Шамилыл йæ дуне баталынг 26 майы 2011 азы. Лæгсырдты къухæй фæмард нæ дзыллæйы уарзон адæймаг, рæстыл дзурæг, куырыхон стыр фыссæг æмæ ахуыргонд, ирон адæмы намыс хъахъхъæнæг, нæ фарныл нын фарн æфтауæг.

Шамил Дзомагъæй рацæугæ уыд. Сæ хъæу хуындис Фæзыдзомагъ. Комæн кæд йæ ба-цæуæнтæ æмæ йæ рацæуæнтæ уынгæг  сты, уæддæр дзы мидæгæй ис рæсугъд хæхтæ, фæз бынæттæ, цъæх сгæлладау фæлыст угæрдæнтæ, зæрдæмæдзæугæ рæгътæ, къуылдымтæ, сæрвæттæ.

Нæргæ комыл нымад уыд, фæлæ 1950 азтæй федзæрæг.

Йæ адæм цардагур фæлыгъдысты, чи Дзау æмæ Цхинвалмæ, сæ фылдæр хай та сæхи айстой Цæгат Ирмæ.

Сæрæн фæсивæд рацыд Дзомагъæй. Уый дын Плиты Арон æмæ Агуыбе, Джыгкайты Хетæг, Шамил æмæ Аким, Дзугаты Георги, Хаджумар æмæ Зауыр.

Шамил райгуырд 1940 азы Дзомагъы, уым арвыста йæ сабион бонтæ. Хъуыстгонд хæ-дзарвæндагæй рацыд Шамил, фыдæлты номæй сæ Дауиттæ хуыдтой. Йæ фыд Федыр æмæ  йæ мад Фаризæт сæ цæхх æмæ сæ къæбæр æнæвгъауæй дих кодтой канд Дзомагъæн нæ, фæлæ ма æгас Цъалагомæн дæр.

Дзомагъæй райдайгæйæ, Федыры зæнæг – Хетæг, Солтан, Рутен, Шамил, Мурат, Галя æмæ Лидия сæ ахуыры фæндагæй никуы фæиппæрд  сты, сеппæт дæр райстой уæлдæр ахуырад алы фадгуыты.

1950 азтæй тынг æрбакъуындæг сты хæххон адæмы царды уавæртæ. Фæтыхст Федыр дæр, фæлыгъд Цæгат Ирмæ 1952 азы, æрцард Комбилеевкæйы хъæуы.

Шамил 5 къласы бакаст Дзомагъы, стæй йæ ахуыр адарддæр кодта Комбилеевкæйы. Кæд уырыссаг æвзаджы тыххæй тыхст, уæддæр быхста, ахуырыл йæ уд хъардта. Сæхи хъæбулы цæстæй йæм акастысты йæ ахуыргæнджытæ Дулаты Тамарæ æмæ Тадтаты Сослан. Уыдон сабийы цудын нæ бауагътой.

Комбилеевкæйы скъола æнтысджынæй фæцис каст Шамил 1958 азы, ардыгæй райдыдта йæ литературон куыст дæр, ам бакодта фыццаг къахдзæф газет «Ленины тырыса»-мæ.

1958 азы Шамил йæ ахуыр адарддæр кодта Хетæгкаты Къостайы номыл педагогон институты филологон факультеты. Ныр бындуронæй аныгъуылд ахуыры. Уыцы дуджы базонгæ Дзесты Куыдзæгимæ. Ныр Шамилы ном рарттывта газет «Рæстдзинад»-æй, журналтæ «Мах дуг» æмæ «Фидиуæг» кæддæриддæр се ‘ххуысы къух дард-той æвзонг рæзгæ поэтмæ.

Йе  студентон азты Хуыгаты Сергей æмæ Ходы Камалимæ рауагътой æмдзæвгæты æмбырдгонд «Бонвæрнон», зæгъгæ, ахæм номимæ. Уый уыдис 1962 азы.

1964 азы та рацыд хицæн чиныгæй йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд «Æфсарм».

