2008 азы августы хæсты рæстæджы Хуссар Ирыстоны цæрджытæй ам, бынаты чи баззад, уыдонæй алкæмæн дæр ис йæхи истори  уыцы тугуарæн хæсты тыххæй. Уымæн æмæ уыдонæй алчи дæр йæхиуыл бавзæрста мæлæты тæссагдзинад. Мæлæты цæстытæм комкоммæ кастысты нæ хъæбатыр лæппутæ дæр, фæлæ уыдонæн тасдзинад сæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, афтæмæй бахъахъхъæдтой сæ Райгуырæн бæстæ, сæ фыдыуæзæг, бирæтæ дзы сæ цард нывондæн æрхастой нæ абоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрвæлтау. Æнусон кад, – уыцы хъайтартæн!

Сабыр цæрджытæй фондз боны хæсты рæстæджы ныккæндты чи бадт, уыдоны дæр никуы ферох уыдзысты уыцы тæссаг бонты цаутæ. Кæд уавæр æппынæдзух æндыгъд æмæ уæззау уыд, уæддæр цæхгæр фендыгъддæр августы райдианты. 1-æм августæй 2-æм августмæ гуырдзиаг лæгхортæ тыхджын æхст кодтой куыд горæт Цхинвалы, афтæ ирон хъæуты дæр. Знæгтæ бафæлвæрдтой ирæтты сæйраг стратегион позицитæ бацахсын, фæлæ сæ фæндæй ницы рауад. Ирон адæм августы уыцы дыууæ боны фесæфтой 6 адæймаджы, 12 адæймаджы та республикон рынчындонмæ бахаудтой алыгъуызон цæфтимæ. Уавæр æндыгъдæй æндыгъддæр кодта… Фæлæ нæ уæддæр нæ уырныдта, XXI-æм Олимпиадæйы рæстæджы Гуырдзыстоны уæды сæрхъæн президент М.Саакашвили ирон адæмы ныхмæ уæрæхмасштабон хæст расидтаид, уый. Уымæн æмæ-иу рагæй фæстæмæ дæр Олимпии-адæты рæстæджы урæд æрцыдысты хæстон архайдтытæ, фæлæ…

Гæбæраты Изольдæ: «2008 азы 7-æм августы Цхинвалы уыд æнахуыр тæссаг сабырдзинад, æгæрыстæмæй, нал хъуыст уынгты машинæты хъæлæба дæр. Афтæ мæм каст, цыма алцы дæр амард цахæмдæр стыр фыдбылызмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Мах нæ сыхæгтимæ бадтыстæм нæ хæдзары кæрты æмæ кæрæдзийæн дзырдтам не ‘нкъард æмæ тæссаг хъуыдытæ. Изæры 10 сахатмæ æввахс кæрæдзийæн хæрзæхсæв загътам æмæ схызтыстæм нæ фатертæм. Куыддæр æрхуыссыдыстæм нæ хуыссæн уæтты, афтæ райхъуыст тыхджын гуыпп, йæ хæдфæстæ – ноджы æмæ ноджы фæтыхджындæр сты алыгъуызон хæцæнгæрзты æхстытæ. Бамбæрстам æй, хабар хорз кæй нæу, уый æмæ тагъдыл ныхызтыстæм нæ хæдзары ныккæндмæ. Цыбыр рæстæгмæ уырдæм тыхстгъуызæй æрбамбырд сты нæ сыхæгтæ иууылдæр. Уыцы тæссаг бонты нæ сыхаг лæппутæй цалдæрæй уыдысты постыты æмæ сæ мæдтæ уæлдай катайгъуыздæр уыдысты. Мады зæрдæ зонаг фæхонынц, мады зæрдæ развæлгъау фенкъары алцы дæр. Æмæ фылдæр хатт раст разыны мады зæрдæ. Тыбылты-Джиджджойты Зоя дæр зæрдæйæ банкъардта,  йæ уарзон хъæбулы хъысмæт хорз кæй нæу, уый. Тыхстæй рауай-бауай кодта ныккæнды къуымты дыууæрдæм. Уалынмæ нæм æрбайхъуыст æнамонд хабар, Джетæ, дам, фæмард знаджы къухæй. Фæлæ хъæбулы сау хабары тыххæй  æнамонд мадæн ничи бауæндыд зæгъын, цалынмæ йæм йæ хиуæттæ нæ фæхабар кодтой, уæдмæ. Бæргæ хорз адæймаг уыд Джетæ, сыхæгтæ йæ иууылдæр бирæ уарзтой, йæ хъæр ныхас ын никуы ничи фехъуыста, фæлæ йæ цард хæрзцыбыр разынд.

Нæ сыхæгтимæ мах цы бонтæ æмæ æхсæвтæ арвыстам нык-кæнды бадгæйæ, ууыл дзурын уæлдай у. Нæ корпус-иу тыхджын гуыппытæй афтæ нызмæлыд æмæ-иу хатт ахъуыды кодтам, зæгъын, мыййаг нæ корпусы пырхæнты бын куы фæуæм удæгасæй. Сылгоймæгтæй сæ иу йæхиуыл хæцын нал зыдта æмæ алы тыхджын гуыппы рæстæджы дæр йæ дзыхы дзаг хъæр кодта. Ныккæндмæ нæм хъуыстысты алы-гъуызон æнамонд цауты тыххæй цыфыддæр хабæрттæ. Фæлæ нæ Уæрæсе бахъахъхъæдта скуынæг кæнынæй».

