Курдиат раргом кæнын, райхалынæн алыгъуызон гæнæнтæ вæййы. Иутæн сæ цымыдис, сæ тырнындзинад иу кæнæ иннæ дæсныйадмæ,  уайтагъд фæбæрæг вæййы, бауарзы йæ æмæ уыцы арфæйаг фæндагыл æрлæууы йе ‘взонджы бонтæй фæстæмæ. Æндæрты æрмдзæф та нырма æмбæхст вæййы, цыма йæ йæхæдæг дæр нæ фæхаты, йæ сомбоны дæсныйад йæ цард æмæ архайды йе ‘мбæлццон суыдзæн, уый. Æвæццæгæн,уыцы æмбæхст курдиат фæхъæуы басхъауын, цæмæй цæхæр скала, рæстæджы цыдимæ рухсдæр кæна йæхи æмæ йæ алфæмбылайы дæр. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ зондджын хистæрты хæс у, цæмæй фæндагамонæг суой, æрдзон курдиатæй хайджын чи фæвæййы, уыдон бацырд кæныныл, се ‘взыгъддзинад сын райхъал кæныныл. Бирæ цæвиттонтæ ис æрхæссæн, йæ æрдзон курдиат кæмæн бацырын кодтой æмæ, фæстæдæр, йæ радтæг адæмæн кад æмæ ном чи скодта, сфæлдыстадон ахæм архайджытæ. Растæндæр курдиатджын фæсивæд схъомыл кæныныл у сæ куыст æмæ архайд сфæлдыстадон уагдæттæ, ахуыргæнæндæттæн. Иу ахæм ахуыргæнæн уагдон цалдæр азы размæ баконд æрцыд Цхинвалы районы Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы ног арæзт бæстыхайы дæр. Уый та у Нывкæныны аивæдты скъола æмæ ныридæгæн бӕрæг у, ацы хъуыддаг срæвдз кæныныл чи бацархайдта, уыдон архайд кæй фæрæстмæ, æхцондзинад æмæ аивады кæлæнтæгæнæг тыхæй кæй хайджын кæнынц курдиатджын кæстæрты. Уыдонæй иутæ дарддæр ныллæудзысты ацы хæрзиуæгон фæндагыл, лæггад кæндзысты Райгуырæн фыдыуæзæгæн. Ацы студийы ахуырдзаутæн æнтыстытæ вæййы æмæ аивадæн табугæнджыты зæрдæтæм фæндаг ссарынц, конкурстæ æмæ равдыстыты хайад куы фæисынц, уæд. Уымæн æвдисæн у, æрæджы Сочийы Лазаревскы районы цы Æхсæнадæмон пленэр-конкурс уагъд æрцыд, уым дæр сын зæрдæрухсгæнæн фæстиуджытæ кæй уыд.

Конкурсмæ æрцыдысты 35 горæтæй фылдæры минæвæрттæ, йæ хайадисджытæ та уыдысты дзæвгар фылдæр. Хайад дзы чи райста, уыдон дих æрцыдысты хицӕн къордтыл. Къостайыхъæуы студийы къордимæ ма уыдысты æмæ сæ аивадон тыхтæ фæлвæрдтой горæт Цхинвалы Аивæдты лицей, Дагъыстан, Налцыкк æмæ Тулæйы сывæллæтты сфæлдыстадон коллективтæ. Уа-гæвæрдмæ гæсгæ йæ хайадисджытæ конкурсмæ хъуамæ бавдыстаиккой, развæлгъау цы нывтыл бакуыстой æмæ бынатмæ кæй фæхæццæ кодтой, ахæмтæ. Уымæй дарддæр ма бынатмæ ныццæугæйæ, алæмæттаг æрдзæй дæр хъуамæ равзæрстаиккой, дæ зæрдæмæ æввахсдæр чи у, æрдзы ахæм темæ æмæ йæ ахорæнты фæрцы бавдыстаиккой конкурсмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнцон нæ уыд хайадисджыты хæс, фæлæ равдыстой хорз цæттæдзинад æмæ быхсындзинад æмæ алы хайадисæг дæр йæ хæстæ аскъуыддзаг кодта æнтысгæйæ. Йæ хайадисджытæ уыдысты Джиоты Дианæ, Линæ, Тараты Иренæ, Джергаты Альбинæ, Джиоты Миланæ, Бæззаты Альмæ ,Тыджыты Аланæ æмæ Бæззаты Аланæ. Уыдон се ‘ппæт дӕр хорзæхджын æрцыдысты грамотæтæ æмæ арфӕйы гӕххӕттытӕй. Æрыгон нывгæнджытимæ уæхскуæзæй бакуыстой Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæг, сæ къухдариуæггӕнæг Гæбæраты Барис æмæ нывгæнæг-ахуыргæнæг Хуыбиаты Роберт.

Конкурсы хайадисджытæ сӕрибар рæстæджы базонгæ сты Сочийы горæты  фенддаг бынæттимæ, денджызы æгæрон тыгъдад сæм сæвзæрын кодта æнахуыр уарзт æмæ æхцондзинады æнкъарæнтæ. Хуыбиаты Роберт куыд загъта, уымæ гæсгæ ноджы тынгдæр кусдзысты, нывкæнынады аивад йæ зæрдæмæ æввахс чи исы, уыцы курдиатджын кæстæртимæ.

Фæндаггаг æмæ бынаты хæрдзтӕ иууылдæр йæхимæ айста нæ республикӕйы Хицауад æмæ уыдон фæрцы ныр дыккаг хатт хайад райстой ахæм Æхсæнадæмон конкурсы.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.