Фæстаг рæстæджы дунейы экологон уавæр бæрæг кæй февзæрдæр, уымæ гæсгæ ист цæуынц алыгъуызон мадзæлттæ. Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путины Барамындæй Уæрæсейы 2017 аз расидт æрцыд экологийы азæй. Нырыккон климатон ивындзинæдты проблемæмæ здæхт цæуы стыр хъусдард æрмæст ахуыргæндты ‘рыдгæй нæ, фæлæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ РЦИ-Аланийы цæрджыты ‘рдыгæй дæр.

Æрæджы Дзæуджыхъæуы Цæгат Кавказы Хæххон-металлургон институты зонадон центры æппæтуæрæсейаг климатон къуырийы фæлгæтты, «Æрдз хъахъхъæныны æппæтуæрæсейаг æхсæнады» Цæгат Ирыстоны республикон хайады хъæппæрисæй уагъд æрцыд экологон форум «Современная тенденция изменения климата в РСО-Алания на фоне глобального потепления», зæгъгæ.

Экологон форумы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ – профессор, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты биологийы кафедрæйы æмæ медикон-биологон иртасынæдты лабораторийы сæргълæууæг, МАНЭБ-ы академик Кокойты Теймураз æмæ ХИПУ-йы биологи æмæ химийы факультеты декан, доцент, МАНЭБ-ы академик Джиоты Циалæ. Форумы ма хайад райстой Цæгат Кавказы республикæты делегацитæ дæр, куыд, зæгъæм, Цæцæны, Кæсæг-Балхъары минæвæрттæ.

Форум байгом кодта «Æрдз хъахъхъæныны æппæт-уæрæсейаг æхсæнад»-ы цæгатирыстойнаг хайады сæрдар, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Сабатхъуаты Æхсарбег. Уый фæстæ ныхасы бар лæвæрд æрцыд Кокойты Теймуразæн. Уый РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, хуссарирыстойнаг адæм æмæ йæхи номæй зæрдæбын арфæтæ ракодта форумы хайадисджытæн. Бафæндыд æй уыдонæн æнтыстджын куыст.

«Фæнды мæ уæ хъусдард аздахын уымæ, æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы экологон проблемæтæ кæй сты бирæ серьезондæр, уымæн æмæ завод «Электроцинк» уæлдæфмæ æппары уæззау металлтæ æмæ токсикон буаргъæдтæ. Хъыгагæн, онкологон низтæй мæлындзинады æмвæзадмæ гæсгæ Цæгат Ирыстон ис фыццаг бынаты Уæрæсейы Федерацийы субъектты ‘хсæн. Хуссар Ирыстоны хъуыддæгтæ сты хуыздæр, уымæн æмæ махмæ нæй ахæм сæудæджерадон объекттæ. Фæлæ уæддæр нæ республикæйы дæр рагæй фæстæмæ актуалон фарст у горæты брондон. Æрмæст иу азмæ уым æртымбыл вæййы брæтты сæдæгай тоннæтæ.

Брæттæ куы æмбийынц, уæд хицæн кæнынц зианхæссæг буаргъæдтæ, зæгъæм, диоксинтæ, формальдегидтæ, карбомид æмæ æндæр марг  буаргъæдтæ. Арæх ссудзынц брæтты æмæ уый фæстиуæгæн уæлдæфы фæфылдæр вæййынц марг буаргъæдтæ. Уыцы буаргъæдтæн ис мутагенон, канцерогенон æмæ иммунодепресантон миниуджытæ. Æндавынц нуæртты системæйыл, мутагенон процесстыл, афтæ ма цармы низтыл дæр, æмæ иууыл сæйрагдæр та зынын кæнынц рак. Уый тынг серьезон проблемæ у», – загъта Кокойты Теймураз.

Профессор банысан кодта, зæгъгæ, æввахс рæстæджы ацы фарст æнæмæнгæй хъæуы аскъуыддзаг кæнын, уымæн æмæ токсикон буаргъæдтæ хъæстæ кæнынц мæры, дон æмæ уæлдæфы.

