Ацы аз ноябры мæйы  100 азы æххæст кæны зынгæ ирон политикон æмæ æхсæнадон архайæг, Цæгат Ирыстоны раздæры обкомы сæргълæууæг Хъæбæлоты Билары райгуырдыл. Зынгæ гоймаджы 100-азы юбилейы цытæн организацион комитеты уæнгтæ ралæууыдысты ахæм инициати-вæимæ, зæгъгæ, Ручъы тъунелæн лæвæрд æрцæуæд Хъæбæлоты Билары ном. Оргкомитеты уæнгты уыцы уынаффæ, æнæразыдзинад сæвзæрын кодта хуссарирыстойнаг æхсæнадмæ. Ацы инициативæйы фæдыл газет «Южная Осетия»-йы фæрстыл сæ хъуыдытæ загътой РХИ-йы Уæлдæр Советы фыццаг æрсидты депутаттæ дæр. Уыдон банысан кодтой, зæгъгæ, кæд тъунелæн искæйы ном  дæттын хъæуы, уæд æр-мæстдæр, зынгæ курдиатджын инженер Гаглойты Рутены ном, уымæн æмæ, зæгъ, уый сорганизаци кодта фыццаг куыстытæ фæндаг саразыны тыххæй, кæцытæ систы фидæны Транскамы бындур.

Билары юбилейон бæрæгбон сорганизаци кæныны фæдыл организацион комитеты уæнгты инициативæйы фæдыл не ‘мбæс-тæгтæй арæх фехъусæн вæййы ахæм ныхæстæ, зæгъгæ, уæддæр Транскамы фæндаджы арæзтадмæ стырдæр хайбаврæд чи бахаста – Гаглойты Рутен æви Хъæбæлойы фырт. Уымæ гæсгæ нæ бафæндыд газеткæсджыты зæрдыл æрлæууын кæнын Транскамы фæндаджы арæзтады цалдæр факты тыххæй.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Транскамы фæндаджы арæзтады райдайыны хъуыддаджы егъау сты Билары лæггæдтæ, фæлæ уæддæр æмæ уæддæр ацы фæндаджы арæзтады тыххæй фыццаг чи сдзырдта æмæ йын проекттæ чи сарæзта, уый уыд Гаглойты Рутен. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн фæндаг саразыны хъуыды йæ иунæг уысм дæ рох нæ уыд. 1921 азы Рутены политикон мотивтæм гæсгæ бахъуыд йæ райгуырæн бæстæйæ ацæуын æмæ фæсарæнты рæстæгмæ æрцæрын. 1922 азы уый йæ хæлар, зынгæ хирург Гаглойты Савимæ фыста, зæгъгæ, æхсæвæй бонæй  мæ хъуыдытæ мæ райгуырæн бæстæ, мæ радтæг адæм, мæ фыдæлты уæлмæрдтимæ сты…». Фæсарæнтæй æрвыста корреспонденци-æмдзæвгæтæ, кæцытæ мыхуыр цыдысты газет “Хурзæрин”-ы фæрстыл. Йе ‘мдзæвгæтæ дæр фыст сты йæ радтæг адæмы æнусон бæллиц – фæндаджы тыххæй, кæцы бабаста Цæгат æмæ Хуссар Иры: «Уымæй фæстæмæ мæ зæрдæ, Карздæр цы хорзыл кæуы: Сихор куы хæрин æз Дзауы, ‘Хсæвæр  – Дзæуджыхъæуы!».

1928 азы сæрды Рутен æрæздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ. Сæйраг Кавказы рагъыл цыбырдæр фæндаг саразыны тыххæй уыд йæ новаторон куыст «Осетинская перевальная шоссейная дорога», кæцы мыхуыр æрцыд журнал «Фидиуæг»-ы 1929 азы. Номхуындæй, Гаглойты Рутен æрæвæрдта бындур Ручъы фæндагæн. Сарæзта фæндаджы проектты цыппар версийы, Ручъы тъунелы динамитæй фыццаг срæмыгъд дæр уый сарæзта (ныртæккæ кæм ис уым нæ, фæлæ Ручъы хъæумæ æввахсдæр, цыран нæ уыдаид зæйтæ æрцæуыны тасдзинад). Фæнда-джы арæзтады куыстытæ цыдысты æн-тыстджынæй, фæлæ урæд æрцыдысты, кæй йæ æрцахстой, уый аххосæй. 1937 азы Л.Берияйы бацамындмæ гæсгæ, Гаглойты Рутены фехстой Тбилисы, куыд «адæмы знаг», афтæ.

