Фæцис фæззæг æмæ уыимæ фесты тыллæгæфснайæн æмæ фæззыгæндтæ байтауыны рæстæг дæр.  Ацы аз нæ фæззæджы бæркад цахæм уыд, цы бантыстис хъæууонхæдзарадон продуктты æрконд фæфылдæр кæныны хъуыддаджы, стæй хъæууон хæдзарады разы цахæм проблемæтæ лæууы, уый тыххæй ныхас кæнæм хъæууон хæдзарады министр Пухаты Левимæ.

– Аз кæронмæ фæхæццæ кæны. Быдыртæ ссæрибар сты алыгъуызон байтыдтытæй. Цас уын бантыст уалдзæджы байтауын æмæ цахæм уыд сæ тыллæгæрзад?

– Æдæппæт нæ республикæйы районты нæмыгон культурæты байтыдтытæ уыдысты 2301 гектары. Фаронимæ абаргæйæ, уый у 230 гектары къаддæр æмæ тыллæграйст дæр фæкъаддæр 1360,5 тоннæйы. Зæгъын хъæуы уый, æмæ хуымзæххыты иууылдæр кæй кусынц арендатортæ, раздæр куыд уыд, афтæ нæм ныр нал ис иумиаг хæдзарадтæ.

– Уæддæр хуыздæр æнтыстытæ кæцы хæдзарадтæн бафтыд сæ къухты?

– Нæ республикæйы районтæй иууыл хуыздæр æмæ фылдæр тыллæг райстой Ленингоры районы, стæй та – Знауыры районы.

– Хæдзарадтæй иууыл хуыздæр æмæ фылдæр тыллæг райстой Уелиты хъæусоветы хæдзарадтæ. Цхинвалы районы хуыздæр хæдзарадыл та нымад æрцыд фермерон хæдзарад «Хох». Уый иу гектары фæзуатæй мæнæу райста 33 центнеры. Хоры æрзад та иууыл хуыздæр уыдис фермерон хæдзарад «Тъбет»-æн. Уый та иу гектары фæзуатæй райста 36 центнеры.

– Фæззыгæнд тауыны куыстытæ та цы уавæры сты? Цас уын бантыст байтауын æмæ бахуым кæнын?

– Ацы аз нæ республикæйы районты хуымзæххытæй бахуым кодтам 440 гектары бæрц æмæ дзы нæмыгон культурæтæ байтыдтам 155 гектары фæзуатыл.

Нæ республикæйы районтæй Знауыры районы бахуым кодтой æмæ байтыдтой 140 гектары æмæ дзы нæмыгон культурæтæ байтыдтой 30 гектары фæзуатыл. Цхинвалы районы хæдзарадтæ бахуым кодтой 90 гектары æмæ дзы байтыдтой 25 гектары бæрц. Иууыл фылдæр бахуым кодтой Ленингоры районы – 210 гектары æмæ дзы нæмыгон культурæтæ байтыдтой 100 гектары фæзуатыл.

– Минералон хъацæнтæй та куыд ифтонг цæут?

– Фæстаг азты минералон хъацæнтæй мæгуырау ифтонг цæуæм, уымæн æмæ уыдон ласт цæуынц нæ республикæйы æддейæ. Нæ министрадæн та фæстаг азты ахæм уавæртæ нал ис, цæмæй сæ ласæм æмæ ифтонг кæнæм хæдзары.

– Фосдарды къабазы цахæм æнтыстытыл дзурæн ис? Фосы нымæц фылдæр кæны?

– Хъыгагæн, ацы хъуыддаджы дæр раппæлæн нæй. Фаронимæ абаргæйæ, ацы аз ставдкъах фос фæкъаддæр сты 494 сæры. Африкæйаг емынæ кæй фæзынд ногæй нæ республикæйы, уый аххосæй хуытæ, фаронимæ абаргæйæ, фæкъаддæр сты 622 сæры.

Афтæ ма 9016 сæры бæрц, фаронимæ абаргæйæ, фæкъаддæр сты лыстæгкъах фос дæр. Уымæн та йæ аххоссаг уыдис Ленингоры фысы дзугтæ Гуырдзыстоны хизæнуæтты кæй хызтысты æмæ сæ фæстæмæ нæ республикæмæ кæй нал æрбауагътой, уый.