Уæрæх дуæрттæ байгом кодта пединститут Шамилæн цардмæ, зонадмæ, æхсæнады царды уагæвæрдмæ акæсынæн.

1964 азы Шамил æнтыстджынæй каст фæцис йæ институт. Фæзынд ын ныр æвзаринаг фæндæгтæ – ахуыргæнæджы куыст, телеуынынады редакци, аспирантурæ. Хорзæн мысыд кæддæриддæр Ардасенты Хадзыбатыры, Хæдарцаты Азæйы. Каст фæцис йæ аспирантурæ, ссис филологон зонæдты кандидат, райдыдта лекцитæ кæсын пединституты. Йемæ -иу куы ныхас кодтон йæ куысты фæдыл, уæд-иу хъазгæйæ афтæ бакодта: «Быны сæфт мæ фæкодта Харум, мæ фæндаг мын фехæлдта. Афонмæ мæ поэт рауадаит, ныр мæ мæнæ уацфыссæг скодта».

Зонадон, ахуыр-хъомыладон куысты æмрæнхъ Шамилæн поэзийы къæбиц ссис йæ уарзондæр рахæцæн. Рæстдзинад æмæ тохы фæндæгтæн поэзи цæнгдыхдæр кæй у, уый фидар æмбæрста æмæ иу ран йе ‘мфыссæгæн афтæ зæгъы:

 «Ды дæр ма искуы смæсты у лæгау  

 Æмæ зæгъай дæ фыстыты æцæгтæ». 

Шамил литературæйы фадыджы тохыл лæуд уыд. Йе студенттæн, æрыгон фысджытæн кæддæриддæр амыдта: «Литературæ тох у. Иу хъуыддаг – йæ ныффыссын, иннæ – йæ сæрыл тох кæнын».

Æнæбарон уыд Шамил, кæд дзы сæ ныхтæ сагътой нæ «мæнтæгрæмудзджытæ», уæд-дæр сын афойнадыл дзуапп дæттын фæрæзта. Уыдонæн сæ удхæссæг уыдис хорзæй хорз зæгъын, аиппытæ агурынмæ, мæнг дамтæ мысынмæ та сын æмбал нæ уыд. Сæрæн æмæ курдиатджын лæппутæ куынæ уыдаиккой Джыгкайты Шамил, Хъодзаты Æхсар æмæ Ходы Къамал, уæд сæ “цъылынæй брондонмæ амарзтаиккой”.

Шамил диссертаци бахъахъхъæдта ахæм темæйыл: «Фольклорон традицитæ ирон поэзийы 1917-1941 азты».  Куыст мыхуыры куы рацыд, уæд ыл сæхи ныздыхтой нæ «мæй-хортæ», Алыккаты Хазбийы кой дзы кæй уыд рæстырдæм, уымæ фау хæсгæйæ.

1968 азы фæзынд Шамилы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Цæф сæгуыты маст». Ирон чиныгкæсджытæ, нæ поэзийы уарзджытæ Хæдарцаты Азæйæ райдагæйæ, загътой: «Уый ирон поэзийы уыдис ног фæзынгæ стъалыйы хуызæн».

Шамилы поэзийы сæйраг рахæцæнтæ цахæмтæ уыдысты, уый йæ рæстæджы æргомæй загъта Нафи: «Шамилы поэзийæн фæстаг ссæдз азы дæргъы йæ цырв не ‘хсæнадыл, адæмы абон æмæ фидæныл сагъæстæ сты. Йæ сæйраг дзуринæгтæ: æхсæнцарды рæстдзинæдтæ кæй нæй, хицæутты удыгъæд мулк арын æмæ æмбырд кæнынмæ арæзт кæй у, стæй ахæм зонд адæймаджы фарн дæлдзиныг кæнынмæ, адæймаджы хуыцауысконд миниуджытæ халынмæ кæй тырны».

Шамилы чи зыдта, уыдон ахæм хъуыдыйыл уыдысты хæст: «Дзырдта æргомæй, фыста зæрдæйæ».