Гаглойты Рутен  мæ фыд Джиоты Александрæн йæ хæрз фыды хойы лæппу кæй уыд, уымæй тынг сæрыстыр уыд. Мæ фыд-иу мын йæ удæгасæй арæх кодта Рутены кой, бирæ цымыдисон хабæрттæ-иу нын радзырдта, фæлæ сæ, хъыгагæн, иууыл нæ бахъуыды кодтон. Рутен арæх цыд Дзауы районы Моргойы хъæумæ йæ мады æрвадæлтæм. Мæ фыды ныхæстæм гæсгæ, уый улæфын дæр нæ фæрæзта Ручъы фæндаджы мæтæй, æппынæдзух, дам, йæ ныхасы сæр уыд ацы фæндаджы тыххæй, æхсæв, дам, йæ фынты дæр ацы фæндаджы уыдта. Йæ радтæг ирон адæмæн, дам, ын бæргæ бантыстаид бирæ хорздзинæдтæ саразын, фæлæ… 1937 азы, дам, ын йæ цæстытæ абастой, Тбилисы, дам, æй амидæг кодтой æмæ…

1918 азы 28 майы Дзауы ирон национ советы æртыккæгæм съезды Ручъы æфцæгыл фæндаджы тыххæй докладимæ раныхас кодта Гаглойты Рутен. Съезды хайадисджытæ доклад банымадтой хорзыл. Мæнæ цы фыста курдиатджын инженер: «Я отчасти начал свою идею, свой долг и фантазию осуществлять: я привез без одной копейки затрат в центр Осетии Южной 1000 пудов динамиту, 850 пудов пороху скального, 1000 лопат, 700 пудов английской стали, разного другого инструмента и пр. И вдруг не только мне обрезали крылья, не только лишили меня возможности работать, но уничтожили и это имущество, которое я таскал в Осетию…». Уæд Рутен Гуырдзыстоны къухдариуæгады бацамындмæ гæсгæ æрвыст æрцыд Советон Цæдисæй. Гуырдзыстоны хицауад æппæт гæнæнтæй дæр архайдта фæндаджы арæзтады ныхмæ. 1919 азы 26 марты газет «Кавказское слово»-йы уац «Опасный путь»-ы фыст уыд: «Æнæхицау аргъуаны хицауиуæгад кæнын райдайынц хæйрæджытæ», – зæгъы гуырдзиаг æмбисонд. Ирæттæ уырыссæгтæн Гуырдзыстонмæ гом кæнынц ног дуæрттæ, фæлæ уыцы дуæртты дæгъæлтæ æвæрынц сæхи дзыппы. Ацы фæндаг Гуырдзыстоны дыууæ дихы фæкæндзæн. Цалынмæ нæ байрæджы, уæдмæ Гуырдзыстоны хицауад хъуамæ æруромын кæна Ручъы фæндаджы арæзтад».