Кæрчыты нымæц фæфылдæр, фаронимæ абаргæйæ, 2615 сæры. Мыдыбындзыты нымæц куыд уыд, афтæ баззадис.

– Фосыл, куыд зонæм, афтæмæй бахæцынц хæцгæ низтæ. Абон ма республикæйы ахæм хæцгæ низтæй рынчынтæ ис?

– Хъыгагæн нæм фæстаг рæстæджы фосыл æрцыдис стыр зиæнттæ. Фæзындис нæм хуыты африкæйаг емынæ, ставдкъах фосыл та фæзынд ахсæны сыбыраг хæлмагниз. Уымæй стыр зиан æрцыдис хъæууон цæрджытыл. Фæлæ  уый цæрджытæн бирæбæрцæй у сæхи аххос дæр. Нæ сын саразынц рæстæгыл су-дзинтæ. Закъонмæ гæсгæ та хостæ хъуамæ æлхæной цæрджытæ сæхæдæг. Уый тыххæй семæ цæуы æмбарынгæнæн куыст, цæмæй зоной сæ хæстæ æмæ аудой фосы æнæниздзинадыл. Хæцгæ низтæ иууыл тынгдæр сарæх вæййынц сæрды рæстæджы. Ныр фæуазæлттæ æмæ, зæгъæн ис, нæ республикæйы фосы хæцгæ низтæ нал ис.

– Дыргъгуыстгæнджытæн проблемæтæ вæййы се ‘ркæнгæ продукци Уæрæсейы базармæ аласынæн. Куыд скъуыддзаг цæуы ацы фарст?

– Ныртæккæ  дыргъгуыст, сæйраджыдæр, кæнынц хисæрмагонд хæдзарадтæ. Уыдонæн проблемæ вæййы канд се ‘ркæнгæ продукци ауæй кæныны нæ, фæлæ сæм цæмæй базилой, бапырх сæ кæной, ахæм хостæ балхæныны хъуыддаджы дæр. Сæ ауæй кæныны та сын ноджы стырдæр проблемæтæ вæййы. Бынаты сæ среализаци кæнын нæ бафты къухты. Уæрæсемæ та, арæны сæрты хизгæйæ, æвзарынц бирæ зындзинæдтæ. Раздæр нæ горæты консерваразæн заводы уыдис дыргъы дæттæуадзæн цех, фæлæ уый дæр нал кусы, афтæмæй сæ дыргътæ цы фæкæной, уый нæ фæзонынц æмæ фесæфынц.

– Цахæм хуыз хъæууонхæдзарадон продукци ма æркæнынц нæ фермерон хæдзарадтæ?

– Цхинвал æмæ Знауыры районты фæзындис харбызгуыстгæнджытæ. Уыдонæн уыд хорз æнтыст. Фермертæ сæхæдæг дæр разы уыдысты се ‘ркæнгæ фæллойæ, фæлхасгæнджытæ та зæрдиагæй æлхæдтой бынæттон харбыз.

– Цахæм æххуыс цæуы, йæхи фермерон хæдзарад райтынг кæнын кæй фæнды, уыцы амалиуæггæнджытæн паддзахады ‘рдыгæй?

– Фермерон хæдзарадтæ райтынг кæнын кæй фæнды, ахæм адæймæгтæй нæм куырдиæттæ æрбацыд 38 бæрц. Уыдонæн сæ хæдзарадтæ сæндидзын кæныны тыххæй лæвæрд æрцыдис æхцайы фæрæзтæ.

Кредиты хуызы та цы фермерон хæдзарадтæн æрцыдис æххуыс, уыдонæн цæмæй æнцондæр уа, уый тыххæй сæ кредиттæн афæдз фиддзысты æрмæстдæр 5 проценты.

– 17-æм ноябрь уыд хъæууон хæдзарады кусджыты бон. Цахæм сты дæ фæндиæгтæ нæ республикæйы фæллойгæнджытæн?

– Царды бæркæдтæ хæссæг сты хъæууон фæллойгæнджытæ æмæ зæрдæбынæй арфæ кæнын æппæт хъæууонхæдзарадон кусджытæн. Мæ цæст сын фыццаджыдæр уарзы æнæниздзинад æмæ æнæмаст цард. Цы хъуыддаджы фыдæбон кæнынц, уыдон та хорз хъуыддæгтæн хардз кæнæд.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.