Нæ республикæйы стырдæр хъæутæй сæ иу у Цхинвалы районы Сатихъары хъæу. Цалынмæ гуырдзиаг-ирон хъаугъа нæ райдыдта, уæдмæ ам цард 250 хæдзарæй фылдæр. Кодтой дыргъгуыст æмæ халсаргуыст. Алы хæдзар дæр дардта стуртæ, хæдзарон мæргътæ. Рагæй фæстæмæ хъæубæсты стырдæр проблемæ уыд нуазыны дон. Дон сæм уагъд уыд Годжыты хъæуæй, кæцымæ Сатихъары хъæуæй цæуын хъæуы 7 километры бæрц. Хъæуы  доны крантæй сабыргай цы дон лæдæрст, уымæ адæм чыртæй-чыртæй лæууыдысты рады. Хатт-иу дон бынтондæр басур æмæ-иу уæд хъæубæсты цæрджытæ тынгдæр тыхстысты æнæдонæй.

Хæсты азты ацы хъæуæй дæр бирæ адæм фæлыгъд, чи дзы баззадысты, уыдон та, сæйраджы-дæр, систы сæ хъæу æмæ сæ бинонты, сыхаг гуырдзиаг хъæуæй сæм цы гуырдзиаг лæгсырдтæ лæбурдтой, уыдонæй хъахъхъæнджытæ. Дон бынтон æдзæллаг уавæрмæ æрцыд. Цалдæр азы размæ Цхинвалы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ рауагътой хъæумæ уæлæмхас доны хæтæлтæ. Афтæ ма ноджы РХИ-йы уæвæг Сырх Дзуары Дунеон Комитеты программæйы фæлгæтты арæзт æрцыд ноджы иу доны хахх. Хъæуы сæрмæ арæзт æрцыд 60 кубон метры йæ гуырахст кæмæн у, ахæм резервуар æмæ уырдыгæй хъæумæ хъуамæ цыдаид дон. Хъæубæстæ сæхæдæг куыд зæ-гъынц, афтæмæй резервуартæм æввахс цы цæрджытæ ис, уыдон æдзæсгомæй пайда кæнынц нуазыны донæй дæр. Афтæмæй уыдон не сыхгæнынц æгас суткæ  дæр сæ крантæ æмæ дæлдæр цы сæдæмæ æввахс хæдзары ис, уыдон нæ вæййы дон райсыны, уавæр.

Хъæуы кæрон цæрæг Джиголаты Залинæ куыд зæгъы, афтæмæй уыдон нуазыны дон ласыны сæр бахъæуы сыхаг хъæу Ксуис кæнæ Хелцуайæ. «Куыд зонæм, афтæмæй сæрдыгон бонты фылдæр фæхъæуы дон, куыд хæдзарон куыстытæн, афтæ ма  æвзарæм доныхъуагдзинад нæ цæхæрадæтты донхæр кæныны фæдыл». Джиголаты Зæлинæйы æмкъай Гуыззыдтаты Гурам, кæцы у  1 къорды инвалид, бон цалдæр хатт дон ласы уæрдоныл сыхаг хъæуæй. Хъæуы иннæ цæрджытæ дæр махимæ ныхасы рæстæджы стыр тыхстæй дзырдтой, сæрды мæйты сæ крантæй дон кæй нæ фæцæуы, уый тыххæй.

Уымæй дарддæр ма хъæуы цæрджытæ куыд дзырдтой, афтæмæй Сырх Дзуары Дунеон Комитеты фæрцы дон арæзт куы цыд æмæ хæтæлты диаметр куы федтой, уæд бахатыдысты аразджытæм, цæмæй сæ стырдæр диаметрæй баивой, ома, уый фаг нæ уыдзæнис æнæхъæн хъæуæн, уæлдайдæр та дон сыхгай уагъд куы цæуа, уæд. Уыдонæн сæ дзуапп уыд, зæгъгæ, мах нæ проект æххæст кæнæм Европæйы стандарттæм гæсгæ æмæ йæ нæ аивдзыстæм». Уæд та хъæубæстæ бахатыдысты районы администрацимæ, зæгъгæ, разы стæм уæлæмхас æхцайы фæрæзтæ алы хæдзарæй дæр æрæмбырд кæнынмæ, æрмæст, дам, нын æй куыд æмбæлы, афтæ саразут.

Нуазыны доны проблемæйы фæдыл хъæуы администрацийы сæргълæууæг Дыгъуызты Никъала афтæ зæгъы: «Фадыгон милиционеримæ мах арæх азилæм, хъæубæстæй нуазын дон йæ цæхæрадонмæ чи баздахы,  уыдоныл. Ауадзæм семæ æмбарæн куыст, цæмæй ахъуыды кæной иннæ цæрджытыл дæр. Фæлæ уыдонмæ нæ хъары иннæ цæр-джыты рис», – загъта хъæуы администрацийы сæргълæууæг.

Уый ма нын куыд загъта, афтæмæй сæм ис доны хæтæлтæ, уыдон фаг сты, цæмæй ма ноджы рауадзой иу уæлæмхас хахх. Фæнд кæнынц районы администрацимæ бахатын, цæмæй сын баххуыс кæной проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн».

Цæрджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй æрæджы коллективон фыстæг ныффыстой бæстæйы сæргълæууæджы номыл дæр, цæмæй сын баххуыс кæна доны проблемæ аиуварс кæнынæн. Дон сæ цæхæрадæттæм цы цæрджытæ  бафтауынц, уыдонæн ис уавæртæ, цæмæй хъæуы астæуты цы донхæры къанау цæуы, уырдыгæй донхæр кæной сæ цæхæрадæттæ. Фæлæ сæ уый дæр нæ фæнды. Районы администраци цæттæ у техникæйæ сын баххуыс кæнынмæ, цæмæй къанау сыгъдæг æрцæуа, фæлæ хъæубæстæ сæхи дарынц пассивонæй.

«Кæд æмæ хъæуы цæрджыты бафæнда сæ цæхæрадæттæм донхæры дон рауадзын, уæд мах цæттæ стæм уыдонæн сæрмагонд техиникæйæ баххуыс кæнынмæ. Фæлæ уыдон сæхи цæхæрадæттæм дæр бахъæудзæн къанаутæ скъахын. Хъыгагæн, иуæй-иу цæрджыты фæнды, цæмæй сын се ‘ппæт проблемæты дæр паддзахад скъуыддзаг кæна, сæхи та кусын нæ фæнды», – зæгъы районы администрацийы коммуналон-цалцæггæнæн хæдзарады сæргълæууæг Хъотайты Барис.

Районы администрацийы ма куыд загътой, афтæмæй 2018 азы план цæуы Сатихъары астæу цы цæугæдон цæуы, уырдыгæй къанаутæ ауадзын алы сыхмæ дæр.

Чысиаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.