1941 азы Стыр Фыдыбæстæйон хæст кæй райдыдта, уый аххосæй фæндаджы арæзтады фарст æргъæвд æрцыд. Фæстæдæр фæндаджы арæзтады тыххæй Никита Хрущевы номыл цалдæр хатты куырдиæттæ арвыста Цæгат Ирыстоны обкомы секретарь Æлхъацаты В.  Кавказы æфцæджы автомобилон фæндаджы проблемæмæ се стыр хайбавæрд бахастой бирæ ирон легендарон адæймæгтæ, уыдонæй уæлдай стырдæр хайбаврæд  ис Плиты Иссæйæн. 1961 азы августы Хъæбæлоты Билар нысан æрцыд партийы Цæгат Ирыстоны обкомы фыццаг секретарæй. Уый æппæт тыхтæй дæр архайын райдыдта республикæйы экономикæ сæндидзын кæныныл, æвæллайгæйæ архайдта Ручъы фæндаджы арæзтад райдайыныл. Сæм-бæлд бирæ ныхдуртыл, фæлæ куырыхон адæймаг алцæуыл дæр фæтых. Цæгат Ирыстоныл 40 азы сæххæсты цытæн республикæмæ хуынд æрцыд Никита Хрущев. Мæнæ цы фыста Хъæбæлойы фырт йæ мысинæгты: «СЦКП-йы Централон Комитетмæ бацæттæ кодтон фыстæг, цыран уыд дыууæ фарсты: Республикæйы сырæзты 40-азы цытæн Цæгат Ирыстоны схорзæхджын кæныны æмæ æфцæгыл фæндаг саразыны тыххæй. Уыдтæн Министрты Советы Сæр-дар И.Вороновмæ æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæм, фæлæ уыдон, фыстæг Хрущевмæ радтын бахæс кодтой мæхицæн. Фембæлдтæн Л.Брежневимæ дæр, уæд уый нырма рæнхъон секретарь уыд. Уый мын бакаст мæ фыстæг æмæ мын загъта, цæмæй мæхæдæг бацæуон Хрущевмæ. Уыцы рæстæджы уагъд цыд Советон Цæдисы Уæлдæр Советы сесси æмæ  мын Брежнев загъта, цæмæй йæм телефоны фæдзырдтаин сессийы куысты фæстæ. Æз æм фæдзырдтон æнафоны сессийы фæстæ,  уый мын загъта, цæмæй бацыдаин Н.Хрущевы химæисæнмæ. Уым Хрущевмæ æнхъæлмæ кастысты  зынгæ паддзахадон архайджытæ. Секретарь  фехъусын кодта Хрущевæн ме ‘рбацыды тыххæй. Куы рахызт, уæд мæ иннæты разæй  фæхуыдта Хрущевы кабинетмæ. Уый мын загъта, зæгъгæ, фыстæг мæ къухты уыд, фæлæ йын йæ мидисимæ нæ базонгæ дæн. Фыстæг кæсгæйæ-иу мæ Хрущев афарста: Плиты Иссæ сымах у?, Хетæгкаты Георги сымах у? Мамсыраты Хадзы-Умар сымах у? (уыдоны хъæбатырдзинæдты тыххæй банысан кодтон фыстæджы). Фыстæджы мидисимæ базонгæйы фæстæ мын загъта: «Политбюро аивта республикæйы сырæзты 40-азы фæдыл бæрæгбон. Æмæ Цæгат Ирыстонæй Гуырдзыстонмæ Æфцæгыл фæнда-джы фарст та у вазыгджын æмæ йæ хъæуы лæмбынæг сахуыр кæнын. Дыккаг бон мæ йæхимæ фæхуыдта Микоян. Уый мын фехъусын кодта, зæгъгæ, æхсæвы ист æрцыд уынаффæ уæ республикæйы уын Ленины орденæй схорзæхджын кæнын тыххæй. Хорзæх радтынмæ  уæм ацæудзæн йæхæдæг Никита Хрущев. Цæгат Ирыстонимæ зонгæ кæныны рæстæджы мын куыддæр гæнæн фæци, афтæ Хрущевы афарстон: «Æмæ æфцæджы фæндаджы тыххæй фарст та куыд уыдзæн?» Уымæн йæ цæсгомыл фæзынд мидбылхудт æмæ мын сдзуапп кодта : «Куыд хинæйдзаг дæ, æмбал, Хъæбæлойы фырт, ды афтæмæй Мджаванадзейы бын æвæрыс топпыхосæй йедзаг боцкъа». Æз ын бамбарын кодтон фæндагæн æрмæст территориалон нысаниуæг кæй нæй, фæлæ йæ сæйраг нысан кæй у иумиаг-цæдисон, экономикон æмæ стратегион». Хрущев сразы фæндаджы арæзтадыл, фæлæ Гуырдзыстонмæ йæ иу балцы рæстæджы йæ хъуыды фæивта, Мджавана-дзе йæ куы срасыг кодта, уæд».

«Радон хатт та бацыдтæн Советон Цæдисы Министрты Советы  Сæрдар С.Косыгинмæ. Уый мын фехъусын кодта, зæгъгæ, Ручъы фæндаджы арæзтады фарстмæ æр-кастысты чысыл советы æмæ йæ ныхмæ ра-цыд Гуырдзыстоны Министрты Советы Сæр-дар Джавахишвили. Уый, зæгъ, фæндон бахаста Æфсæддон-гуырдзиаг фæндаг среконструкци кæныны тыххæй. Фæлæ та мах ногæй  ныффыстам Брежневмæ, кæцы зонгæ уыд ацы фарстимæ. Мæнæн мæ бон ссис Брежневæн бауырнын кæнын, зæгъгæ, ацы фæндаджы арæзтад нæу ирæтты сиу кæныны тыххæй гуырдзиæгтæ куыд хъуыды кæнынц, афтæ, фæлæ фæндаг  Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сиу кæндзæн экономикон æмæ этнографион æгъдауæй. Национ-поли-тикон баиу кæныныл дзырд дæр нæ цæуы»,- фыста йæ мысинæгты Хъæбæлоты Билар.

