбæх зоныс (Гуры куыстон цалдæр азы) æмæ сæ размæ ахиз. Мæнæн мæ къухтæ зыр-зыр кодтой æмæ сæ мæ фæстæ бамбæхстон, афтæмæй сæм рахызтæн æмæ сын салам загътон. Уыдон мæ бафарстой, зæгъгæ, ам цæрыс æви уазæг дæ. Уæд сын æз дæр раст цы уыд уый загътон, зæгъын лигъдæттæ стæм. Уыдон мидæмæ бахызтысты æмæ сæ сывæллæттæ куы ауыдтой, уæд кæуын райдыдтой. Хæдзары хицау Тенгизæн загътой, зæгъгæ, кæд дæм мигæнæн ис, уæд æй барвæндонæй рахæс, науæд дын дæ хæдзар сфæлдахдзыстæм. Уый дæр сæм рахаста цы централ æм уыд, уый. Æндæр æм куы ницы разынд уæд нæ ныууагътой, æрмæст нæ бафарстой, зæгъгæ, уæ бандит лæгтæ æмæ æфсымæртæ кæм сты, зæгъут, дам, сын æмæ сæ хæцæнгæрзтæ куыд радтой. Бафæдзæхсут, дам, сæ, æндæра иу æхст дæр куы фæцæуа, уæд уæ зæххы æмвæз скæндзыстæм æмæ уый фæстæ мæ фыдбылызтæ ахастой. Мæргъиты Тенгизы хæдзары баззадыстæм 4 боны. Уæдмæ та дын нæм чидæр хабаргæнæг фæцис, зæгъгæ, гуырдзы ныр та Ленингоры Армазыл æрбацæуынц æмæ та нын уым лæууæн дæр кæй нал уыд, уым гæсгæ ныр та нæ фæндаг акодтам Бихъары хъæумæ. Ам дæр нæ Дудайты Тадиозы бинонтæ бакодтой æхсæвиуат кæнынмæ æмæ сæм фестæм иу æхсæв.  Уый дæр нын йе ‘мкъай Маргоимæ тынг балæггад кодтой.

Дыккаг бон райсомæй раджы сбадтыстæм Бестауты Анзоры (Хиуа) æфсæддон машинæ «УРАЛ»-ыл æмæ араст стæм Дзауы ‘рдæм. Куыддæр хохы бæрзæндмæ схæццæ стæм, афтæ нæ машинæйы уромæнтæ нал скуыстой æмæ иууылдæр фæцæйхаудтам былæй, фæлæ та нын ам дæр Стыр Хуыцау баххуыс кодта. Дзурын дæр ыл нæ хъæуы, цы тас бавзæрстам, ууыл.  Изæрмæ ныхæццæ стæм Хуыцъейы хъæумæ æмæ нæ уырдыгæй та автобустыл Алагирмæ аластой. Гъе, ахæм фыдæхсæвтæ æмæ бонтæ арвыстам мах дæр хæсты уæззау бонты æмæ афтæ чи фæдзуры, зæгъгæ, Ленингоры хæст нæ уыд, уый раст нæ вæййы. Уый фæстæ базыдтон, гуырдзы нæ хъæуы дæр æмæ Цъинагары дæр хæдзари-хæдзар кæй зылдысты æмæ хæссынæн цы бæззыд, уыдон кæй хастой. Ахастой бирæ æхца æмæ сыгъзæрин, адæмы ма сæ фыртыхстæй уыдæттæ æндæвдтой æмæ сын баззадысты сæ хæдзæртты. Хæссынæн сын зын цы уыд, уыдон та пырх ныккодтой. Цъинагайраг Гусойты Игоры хъæуы сæрмæ æрцахстой æмæ йæ тынг фæнадтой, фæхъизæмар ын кодтой, фæлæ куыддæрты сæ къухтæй раирвæзт. Бирæ рæстæджы дæргъы йæ хос кæнын бахъуыд Уæрæсейы рынчындæтты. Гъе, ахæм бонтæ арвыстам мах дæр.