Уыцы æргом дзырд кæмæ хауд, уыдон цъус не  сты царды, уыдонæн Шамил, Камал, Æхсар, Алыксандр, Нафи, Грис, Тотырадз, Уасо æмæ æндæртæ сæ цæсты сындз уыдысты, уыдон ирон литературæйы хæзнадоны кæддæ-риддæр агуырдтой æмæ агурынц хуынкъ абазитæ. Гæппæввонгæй лæууыдысты Шамилы хуынтæм æмæ сæ бон цы уыд, уымæй маст кодтой авторæн, цъыфимæ змæстой рæсугъд аив фæлыст уацмысты.  Уыцы дæрзæг къухайст фæзынд Шамилы уацмысты æмбырдгæндтæ: «Амыраны зæрдæ» (1973аз) æмæ йæ зынгæ поэмæ «Нывгæнæджы мæлæт»- ыл (1969аз).

Нæу поэты зæрдæ рухс, куы фены æгуыдзæг лæппуты, фарн æмæ æгъдау халджыты, тæппудтæ æмæ давджыты. Уæд Шамил мæстæлгъæдæй фæзæгъы:

«Мах нал бæззæм лæгтæн,

Нæ хъуынджын сæртæй фегад кодтам худтæ…

Кæс-ма: цæуынц сæрыстырæй тæппудтæ,

Цæуынц уæййаг, мæнкъи, «æлдар», сæрхъæн,

Цæуынц къозбау, гæртамхор æмæ давæг,

Кæнынц нæ Ирыл хахуыртæ хъæрæй

Æхсины лæг хæддзу æмæ дзырдуафæг».

Ирыстоны сомбоныл сагъæс поэтæн нæ лæвæрдта удæнцойдзинад, нæ абоны дихдзинад Ирыстоны развæндæгтæ æхгæнæг кæй у, уый дæр æргомæй зыны йæ ныхасы. Зæгъы, зæгъгæ: «Революци куы фæуæлахиз ис, уæд ирон адæмæн дæр скодтой паддзахад. Иу нæ, фæлæ дыууæ! Мах царциаты адæм стæм – иу нын фаг ницæмæй кæны, алцыдæр нæм ис дыууæ: дыууæ Иры, дыууæ дины, дыууæ æвзаджы. Ныр та – дыууæ паддзахады. Кæрæдзийæ бынтондæр фæхицæн стæм. 1938 азы дыууæ дихы фæцис нæ алфавит дæр, æмæ дыууæ Иры кæрæдзи чингуытæ дæр нал кастысты. Дыууæ Иры бынтондæр фæхицæн сты æмæ аргъæутты хъайтартау фестадысты дыууæ егъау дунейы – азиаг Гуырдзыстоны æмæ европæйаг Уæрæсейы. Уый уыдис национ катастрофæйы иу фæзынд, иу акт».

Бæрæг у йæ хъуыды: Шамил агуырдта иу адæмæн иу Ирыстон, иу паддзахад, иу гимн, иу тырыса. Уыдон рæзынц, фæлæ сæ Шамил нал федта.

Шамилæн йе ‘рвылбонон ныхас уыд:

«Мæнмæ зынтæ нæ кæсынц зын,

Хæзнатыл нæу мæ катай.

Сæрæн дæн æз, фæлæ тæрсын

Мæгуыр æмæ æгадæй».

Шамил бирæ «æрхъулаты» бахауд, фæлæ-иу дзы кæддæриддæр рацыд уæлахиздзауæй, уымæн æмæ царды фарн, зонд æмæ Стыр Хуыцау рæстдзинады фарс сты. Афтæ йæ фæлгъауы Шамил дæр йе ‘мдзæвгæ «Царды фæткы»-ы.

«А-зæххыл фыдæлты

Уазæвзаг цæрдзæн

Фидæнмæ нæ зæлты

Нарты фарн хæсдзæн».

«Дунейæн йæ Хуыцау

Уæд уыдзæни зонд

Адæймаг – йæ хицау

Стыр æмæ бæрзонд».

