Фæстиуджытæ арæзт æрцыд, Цхинвалы районы фермерон хæдзарадтæ цы куыст бакодтой, уыдонæн. Статистикон хайады фæстаг зонæнтæй куыд бæрæг у, афтæмæй ивгъуыд аз фæззыгон мæнæу зæхкусæгон-фермерон хæдзарадтæй «Фат» байтыдта 10 га, райста дзы тыллæг 86 ц, «Цъунар» Бибылы фырт – 4 га æмæ йæ тыллæг уыд 36 ц  æмæ «Аз» та – 3 га, йæ тыллæгæрзад та рауад 38 ц. «Икъорта» хъæбæрхор байтыдта 30 га фæзуатыл æмæ дзы тыллæг та райста 200 ц. Уымæй дарддæр ма уалдзыгæнд мæнæу «Аз» байтыдта 5 га æмæ дзы райста 62 ц. Хæдзарадтæ фылдæр байтыдтой хъæбæрхор, уыцы нымæцы Къостайыхъæуы арендатортæ 99 га фæзуатыл æмæ иууыл иумæ тыллæгæрзады бæрæггæнæн та рауад 693 ц. «Тъбет» байтыдта 15 га æмæ йæ тыллæгæрзад та уыд 150 ц, Хуыбиаты Алиханы хæдзарад «Алан»-æн тыд уыд 20 га æмæ дзы тыллæг та æркодта 120 ц, Зæ-гъойты А. байтыдта 15 га æмæ йæ тыллæг та уыд 40 ц, «Цъунар» Бибылы фыртæн тыд уыд 10 га æмæ тыллæг та райста 90 ц, «Аз»-æн тыд уыд 6 га æмæ йæ тыллæг та рауад 40 ц. Хæдзарадтæй нартхоры культурæ байтыдта «Цъунар» Бибылы фырт – 4 га æмæ дзы тыллæг æркодта 27 ц. Сысджы 10 га байтыдта «Тъбет» æмæ «Аз» та – 3 га. Холлагон культурæ чумиза «Тъбет»-ы хæдзарад байтыдта 25 га, æмæ Æлборы фырты хæдзарад «Сæуæхсид» та – 11 га. Хæдзарадтæ ма холлагон культурæ люцернæ ивгъуыд аз байтыдтой 30,5 га æмæ эспарцет та – 20 га фæзуатыл.

        ФОСДАРДЫ КЪАБАЗ

Фосдарды куыст районы кæнынц 10 хæдзарады æмæ сæм иууыл иумæ нымадæуы 280 стуры. Хицæнтæй сисгæйæ, иууыл фылдæр – 100 стуры дары «Арцеу»-ы фермерон хæдзарад, уыцы нымæцы 44 сты хъуццытæ. «Тъбет»-ы хæдзарадмæ ис 73 стуры, уыцы нымæцы 37 хъуджы. «Алан» дары 43 стуры, уыцы нымæцы хъуццытæ сты 22, «Тын»-мæ ис 20 стуры æмæ иууылдæр сты хъуццытæ. Се стурты нымæц фылдæр кæмæн у, уыдон нымæцы ма сты «Фат», «Цъунар»Лохы фырт, «Виктория» æмæ æндæртæ. Æхсызгон у, «Алан»-ы хæдзарад дарддæр кæй кæны фысдарды куыст дæр æмæ сæ нымæц та хæццæ кæны 300, уыцы нымæцы уæрыччытæ сты 100. Ацы хæдзарадмæ бæхтæ та ис 6 æмæ мæргътæ та – 65. Родты нымæц районы хæдзарадты иууыл иумæ у 58 сæры.

                                                                      Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.