Къуырийы кæрон информацион агентад «Спутник»-ы уагъд æрцыд пресс-конференци нæ республикæйы хæрзаудæн фонд «Подари крылья»-йы сæргълæууæг Цхуырбаты Татьянайы хайадистæй. Пресс-конференцийы дзырдæуыд, нæ республикæйы 29 июны хæрзаудæн фонд «Подари крылья», информацион агентад «Спутник» æмæ нæ республикæйы рог атлетикæйы скъолайы æххуыссæй уагъд кæй æрцæудзæн хæрзаудæн алыгъд. Хæрзаудæн фонд «Подари крылья»-йы сæргълæууæг æмæ хæрзаудæн алыгъды организатор Цхуырбаты Татьянæ фехъусын кодта, зæгъгæ, информацион агентад «Спутник»-имæ иумæ æрвылаз дæр организаци кæнынц алыгъд, цæмæй рынчын сывæллæтты æмæ сæ бинонты фарсмæ æрбалæууой æмæ сын хæрзаудæн алыгъды рæстæджы цы ‘хцайы фæрæзтæ æрæмбырд кæной, уыдон лæвæрд æрцæуой нысанмæздæхтæй. «Нæ фонд хæрзаудæн мадзæлттæй цы ‘хцайы фæрæзтæ æрбамбырд кæны, уыдон сæрмагондæй лæвæрд æрцæуынц иууыл тыхстдæр рынчын сывæллæттæн. Куыд фарон, афтæ ацы аз дæр нæ хæрзаудæн алыгъд райдайдзæн нæ горæты Пионерты паркæй, адарддæр уыдзæн Джиоты Аланы проспектæй Мæскуы, Сталин æмæ Исахъы уынгтыл æмæ та фæстæмæ Джиоты Аланы уынгмæ. Ацы аз нæм йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кодтой нæ республикæйы рог атлетикæйы скъолайы ахуыргæнджытæ. Уыдон сæ сифтонг кодтой, æнæмæнгхъæуæг инвентарæй, кубоктæй æмæ афтæ дарддæр. Фыццаг хатт ацы аз профессионалон тренертæ сæ хъус дардзысты хæрзаудæн алыгъды хайадисджытæм. Нæ хæрзаудæн алыгъд нымад цæуы æцæг ерыстыл. Бахынцыдтам, фароны алыгъды цы рæдыдтытæ æрцыдысты, уыдон, æмæ ацы аз уагъд æрцæудзæн профессионалон æмвæзадыл», фехъусын кодта Цхуырбаты Татьянæ. 

Мадзаламонæг Гæджиты Аидæйы ныхæстæм гæсгæ, информацион агентад «Спутник» дыууæ азы фæд-фæдыл у алыгъды фарсхæцæг, æмæ уыдонæн нымад цæуы ахсджиаг проектыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ  сын  фароны алыгъды  нæ уыд хицæн призтæ чысыл хайадисджытæн æмæ фæуæлахизуæвджытæн, фæлæ ацы аз уыцы фарст скъуыддзаг æрцыд. Ацы аз хæрзаудæн алыгъды хайад исдзысты кармæ гæсгæ дыууæ къорды – 12 азæй уæлæмæ. Фароны алыгъды хайадисджытæ хъуамæ бахастаиккой фонды хыгъдмæ 500 сомы бæрц. Фæлæ ацы аз сарæзтам афтæ, цæмæй алыгъды хайадисджытæн йæ бон кæмæн цас у, уыййас æхцайы фæрæзтæ бахынцой фонды хыгъдмæ. Алыгъды фæлгæтты ма уагъд æрцæудзæн сæрмагонд программæ. Кæронбæттæны уагъд æрцæудзæн чысыл концерт, афтæ ма уыдзæн адджын фынг. Хорзæхджын æрцæудзысты алыгъды фæуæлахизуæвджытæ.  Цхуырбаты Татьянæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй хæрзаудæн фондæн активонæй æмæ регулярон æххуыс кæны нæ республикæйы Парламенты депутат Къуезерты Арсен. Йæ ныхæстæм гæсгæ, цы ‘хцайы фæрæзтæ æрбамбырд уой, уыдон лæвæрд æрцæудзысты,  æххуысмæ нæм цы æвзонг рынчын лæппу æрбахатыд, уымæн. «Ацы лæппуйæн ис диабетон ретинапотияйы диагноз. Ацы диагноз у сæкæрнизы хуызтæй иууыл карздæр. Низы фæстиуæгæн уый бакуырм. Хъæуы йæ тынг зынаргъ операци саразын Израилы. Йæ бинонтæ æртымбыл кодтой, цы ‘хцайы фæрæзтæ хъæуы, уыдонæн се ‘рдæг, фæлæ ма сæ æртымбыл кæнын хъæуы 3,3 милуан сомы бæрц. Ацы рынчын лæппуйы тыххæй нæ фонд 3 июлы ауадздзæн киноконцертон зал «Чермен»-ы хæрзаудæн концерт нæ республикæйы æмæ цæгатирыстойнаг зарæггæнджыты хайадистæй. Уым цы ‘хцайы фæрæзтæ æрбатымбыл кæнæм, уыдон æрвыст æрцæудзысты ацы лæппуйы номыл», – банысан кодта фонды сæргълæууæг. Цхуырбаты Татьянæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы рынчын лæппу йæ уæззау уавæрмæ æнæкæсгæйæ, кусы мануалон терапевтæй æмæ æххуыс кæны, церебралон параличæй цы сывæллæттæ сты рынчын, уыдонæн. Кæд искæй фæнды нæ республикæйы æмбæстæгтæй ацы рынчын лæппуйæн баххуыс кæнын, уæд йæ бон у телефоны руаджы арвита СМС ахæм номыртæм 000757. Ацы номыртæ сты хæрзаудæн фонды номыртæ (ныхас «Хорз»  æрвитæн ис æрмæстдæр Хуссар Ирыстоны абоненттæн).

Ацы СМС-ы аргъ у 33 сомы бæрц. Кæнæ та ис гæнæн ахынцæн æхцайы фæрæзтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Национ банчы хыгъдмæ. Реквизиттæ сты ахæм: №40703810000000000130 СБЕРБАНК-VISA № 4276 6000 5059 5806

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.