Уалыты Дзерассæ: «2008 азы 8-æм августы тыхджын æхстытæ куы райдыдтой, уæд æз уыдтæн мæ фатеры 4-æм уæладзыджы. Нæ корпусы фыццæгæм уæладзыджы та нын уыд магазин æмæ уырдæм æрхызтæн. Уæд æз хъуыды кодтон, уым æхстытæй бамбæхсынæн æдас кæй у, фæлæ раст нæ разындтæн. Мæ цардæмбал Бесаты Леонид служ-бæйы уыд æмæ йæм мæ зæрдæ ахсайдта. Телефонæй радзур-бадзур кодтон, фæлæ мын ничи дзуапп кодта. Æрмæстдæр мæм 8-æм августы райсомæй фæдзырдта Леонид æмæ мын загъта, зæгъгæ, æрæмбырд кæн документтæ æмæ бамбæхсут ныккæнды, гуырдзиаг танктæ, зæгъ,  горæтмæ æрбахизæны сты. Фыртыхстæй ма цы акодтаиккам, уымæн ницыуал зыдтам нæ сыхæгтимæ. 8-æм августы райсомæй нæ корпусы цурмæ æввахс фехъуыстам тыхджын гуыпп æмæ сылгоймаджы æвирхъау зæрдæскъуыйæн хъыллист. Фæстæдæр куыд базыдтам, уымæ гæсгæ Джуссойты бинонтæ хæстæй лыгъдысты, фæлæ сæ знæгтæ комкоммæ фехстой æмæ машинæйы басыгъдысты фыд æмæ йæ дыууæ хъæбулы. Мах уыдтам, машинæ куыд судзы, уый, фæлæ сын нæ бон  баххуыс кæнын ницæмæй уыд. Æхстытæ-иу чысыл куы фæсабыр сты, уæд ма сæм балыгъдысты, фæлæ сæ æххуыс кæнын никæмæнуал бахъуыд…

Ацы æбуалгъ хабары фæстæ нæ тасдзинад фæтынгдæр æмæ æнхъæлмæ кастыстæм мæ-лæтмæ. Уæдмæ гуырдзиаг танктæ æрбабырстой горæтмæ æмæ райдыдтой марын æмæ пырх кæнын, сæ разы цы æййæфтой, æппæт уыдæттæ. Танктæ нын æхсын райдыдтой нæ корпусы дæр. Фехстой мын мæ магазин дæр æмæ йыл зынг сирвæзт. Мах слыгъдыстæм, хъуамæ зынг ахуыссын кодтаиккам, фæлæ нæм дон нæ уыд. Уæд æй райдыдтам,  магазины цы бæгæнытæ æмæ минералон дæттæ уыд, уыдонæй æмæ змисæй хуыссын кæнын. Горæт куы ссæрибар, уæд фехъуыстам зæрдæскъуынæн хабар. Нæ хорз сыхаг Багаты Амиран хъæбатырæй фæмард гуырдзиаг фашистты къухæй».

Гасситы Хадизæт, Шанхайы районы Къозоны фырты уынджы цæрæг: «Августы хæст куы райдыдта, уæд æз хæдзары уыдтæн. Куыддæр тыхджын гуыппытæ райдыдтой, афтæ æрæмбæхстæн мæ хæдзары ныккæнды. Фæлæ уым æдас кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ дыккаг æхсæв арвыстон мæ сыхæгтæ Багаты ныккæнды. Æртыккаг æхсæв та уыдыстæм Джиоты Рубены ныккæнды. Мæ хæдзары ‘рдæм куы ракастæн, уæд федтон, нæ кæрты кæй байдзаг сты гуырдзиаг абырджытæ. Æдас кæй нал уыд, уымæ гæсгæ мæ сыхаг Джиоты Варя æмæ йæ чызгимæ æхстыты бын æмбæхсгæ-æмбæхсгæ æрбахæццæ стæм чысыл Шанхаймæ, уырдыгæй та нæ фæндаг скодтам Хъайтарты уынджы мæ чызджы хæдзармæ. Фæлæ Исахъы уынг-мæ куы схæццæ стæм, уæд уынджы дон лæсæнтæ кодта æмæ йæ сæрты ахизæнтæ нæ уыд. Фæлæ йæ цæрæнбон бирæ, иу æвзонг нæлгоймаг нын баххуыс кодта доны сæрты ахизынæн. Схæццæ стæм Хъайтарты уынджы, мæ чызг цы корпусы цæры, уырдæм. Кæ-сын æмæ 4-æм уæладзыджы мæ чызджы фатер цъыбырттысыгъд баци. Фырдиссагæй ма цы акодтаин, уымæн ницыуал зыдтон, фæлæ мæм ме сиахс Гæджиты Валери (ныртæккæ дзæнæты бадинаг) æрбауад, йæ къухтæ, йæ цæсгом сыгъдтытæ, афтæмæй. Тыхстгъуызæй мæ куы ауыдта, уæд мæ æрбахъæбыс кодта æмæ мын афтæ бакодта, зæгъгæ, хæдзæрттыл маст кæнын нæ хъæуы, æгайтма, зæгъ, сæрæгас стæм. Цы тас бавзæрстам, уый дзургæйæ ничи бамбардзæн». Зæгъын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ Шанхайы лæппутæ цы хъайтардзи-нæдтæ равдыстой уыцы тæссаг бонты, уыдон диссагæн дзуринаг сты».

 

Чертхъоты Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.