Дардмæ  уынаг уыд Шамил, фæлæ ацы хатт, 26 майы цы хæдтулгæмæ бахызт зонгæ, «хиу» охыл, уый нал рахатыд, æндæр дунемæ йæ кæй фæласы. Мæнгарддзинад йæ зæрдæйы никуы уыд, йæхийау алкæйы дæр æууæнкджыныл нымадта, Ирыстоны гуыппырсартæ – Ос-Бæгъатыр, Чермен, Хазби, Бæтæйы фырттæ, Иликъо гадзрахатæй мард кæй æрцы-дысты, уый байрох Шамилæй æмæ сæ баййæфта.

Арæхстджын разынд Шамил драматургийы фадыджы дæр. Йæ пьесæтæ «Хъодыгонд зæд», «Цомахъ» æмæ «Санаты Сем» зынгæ фæхъæздыгдæр кодтой ирон театры репертуарты, ирон театрдзаутæ сыл зæрдæбынæй бацин кодтой.

Трагеди «Хъодыгонд зæд» фæзынд 1975 азы. Автор пьесæйы архайд бæтты, аланты царды цы стыр трагеди æрцыд, уыцы цаутимæ.

Трагедийы бындур историон у. Тæтæр-монголты æрхъулайы куы бахаудтой Алантæ, уæд сæ раздзæуæг, сæ фæтæг уыд Бурахан, Шамил æй йæ ирон номæй хоны Борæхан. Уымæн йæ сæйраг хъуыды у, цæмæй Аланыстон ногæй йæ

1984 азы фæзынд Шамилы драмæ «Цомахъ», сценæйыл æвæрд æрцыд 1987азы. Драмæйы бæлвырдæй зыны, цахæм уыд Цомахъы удыхъæд куысты, царды, куыд уарзта йæ адæмы, цы стыр кад ын уыд нæ адæмы цæсты.

Шамил буц æмæ сæрыстыр уыд Иры фыдæлтæй, æхсар æмæ сæм зонд фаг уыд, лæгдзинадыл рыг абадын нæ уагътой. Уыдонæй иу уыдис Санаты Сем – Ирыстоны куырыхон лæгтæй иу, æмæ нын Шамил бавдæлд æмæ йæ ракодта адæмы размæ. Адæм кæдæй уæдæй федтой удæгас Семы, ирон сценæйыл, удæгас, цардæгас адæймагæй йæ æвдисы Шамил. Семы тыххæй Шамилы хъуыды ахæм уыд: «Санаты Сем хайджын у адæмы æнусон фæлтæрддзинадæй, дзырддзæугæ лæг зоны, цы уыд æмæ цы уыдзæн,  уыдæтты, – афтæ дзы таурæгътæ скодта зæххон пехуымпар».

Ирыстоныл дыууæрдыгæй дæр туджы зæйтæ цæуын райдыдтой. Шамил кæйдæртау йæ сины сæртыл хæцгæйæ нæ каст, уый хорз æмбæрста – Гуырдзыстон лидзы Стыр Цæдисæй, Хуссар Ир та Цæдисыл бæтты йæхи. 1920 азы геноцид, абон та раллæууыд ног геноцид, æмæ Шамил кæд зæрдæрыст у, уæддæр йæ ныфс нæ асаст, сæрыстыр у Иры лæппутæй æмæ йæ зæгъгæ дæр комкоммæ кæны: «Сæ сау фæндтæ сын сæ хъуыры бадын кæнынц Иры лæппутæ». Уырны мæ, уыдоныл фидæны скæндзысты зарджытæ.