«Зæгъæн ис афтæ, æмæ ирон адæмы генетикæйы руаджы абон проблемæ тынг нæ зыны, фæлæ раджы уа æви æрæджы, уый бандавдзæн нæ цæрджыты фидæны фæлтæртыл, уымæн æмæ мутацийы тагъдады фæдывæр расайы организмы генотипы фæивд. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнын уый, æмæ йæ рæстæджы Экономикон рæзты министрады æрдзон ресурсты управленийы сæргълæууæг Дзеранты Витали бирæ тыхтæ  бахардз кодта, цæмæй брондон хаст æрцыдаид æмбæлон бынатмæ», – радзырдта уый.

Профессор Кокойты Теймураз загъта, зæгъгæ, токсикон буаргъæдты йеддæмæ ма брондоны вæййы бирæнымæц мыстытæ, кæцытæ сты бирæ инфекцион низты хæсджытæ, адæймагæн хæссынц стыр зиан. «Адæймагæн стыр тæссагдзинад чи хæссы, уыцы уæлдай парахатдæр низтæй гæнæн ис рахицæн кæнын ахæмты: 1.Листериоз –  ацы инфекцион низ расайы бациллæ листерия. Низ бахъыгдары адæймаджы иммунон системæйы. Срæсийы игæр, сафрон (желтуха) æмæ афтæ дарддæр. 2. Æрраниз –  тынг тæссаг низ, кæцы расайы сæрымагъзы уæфты судзаг – энцефалит. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ацы низæй мæлындзинад кæй у 100 проценты. Фæлæ, стыр æхсызгонæн, бакуыст æрцыд вакцинæ, кæцыйы фæхæцыны фыццаг бонты куы саразой, уæд адæймаг сдзæбæх вæййы. Æрранизхæсджытæ гæнæн ис уой хъæддаг кæнæ хæдзарон цæрæгойтæ. Йæ инкубацион период у цалдæр мæйы, афтæмæй ацы низæй чи фæрынчын вæййы, уыдон æй нæ фæзонынц дæргъвæтин рæстæджы дæргъы. Рахицæн гæнæн ис низы æртæ стадийы. Фыццаджы фиппайдæуы интоксикацийы симптомтæ: тæвд схизы, аппетит февзæрдæр вæййы, лæмæгъдзинад. Дыккагæн характерон у знæтдзинады фæтынг. Æртыккаг стадийы та райдайы æндзыгниз (паралич), кæцы æркæны мæлæтмæ. 3.Тулерямия –  ацы низы рæстæджы тæвд тынг схизы, вæййы тыхджын сæры рыстытæ, æгъуыссæгдзинад æмæ æндæр симптомтæ. 4. Гемморрагион лихорадкæ – карз вирусон низ, бахъыгдард вæййынц дадзинтæ. Йæ симптомтæ: тæфсæг, буар рафады, туджы æлхъывдад фæныллæгдæр вæййы, зæрдæйы ритм фехæлы, рыстытæ. Уæззау цауты рæстæджы гæнæн ис æмæ æркæна мæлæтмæ. 5. Уырытæ цы низтæ хæссынц, уыцы æндæр тæссаг низтæ сты –  фадгæ тиф, сальмонеллез, токсоплазмоз æмæ æндæртæ. Æнæмæнгхъæуæг у уырыты скуынæг кæныны тыххæй дезинфекцигæнæн фæрæзтæй спайда кæнын, уымæн æмæ уыдон тынг бирæ кæнынц æмæ архайын хъæуы æппæт тыхтæй дæр сæ ныхмæ», – радзырдта нын Кокойты Теймураз.

Кокойты Теймураз ма хъусдард аздæхта, горæты автотранспорт бæрæг кæй фæфылдæр, уыцы проблемæмæ дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыдон ауагътой иртасæнтæ æмæ куыд рабæрæг, афтæмæй, Харебаты Исахъы уынджы базары районы мæры кадми æмæ свинец уыд кæройнаг нормæйæ фылдæр.

Профессоры хъуыдымæ гæсгæ, æнæмæнгхъæуæг у перманентон æгъдауæй нуазыны доны токсикон буаргъæдтæ æмæ уæззау металлтæ ис æви нæ, уый фæдыл иртасæнтæ уадзын.

Кокойы фырт хъусдард аздæхта, республикæйы экологтæ фаг кæй нæй, уымæ, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, æнæмæнгхъæуæг у Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуырадон уагдæттæм абитуриенттæ æрвитын республикæйы хъæуæг дæсныйадтæм.

Джиоты Е.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.