Республикæйы парламентон æвзæрстытæ активонæй ацыдысты районты. Æвзарæн фадгуыты дуæрттæ байгом кæныны фæстæ, хъæууон фæллойгæнджытæ райдыдтой цæуын се ‘мбæстагон хæс æххæст кæнынмæ. Цыдысты, цæмæй равзарой сæ фадгуытæй аккагдæр депутаты æмæ политикон партиты.

Сатихъары хъæуы райсомæй аст сахатыл байгом кодта æвзарæн фадыг йæ дуæрттæ.  Æвзарæн фадыджы сæрдар Уазæгты Ритæйы ныхæстæм гæсгæ райсомы дæс сахатмæ фадыгмæ чи æрбацыдысты, уыцы æвзарджыты нымæц уыд 150 адæймаджы. Иумиагæй сисгæйæ æвзарджыты нымæц номхыгъдмæ гæсгæ уыд 453 адæймаджы. Ацы фадыгмæ цы цæрджытæ хауы, уыдонæй алкæмæн дæр фадат уыдис, цæмæй æрбацæуой æмæ сæххæст кæной сæ æвæджиаг хæс. Фæткхалæн цаутыл дзырд куы цæуа, уæд дзы уыдонæн бынат нæ уыд. Алкæцы политикон парти æмæ иумандатон кандидаттæн дæр ис сæхи минæвæрттæ зылды, кæцытæ лæмбынæгæй сæ хъус дарынц æвзæрстыты цыдмæ. Æвзарæн фадыг бабæрæг кодтой, нæ республикæмæ цы дунеон хъусдарджытæ æрцыд æндæр æмæ æндæр бæстæтæй, уыдонæй иуæй-иутæ, кæцытæ нæ бафиппайдтой фæткхалæн цаутæ.

Æвзарджытæй иу, Уалыты Валентин куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уый æнхъæлмæ кæсы,ног сæвзæрст Парламентмæ кæй ба-цæудзысты æцæг профессионалтæ, кæцытæ бакусдзысты адæмы фæрныгадæн хорз закъæттыл.                                        

                                                    ***

Йæ тæмæны уыд Дменисы æвзарæн фадыджы куыст дæр. Æвзарæн фадыджы къамисы сæрдар Къусраты Анатоли нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ 591 æвзарæгæй боны дыууæ сахатмæ схъæлæс кодтой 260 адæймаджы. Уым дæр бынат нæ уыд бархалæн цаутæн. Дменисы хъæуы цæрджытæ æвдыстой стыр активондзинад парламентон æвзæрстыты.

                                                 ***

Бæрæгбонон равг уыд Знауыры районы æвзарæн фадгуыты дæр. Районы æвзарæн зылды сæрдар Гæбæраты Эльвирæ нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ 1483 æвзарæгæй боны æртæ сахатмæ  схъæлæс кодтой 52 проценты. Зылдмæ хауынц цыппар фадыджы – Терегуан, Уахтъана, Знауыры райцентр æмæ Балта. Территорийыл хынцыд не ‘рцыд бархалæн цаутæ. Знауыры центры æвзарæн зылды алы парти æмæ иумандатон кандидаттæн дæр уыд сæхи минæвæрттæ, фæлæ иннæ æвзарæн фадгуыты алкæмæн нæ уыд минæвæрттæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æвзарæн фадыгмæ хъæлæс кæнынмæ алы æмбæстагæн йæ бон бацæуын кæй нæ уыд. Уымæ гæсгæ æвзарæн къамисы уæнгтæ хæсгæ асыччытимæ ахæм æмбæстæгтæм  бацыдысты хæдзæрттæм  æмæ уыдон дæр сæххæст кодтой се ‘мбæстагон хæс ацы ахсджиаг æвзæрстыты. 

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.