Уыдис Мæхъæлы ныббырст, ныккалд та ироны туг Хуыцауы рæстæй.  Мæстджын у Шамил, фæлæ та æрцыд ахæм хатдзæгмæ: Не сты сæфт ироны лæгдзинад, æхсар æмæ уды сконды рæсугъд миниуджытæ. Ныццагъта уæддæр Шамил фæдисы дзæнгæрджытæ: «Ирыстон! Нæ рухс Фыдыбæстæ! Фынæй уыдтæ, фæлæ райхъал дæ хотыхты уынæрмæ, ныррызтæ сыгъды къæс-къæсмæ æмæ сылгоймæгты хъарæгмæ, дудынц дæ хъæдгæмттæ сабиты цæссыгтæй, нырма дæ фырттæй бирæтæм нæ фехъуыст дæ фæдис, иннæтæ хуыссæг-хъæлдзæг сты, нæма сæм хъары дæ судзаг рыст. Фæлæ мæ уырны дæ уæлахиз. Сыст-дзысты дæ цæуæт Æрæфы кæмттæй Комгæроны рæгътæм, сыстдзысты Терк æмæ Æрыдоны былтæй. Нæртон фæсивæд нæ бауадздзысты хынджылæг кæнын сæ зæхх æмæ сæ адæмæй, сæ мадæлтæй æмæ сæ уарзæттæй. Фæрныг у Ирыстон нæртон æхсар æмæ лæгдзинадæй.

Ирон адæм! Сæр нæ бахъуыд. Нæ бæстæ, нæ ном, нæ намыс фыдгултæй бахизæм, нæ сахъ фæсивæд («Нæ фехъуыстон…»).

Æнæрынцойы зæрдæйы хицау уыд Шамил. Куысты фæллад нæ зыдта.  Ахуыр-хъомыладон куысты æмрæнхъ кодта егъау сфæлдыстадон куыст дæр.

Ирон фольклор æмæ нывæфтыд литературæйыл кусын æмæ хъуыды кæнынæй не ‘фсæст.  Куыд тæлмацгæнæг, афтæ Шамилæн æмбал кæм уыд. Йæ тæлмацтæ Роберт Бернсæй, Дж.Г. Байронæй, М. Лермонтовæй, Морис Гартманæй, Людвиг Уландæй, Апполон Майковæй, стæй уæд Хъаныхъуаты Иналæй стыр хуын сты нæ литературæйы хæзнадонæн.

Йæ зонадон куыстытæ Нартæ æмæ ирон литературæйы историйыл, æмткæй нæ адæ-мон сфæлдыстадыл дзурæг сты, Шамил кæй уыд тынг арæхстджын фольклористикæйы фадыджы кусынмæ нæ литературæйы ахсджиаг фарстытæ æвзарынмæ. Йæ куыстытæ: «Стыр дурæн  –  стыр тулæн», “Таурæгъ – адæмы дзургæ истори”, «Нарты Батрадз – Скифаг хицау», «Нæртон лæг æмæ нæртон намыс – стыр иртасæнтæ сты, нæ адæм сфæлдыстады къæбицмæ цæмæй зонды цæстæй бакæсай, уымæн. Абоны бон дæр махæн стыр хæзна у Шамилы чиныг «Ирон литературæйы истори», – не студенттæн у се ‘рвылбонон ахуыргæнæн чиныг.

Цæрыны гуырд уыд Шамил. Йæ разагътайы лæджы ранмæ куы бахæццæ, йæ фæтæн уис хосдзæутты разæй куы хаста, уæд æй рæсугъд хур бон арв ныццавта.

Чизоны ма бафæрæзта зæгъын:

«Барастырмæ балцы цæуын

Мæ фæллад ысуадздзынæн нæууыл.

Нæ хъæуы мæ мардыл кæуын.

Кæуинаг мæ цард уыд уæлæуыл»

Йæ маст дæнгæлæй ахаста мæрдтæм. Шамил нæ федта йæ бæллицты амонд, нæ фехъуыст кæронмæ йæ фæдисы хъæр:

«Мæ хъæрмæ нæ райхъал æфсарм,

Нæ уæм хъуыст фыдохы мæ фæдис.

Ыстыгътой мæ Ирæн йæ царм,

Мæ разы нызгъæлæн нæ цæдис».

«Махæн ницы фидауы» – Шамилæн йæхи ныхас у, нæ нæм фехъуыст йæ фæдис, нæ бахъахъхъæдтам нæ фæдисоны æмæ фæсмон-гæнгæйæ алы аз дæр мысæм Шамилы.

Дзæнæты уæд йæ бынат.

 

ПЛИТЫ Г.Г., Профессор,

Хетæгкаты К.-йы  номыл

 премийы лауреат

Май, 2017 аз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.