Беслæны сноггонд ипподромы, кæцы нæ куыста 13 азы дæргъы, уым ныр цытджын æгъдауæй байгом кæныны бон ауагъдæуыд бæхты дугътæ.

Сноггонд спортивон уагдоны лентæ алыг кодтой Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, афтæ ма Дзæуджыхъæуы Рахисфарсы районы муниципалон баиугæнды сæргълæууæг Фрайты Сослан.

Бæхты спорт уарзджытæн арфæ кæнгæйæ, Битарты Вячеслав банысан кодта, ацы мадзал кæй фæрцы арæзт æрцыд, уыцы адæймæгты хайбавæрд.

«Арфæ уын кæнын, бирæ рæстæджы дæргъы кæмæ æнхъæлмæ кастыстæм, уыцы сноггонд ипподромы байгом кæныны цытæн. Бузныг зæгъын мæ фæнды, ацы мадзал ауадзын кæй фæрцы бантыст, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Уыдон ныхасæй нæ, фæлæ хъуыддагæй фенын кодтой, сæ республикæ кæй уарзынц æмæ сæ адæмæн кæй кад кæнынц. Фæнды ма мæ бузныг зæгъын, ацы бæрæгбонмæ нæм чи æрцыд, æппæт уыцы уазджытæн дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, арфæ кæнын, абон сæ дæсныйад чи фенын кодтой, дугъты, уы-цы хайадисджытæн дæр», – æрæмбырдуæвджытæм сидгæйæ, загъта Битарты Вячеслав.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, ацы цауæн  стыр нысаниуæг ис ирон адæмы ‘хсæн, уымæн æмæ уыдон сæрыстыр сты сæ дæсны барæгтæй, джигитты аивадæй.

«Абон æцæгæйдæр ахæм бæрæгбон у, кæцы мах бауагъта ныфс æмæ фидар уырнындзинад, бæхты спорт Ирыстоны кæй æндидзы, уый тыххæй. Хуссар Ирыстонæн тынг æхсызгон у, абон ам цы нысаниуæгджын мадзал уагъд цæуы, уый. Мадзалы хайадисджытæн мæ зæрдæ зæгъы æнтыстыты фæндиæгтæ, организатортæн та – стыр бузныг», – банысан кодта Хуссар Ирыстоны Президент.

Ипподромы æндидзынгæнæн куыстытæ конд цыдысты Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы фæрæз-ты æмæ спонсорты хыгъдæй.

Ног ипподромы дугъты хайад райстой Уæрæсейы хуыздæр жокейтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.