Гъдулеты хъæуы цæрæг, æвзонг сылгоймаг Бибылты Ирмæ та мын ахæм хабæрттæ радзырдта: «2008 азы август кæд хæст 23.35 сахатыл райдыдта, уæддæр æй мах базыдтам дыууæ сахаты фæстæдæр. Нæ тæккæ фынæйыл уыдыстæм, афтæ мæм æхсæвы 2 сахатыл телефоны æрбадзырдта нæ сыхæгты лæппу Циукъаты Вася, кæцы службæ кодта фидауынгæнæг тыхты сконды æмæ мын тыхст хъæлæсæй загъта, зæгъгæ, тагъддæр сыстут æмæ хъæды ‘рдæм цæугæ кæнут. Гуырдзы, дам, æртæрдыгæй – Бершует, Цъителубан æмæ Хурвалеты ‘рдыгæй æрбацæуынц (Гъдулет, Цъинагар æмæ Дзуакъаты хъæу хæрз æввахс сты ацы гуырдзыйы хъæутæм). Æз дæр уайтагъд фæгæпп кодтон æмæ мæ ныййарджыты сыхъал кодтон, зæгъын тагъддæр сыстут гуырдзы Бершуеты ‘рдыгæй æрбацæуынц (Бершует мах хъæумæ хæрз æввахс у, æмæ Хурвалет та – Дзукъаты хъæумæ). Уыдон дæр сæ пысултæ акодтой æмæ араст стæм нæ хъæуы сæрмæ Мады Майрæмы дзуары цурмæ. Хъæубæсты цæрджытæ кæрæдзимæ телефонты фæдзырдтой æмæ хабар куы базыдтой, уæд иууылдæр уырдæм æрбамбырд сты, фæлæ нын уым лæугæйæ дæр нæ уыд æмæ нæ фæндаг акодтам хæрды Угъелтехы хъæумæ. Цыдыстæм хъæды æмæ дын уалынмæ нæ сæрты сырх нæмгуытæ тæхын куы райдаиккой, бæстæ хъæр, хъыллист фестади. Немæ уыд бирæ сывæллæттæ æмæ уыдон æмæ сæ мæдтæ фыртасæй цы фæуыдаиккой, уый нал зыдтой, чи йæ сывæллоны йæ быны æмбæхста, чи та йæ къутæрты бын æмбæхста. Цыдыстæм æнæхъæн æхсæв хæрды æмæ тынг ныффæладыстæм, хъæумæ схæццæ стæм куы æрбабон, уæд. Мæнæн мæ рынчын ныййарджытæ загътой, зæгъгæ, мах ардыгæй дарддæр нал ацæудзыстæм, гуырдзы нын цыфæнды  ма аразой, уæддæр, фæлæ, дам, ды æвзонг чызг дæ æмæ ацу дарддæр иннæтимæ. Фæлæ, мын Хуыцауы хай дæр нæ уыдаид, æз мæ рынчын мад æмæ фыды иунæгæй куы ныууагътаин, уæд æмæ уал уым æрлæууыдыстæм, Мах Угъелтехæй дарддæр нал ацыдыстæм, фæлæ иннæтæ сæ фæндаг акодтой Багъиты хъæумæ. Иу цасдæры фæстæ мæ ныййарджытимæ фæстæмæ нæхи хъæумæ раздæхтыстæм, æндæр гæнæн нын кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ. Хъæуы ма цы цæрджыты æрæййæфтам, уыдон мах ныккæндмæ æрбамбырд сты æмæ уым æмбæхстæй фестæм цалдæр боны. Нæ ныццыдмæ гуырдзы хъæумæ æрбафсæрстой, хæдзæрттæм цыдысты æмæ  джигул кодтой, хорзæй цы æййæфтой, уыдон хастой. Æфсæддон формæ-иу цы хæдзары федтой ауыгъдæй, уыцы хæдзары-иу уæлдай джигул кодтой, омæ, зæгъ, кæд искуы æмбæхст сты нæлгоймæгтæ. Бацыдысты нæ хъæуы иу ацæргæ лæджы хæдзармæ æмæ йæ фæрсгæ дæр нæ бакодтой, афтæмæй мидæмæ бараст сты, раст цыма сæхи хæдзармæ цыдысты, уыйау. Уый сæ куы бафарста, зæгъгæ, цы уæ хъæуы, цы уын баззад мæ хæдзары, уæд æм бартхъирæн кодтой æмæ йын загътой, зæгъгæ, тагъддæр зæгъ дæ лæппутæ кæм æмбæхст сты, уый. Фæлæ иу хорз уыд æмæ дзы уым ничи разынд. Хъæуы устытыл кæуыл æмбæлдысты, уыдоны сæхиуыл æууæндын кодтой æмæ сын дзырдтой, зæгъгæ, фæдзурут уæ нæлгоймæгтæм æмæ æрбаздæхой сæ хæдзæрттæм, зæгъут сын æвзæрæй сын кæй ницы сараздзыстæм, уый. Фæлæ гуырдзигæтæ куы адард сты, уæд дзы иу фæстæмæ фездæхт цыдæр афæрсыны æфсон æмæ сын загъта, зæгъгæ, æз дæн ирон æмæ сыл ма баууæндут, уыдон, дам, уæ сайгæ кæнынц. Афтæ нæлгоймæгтæ дæр хъæды фесты æххормаг æмæ æнæ донæй. Уый æппæт хотыхджынты ныхмæ цы хъуамæ бакодтаиккой хъæуты чысылнымæц нæлгоймæгтæ. Махмæ ныккæндмæ хъуыстысты Цхинвалы æвирхъау хæсты гуыппытæ, бæргæ тынг маст кодтам, фæлæ цы нæ бон  уыд. Нæ хъæуы цы гуырдзиæгтæ æрбынат кодтой, уыдон нын цытæ бакодтаиккой уый бæрæг нæу,  Уырысы æфсад куынæ æрбацыдаиккой æмæ сæ куынæ фæсырдтаиккой, уæд. Хуыцау сын ирон адæмы тæригъæд ма ныббарæд!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.