Гуырдзиæгты позици базонгæйæ, та но-джыдæр ахæм куырдиатимæ Хъæбæлойы фырт бахатыд СЦКП-йы Централон Комитетмæ, цæмæй фæндаджы арæзтад хаст æрцыдаид 1971-75 азы фондзазон планмæ, йæ арæзтад ын 1971 азы райдайгæйæ. 1971 азы газет «Правда»-йы мыхуыр æрцыд Багаты Чермены уац, цыран уый радта ахæм фарст: «Бынтон чысыл километртæ хицæн кæнынц дыууæ ирон горæты – Цхинвал æмæ Алагиры. Ныридæгæн ацы горæтты ‘хсæн арæзт  æрцыд  фæндаджы иу хай, фæлæ хъуыддаг ууыл æрлæууыд. Нæй гæнæн æмæ фæндаджы арæзтад фæтагъддæр уа?». Ацы фарсты фæдыл газеты редакци райста тел, цыран фыст уыд: «Багаты Чермены хъуыды у мингай адæймæгты хъуыды, уыдоны хъуыды, кæцыты бахъæуы 130 километры бæсты 1300 километры ацæуын». Æппæт уыдæттæ бандæвтой проблемæйыл æмæ 1971 азы 16 ноябры Советон Цæдисы министрты совет райста уынаффæ 1973-75 азы фæндаджы арæзтадмæ æрæвналыны тыххæй. Фæлæ та фæндаджы арæзтады ныхмæ Брежневы номыл фыстæг æрæрвыста Гуырдзыстоны Компартийы Централон Комитеты фыццаг секретарь В.Мджаванадзе. Уый базонгæйæ та, Хъæбæлоты Билар активонæй райдыдта архайын пролемæ аскъуыддзаг кæныны фæдыл. Æппынфæстагмæ, Советон Цæдисы Коммунистон партийы Централон комитет уынаффæ рахаста фарст æвæрццагæй аскъуыддзаг кæныны тыххæй. Уæд загъта Хъæбæлойы фырт йæ зындгонд фразæ дæр: «Этому хребту сломаем хребет».

Кæй зæгъын æй хъæуы, стыр у йæ хайбавæрд ацы гоймагæн Ручъы фæндаджы арæзтадмæ, фæлæ йæм уымæй стырдæр хайбавæрд та бахаста Гаглойты Рутен æмæ уый макуы хъуамæ ферох уа. Стæй дæр Гаглойы фырт йе ‘взонг цард ацы фæндаджы тыххæй снывонд кодта æмæ йын кæд искæйы ном дæттын хъæуы, уæд æрмæст-дæр Гаглойты Рутены ном. Раст фыссынц РХИ-йы Уæлдæр советы фыццаг æрсидты депутаттæ, зæгъгæ, куыд тъунелы цæгатварс, афтæ хуссарварс дæр, Гаглойты Рутенæн хъуамæ æвæрд æрцæуой бюсттæ. Гаглойы фыртæн бюст сæвæрыны фарст æгæр дæр ма байрæджы, уымæн æмæ тъунелмæ бацæугæйæ, бар-æнæбары дæр зæрдыл æрлæууы курдиатджын инженеры хайбавæрд ацы фæндагмæ. Мæнгæй йæ, мыййаг, куынæ хонынц Рутены тъунел, зæгъгæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæндаджы арæзтадмæ бирæтæ бахастой се стыр хайбавæрд, кæцытыл иу уацы æрдзурæн нæй. Æмæ уыцы адæймæгты нæмттæ та рох кæнын нæ хъæуы, уымæн æмæ гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды райдианæй суанг 2008 азы августы хæстмæ ацы фæндаг ирон адæмæн ссис царды фæндаг. Ацы фæндаг арæзт куынæ æрцыдаид, уæд нæ хъысмæт куыд уыдаид, ууыл ахъуыды кæнгæйæ зæрдæ баризы… Царды фæндагмæ Гаглойты Рутен, Хъæбæлоты Билар, Плиты Иссæ æмæ бирæ æндæр адæймæгтæ цы стыр хайбавæрд бахастой, уый хъуамæ зоной æмæ сæ зæрдыл дарой Ирыстоны фæлтæртæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.