Редакцимæ æрбацыд, 24-25 азы бæрц кæуыл цыдаид, ахæм æвзонг, хæрзконд, æгъдауджын нæлгоймаг. Йæ къухы фыстæг хъæубæсты номæй. «Цæуыл у дæ катай?» — куы йæ бафарстам, уæд лæмбынæгдæр бацамыдта йæхи:

— Цхинвалы район, Рустауы хъæуæй дæн, Тыджыты мыггагæй. Сæрмагондæй мæхицæн ницы домын. Хъæубæсты номæй æрбахастон «фæдисы фыстæг». Советон дуджы Рустауы хъæу нæргæ хъæу уыд. Тынг бирæ адæм дзы цард, дихтæ кодта — Уæллаг, Астæуккаг æмæ Дæллаг Рустауыл. Ам хæларæй цардысты Тыджытæ, Харебатæ, Кокойтæ, Коцтæ, Плитæ, Дзабитæ. Мыггæгтæ хицæн æмæ хицæнтæ сты, фæлæ нæ рагæй фæстæмæ æнгом кæрæдзимæ цы бæтты, уый нæ дзуар — Таранджелоз. Нæ фыдæлтæ фидарæй æууæн-дыдысты Хуыцау æмæ зæдтыл, дзуæрттыл, дауджытыл. Ивынц фæлтæртæ, цæуы рæстæг, фæлæ нæ ивы уыцы фæтк. Абон дæр Рустауы алы цæрæг архайы, цæмæй Хуыцау æмæ дзуæртты раз йæ уд уа сыгъдæг. Æнæ рæдигæ ничи у æмæ кæд исчи фæрæдийы, уæд та хатыр ракуры Таранджелозы бын æмæ уымæй йæ тæригъæдтæ ссыгъдæг кæны. Таранджелозы бæрæгбон сентябры мæйы фæнысан кæнæм. Раджы-иу ардæм бирæ адæм æрæмбырд — йæ уидæгтæ ардыгæй кæмæн сты, стæй хиуæттæ, къабæзтæ. Ам, Таранджелозы бын-иу райхæлд алкæмæн йæ зæрдæ, кæрæдзимæ фыдæхы цæстæй чи каст, уыдон-иу уыцы рæсугъд бон бафидыдтой. Царды æнæбон чи уыд, уæззау низтæ кæй хордтой, уыдонæн дæр-иу Таранджелозы бынмæ ссæугæйæ фенцондæр, кæрæдзийæн-иу æппæлыдысты «æвдадзы хосау мын фæрог кодта ме уæнгты низ», зæгъгæ. Нæ хъæубæсты адæм бæрæгбонты руаджы тых кодтой царды зындзинæдтыл. Хъазт, зарды руаджы-иу сæ зæрдæты бацыди, сæ сомбоны цард кæй фæхуыздæр æмæ фæрогдæр уыдзæн, уыцы ныфс. Ныр нæ кувæндон фæстаг æртæ азы раууатмæ æрцыд. Ныскъуыдтæ сты йæ систæ, хæлы цадæггай. Мидæмæ йæм цæуын ничиуал уæнды æмæ уый ссис, абон Рустауы хъæуы цæргæйæ цы адæм баззад, уыдоны стыр маст«, — дзырдта ацы хъæуы цæрæг Тыджыты Стасик.

Хъынцъым æмæ катайгæнгæ фыстæджытæ редакцимæ арæх æрбахастæуы, æрмæст уыдон фылдæр ацæргæ нæлгоймæгтæ æрбахæссынц. Стæй, раст зæгъгæ, уыдон фылдæр хатт æндæр хуызы цыдæртæ фæдомынц. Фылдæр хатт цæрæнхæдзæрттæ, фæндæгтæ, дæттæ æмæ æндæр ахæм хуызы домæнтимæ сæм вæййы. Уымæ гæсгæ нæм диссаг фæкаст, æрыгон, хæрзконд нæлгоймаг ахæм куырдиатимæ кæй æрбацыд. Афтæ арф æмæ лæмбынæг кæй дзырдта фыдæлты æгъдау, дзуæрттæ æмæ кувæндоны сæйраг мидис æмæ уагæвæрды тыххæй. Бæрæгæй йыл зынд, уымæн дзуарбон, йе ’мцахъхъæнтæй кæйдæртау, æрмæст цæл æмæ нуазыны бон кæй нæу. Йæ хъæуы цы кувæндон ис, уый та йын рагфыдæлты ивгъуыд æмæ абоны царды фарны тæгтæ бæттæг кæй у. Ахæм æвзонг лæппутæ куы æмбарой æмæ аргъ кæной ирон адæмы æгъдау æмæ культурæйæн, уæд нацийæн тас нæу сæфынæй.

Тыджыты Стасик ацы фарсты фæдыл æрмæст газеты редакцимæ не ’рбацыд. Фарсты фæдыл ныхас кодта историон бынтæ æмæ цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны комитеты сæргълæууæг Табуты Неллиимæ дæр. Комитет æмбаргæдзинад бæргæ равдыстой, фæлæ сын финансон хъуагдзинад кæй ис, уымæ гæсгæ сæ бон ницæмæй ссис баххуыс кæнын рустауæгтæн. Хъæуы цæрджытæ сæхæдæг куыд фыссынц фыстæджы, афтæмæй цæттæ сты сæхæдæг дæр иу хай финансон æххуыс бакæнынмæ. О, фæлæ кувæндон бындуронæй реставрацикæнинаг кæй у, уымæ гæсгæ йæ хæрдзтæ бирæ уыдзысты. «Кувæндæттæ рагфыдæлтæй фæстæмæ сты ивгъуыд æмæ абоны царды фарны тæгтæ бæттæг. Дзуарбонты руаджы-иу хъæуы цæрджытæ сæ рæстæг афтæ снывæстой, цæмæй сæ куысты дæр æмæ царды дæр зæрдæрухс уыдаиккой. Дзуарбонмæ хион, хæстæгмæ алчи дæр цыд цин кæнынмæ. Дзуары бын нæ уыд кæрæдзимæ фыдæхы цæстæй кæсыны бар. Азæй-азмæ- иу цы фæндиæгтæ æрæмбырд, уыдонимæ цыдысты нæ фыдæлтæ Таранджелозы бынмæ. Уыцы фидар фæтк, уагæвæрд æмæ рæсугъд æгъдау æххæст кæнæм мах дæр. Нæ зæрдæйы тугтæ тæдзынц, абон нæ кувæндон ахæм æвзæр уавæры кæй уынæм. Уымæ гæсгæ курæг стæм нæ бæстæйы Президентæй, цæмæй нын баххуыс кæна. Зонæм, бирæ бæллиццаг хъуыддæгты лæуд у Леонид Харитоны фырт! Æнтысгæ дæр ын кæны. Алкæуыл æмæ алцæуыл аххæссæн нæй уыцыиу рæстæг. Мах ныфс ис, нæ проблемæ дæр уæ зæрдæйы бынат кæй ссардзæнис æмæ нын исты амæлттæй кæй баххуыс кæндзыстут. Курæг уæ стæм, хъæу цæмæй хъæу вæййы æмæ мыггаг та мыггаг, уыцы кувæндон бацалцæг кæнынæн нын баххуыс кæнут», — дзырдæуы фыстæджы.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.