Ныр 20 азæй фылдæр нæ горæты æхсæнадон абанатæй иу дæр нæ кусы. Уыдон кæд хъæуæг объекттæ сты куыд бынæттон цæрджытæн, афтæ нæ республикæмæ æрцæуæг уазджытæн дæр, уæддæр сæндидзын кæныныл нырма ницы куыст цæуы, сæ арæзтады æмгъуыд  у æбæлвырд.

90-æм азты агъоммæ нæ горæты уæвынад кодтой дыууæ æхсæнадон абанайы, сæ иу куыста 8-æм июны уынджы, иннæ та – Мады Майрæмы аргъуанмæ хæстæг Ирæтты уынджы. Уыдонæй пайда кодтой нæ республикæйы цæрджыты фылдæр хай, уыцы рæстæджы алкæмæн йæхи хæдзары кæй нæ уыд уавæртæ, уымæ гæсгæ. Фæстæдæр нæ республикæйы хæстон рæстæджыты æндыгъд уавæртæ  бандæвтой ацы абанатыл дæр æмæ кæд сæ агъуыстытæ нæ ныппырх сты, уæддæр сты æдзæллаг уавæры æмæ сæ тæссаг у пайда кæнын.

Нæ горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан куыд загъта, афтæмæй «8-æм июны уынджы  цы абана ис, уымæн экспертизæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, нал ис сæндидзынгæнæн æмæ йæ хъæуы ныппырх кæнын. Финансон уавæртæ куы фæхуыздæр уой, уæд йæ бынаты арæзт æрцæудзæн ног абана».

Хуыздæр уавæры нæй  Ирæтты уынджы абана дæр. Ныртæккæ уый ис сæрмагонд арендаторы къухы. Уый куыд загъта, афтæмæй хинайæн куыста 2004 азы онг, лæггад ма кодта æнæаргъæй нæ республикæйы цæрджыты иуæй-иу категоритæн. «Абана æндидзыд куы цыд, уæд ыл мах бахардз кодтам бирæ æхцайы фæрæзтæ нæхи хардзæй. Абана цалдæр азы æнæаргъæй лæггад кодта  Стыр Фыдыбæстæйон æмæ 1989-1992 азты хæстыты ветерантæн, сидзæр æмæ æвæгæсæг сывæллæттæн, спортсментæн. Фæстæдæр æм хæстон рæстæджыты нал уыд хъусдард æмæ та æрцыд æдзæллаг уавæрмæ», – загъта йæ арендатор Тасойты Димитр.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй йæ ныфс ис, ногæй йæ кæй сæндидзын кæндзæн, уымæй.

Абанаты арæзтад  кæд хаст уыд РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ, уæддæр сæ цæмæдæр гæсгæ фæстæмæ систой.

Кæцыфæнды размæдзыд бæстæты дæр ис алы æмæ алыгъуызон абанатæ. Уыдонæн сæ нысаниуæг æрмæст гигиенæйы домæнтæ æххæст кæнын нæу, фæлæ ма сын ис æнæнизгæнæн нысаниуæг дæр алыгъуызон лæггæдты руаджы. Ныртæккæ нæ республикæйы цæрджытæ дæр æмæ уазджытæ дæр уыцы лæггæдтæй сты æнæхай.  Ацы уавæр батыхсын кодта не ‘мбæстаг Тыбылты Георгийы æмæ самал кодта «Цæлхытыл абана», фæлæ уый дæр дзуапп нæ радта абанауарзджыты домæнтæн æмæ йæ Георги фæстæмæ æрæхгæдта.

Æрæджы ма Тъбеты хъæуы цæст схæцыд банерыл «Русская баня», зæгъгæ. Уый арæзт æрцыд нæ республикæйы æмбæстæгтæй цалдæры сæрмагонд финансон фæрæзтæй. «Мах сарæзтам ацы бæстыхай æмæ фæнд кæнæм, уырыссаг банийы цы уавæртæ вæййы, уыдонæй йæ сифтонг кæнын. Уыдзæн дзы бассейн, тæфы мæцæн  æмæ душы хатæнтæ. Нæ республикæйы абанауарзджытæ-иу ацыдысты æндæр горæттæм æмæ сын ныр та ам уыдзæн уыцы уавæртæ. Дзæуджыхъæуы иу сахат ахæм абанайы фæуыны аргъ у 1500-2000 со-мы, мах дæр уыдонимæ абаргæйæ снысан кæндзыстæм æргътæ», – загъта абана аразджытæй сæ иу – Уазæгты Зура.

Рагфыдæлты скæсæйнаг бæстæтæй иуæй-иуты абанатæ нымад уыдысты æппæты æвæджиагдæр бынæттыл, цыдысты сæм, куыд уаз бынæттæм, афтæ. Уыйхыгъд Римаг империйы нымадтой, зæгъгæ, донæн адæймаджы буарыл ис æппæрццаг æндæвдад. Худинаг уыд сылгоймагæн афæдзы дæргъы 2-3 хаттæй фылдæр хи найын. Фæстæдæр фæзындысты алыгъуызон эпидемион низтæ æмæ фæмардысты адæм.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ныртæккæ нæ республикæйы хинайæнтæ кæй нæй, уый не ‘мбæстæгты æнæниздзинадæн ницы тæссаг у, фæлæ сæ уæвынад у æнæмæнг хъуыддаг. Ис сын сæхи нысаниуæг не ‘хсæнады æмæ сæм æнхъæлмæ кæсынц адæм.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.