Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министр Тадтаты Алан хайад райста Республикæ Абхазы Уæлвæткон уавæрты министрады сырæзтыл 11-азы кæй сæххæст, уый фæдыл бæрæгбонон мадзæлтты, – хъусын кæны ацы министрады пресс-службæ.

Мадзæлттæ райдыдтой алыгъуызон дисциплинæты фæдыл ахуыртæй, сæрмагондæй, æвдыст æрцыдысты Абхазы Уæлвæткон уавæрты министрады техинкæйы хуызæгтæ. Афтæ ма æрæмбырдуæвджытæ бакастысты денджызы ирвæзынгæнæн операцимæ.

Цытджын мадзалы Республикæ Хуссар Ирыстоны Æмбæстагон хъахъхъæнынады хъуыддæгты, уæлвæткон уавæрты æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæ-дыл  министр Тадтаты Алан раарфæ кодта йæ абхазаг коллегæтæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн.

«Куыд Хуссар Ирыстон, афтæ Абхаз дæр рацыд йæ рæзты вазыгджын фæндагыл. Абхазы Уæлвæткон уавæрты министрад арæзт æрцыд вазыгджын азты. Зындзинæдтæм нæкæсгæйæ, сымах сарæзтат æххæст структурæ, æмæ абон махæн æхсыз-гон сты не ‘фсымæрты-абхазæгты æнтыстытæ», – банысан кодта уый.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.